Æрцыд ныл уæззау зиан. Не ‘хсæнæй йæ царды 90-æм азы фæхъуыд, Ирыстон æмæ ирон дзыллæйы йæ удыйас чи уарзта, йæ цард сын урс уæрыккау чи нывонд кодта, Коммунистон партийы уыцы æнувыд фырт æмæ Фыдыбæстæйы иузæрдион лæггадгæнæг Гатыгкоты Самсоны фырт Роман.

Роман райгуырдис 1927 азы Хуссар Ирыстоны, Знауыры районы Хундисубаны хъæуы фæллойгæнæг, хъæрмуд, лæгдых бинонты ‘хсæн, уымæ гæсгæ фæллойы – зæхкуыст æмæ фосдарды ад банкъардта æмæ базыдта хæрзсабийæ. Фыдыбæстæйон Стыр хæсты дуджы Ирыстоны фæсивæд сæ туг хæсты быдыры куы калдтой, уæд уымæн та йæ туг хæрз сабийæ колхозон куыстыты сур кодта. Фæлæ тынг хорз зыдта, йæ уæнгты тых æхсæна-дон хæдзарадæн æнæмæнгхъæуæг кæй уыд æмæ дзы йæхи нæ тылиф кодта.

Уæддæр æнтысгæйæ ахуыр кодта скъолайы. Уыд уæды Æппæтцæдисон Фæскомцæдисон организацийы уæнг. Алы хъуыддаджы дæр уыдис цæвиттойнаг, уый тыххæй йæ хæрзæвзонгæй, 1946-æм азы, нырма уыдис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты студент, афтæмæй йæ айстой Коммунистон партийы рæнхъытæм æмæ йыл кæйдæртау, йæ къух никуы систа йæ амæлæты бонмæ.

Роман институты студентæй дæр куыста колхозы, æмæ йæ раразмæ кодтой партийы Знауыры райкомы инструкторæй. Стæй йæ арвыстой Балтайы астæуккаг скъолайы директорæй, цæмæй йæ слæууын кодтаид йæ къахыл.

Уый йæ къухы куы бафтыд, уæд æй ракодтой райкомы парткабинеты сæргълæууæгæй. Æмæ æппынæдзух йæхиуыл кæй куыста, йæ зонындзинæдтæ кæй фылдæр кодта, уый тыххæй нысан æрцыд райкомы агитаци æмæ пропагандæйы хайады разамонæгæй. Стæй та – райкомы нымæрдарæй. Уыд райæххæсткомы планон хайады разамонæг, культурæйы хайады гæс, куыста æндæр бæрнон бынæтты. 1964-æм азæй 1974-æм азты та уыдис Знауыры райкомы дыккаг нымæрдар.

Романæн æцæгæлон нæ уыдис дзырдаивад. 1974-æм азæй 82-æм азмæ куыста Знауыры районон газет «Колхозон цард»-ы редакторæй.

Стæй йæм ногæй æрсидтысты районы разамынадмæ. Дзæвгар рæстæджы фæкуыста райæххæсткомы нымæрдарæй. 1989-æм азæй 95-æм азмæ уыд Знауыры поселокон администрацийы сæрдар, стæй та  Знауыры районы Ветеранты советы сæрдар. Йе ‘нувыд куысты тыххæй йын бирæ хæттыты лæвæрд æрцыд Кады гæххæттытæ æмæ хицауадон хорзæхтæ.

Гатыгкоты Романæн йæ адæмы раз йæ иууыл стырдæр лæггад та у, не ‘хсæн алы хатт дæр цæсгомджын æмæ æнæзæрдæхудтæй кæй цардис, адæмы фæрныгадæн æнувыдæй кæй фæллой кодта, уый.

Гатыгкоты Романы рухс фæлгонц цæрæнбонты нæ зæрдæты баззайдзæнис сыгъдæг æмæ цæвиттойнагæй.

Рухсаг у.

Стыр Фыдыбæстæйон  хæсты   æмæ куысты ветеранты совет

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.