2016 азы 1 июлы Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр хайад райста сноггонд Дипломатон клубы баконды цытджын церемонийы, кæцы уыд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатон академийы.

Гасситы Знауыр раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатон академийы ректор Евгени Баженовæн Дипломатон клубы баконды цытæн, бафæндыд æй уыдонæн æнтыстытæ сæ профессионалон планты реализацийы.

Цытджын церемони райдыдта уæрæсейаг æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг Сергей Лавровы раныхасæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, «Мæн фæнды раарфæ кæнын æппæт æрæмбырдуæвджытæн Дипломатон академийы цур Дипломатон клубы баконды цытæн. Уыцы инициативæйы сæргъ лæууынц куысты уыцы формæтæ, кæцытæ æххæст цыдысты ныры онг. Ныр та æххæст цæудзысты ног форматы. Уый уыдзæн диалоджы райрæзт, кæрæдзи бамбарын».

Сергей Лавров банысан кодта, зæгъгæ, «абон дипломати æвзары æнахуыр сæрмагонд ренессанс, уымæн æмæ тыхæй æрконды логикæ, ультиматумты логикæ, сæрыстыр ныхæсты логикæйы бынат ныр бацахста ныхас кæнын æмæ хъусыны æнæмæнгхъæуындзинады æмбарынад». «Кæй зæгъын æй хъæуы, æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ клубы уæнгтæн цымыдисон уыдзæн алыгъуызон темæтыл уынаффæ кæнын, уыцы нымæцы, куыд сæрмагонд дипломатийыл, афтæ экономикæ, культурæ, спорт, æмбæстагон æхсæнады рæзтыл дæр. Фидарæй мæ уырны, бахъуыды рæстæджы уæрæсейаг æнгæс ведомствотæ æмæ организацитæ дæр æрбалæудзысты клубы фарсмæ. Дипломатон клубы куысты райдайæны цытæн мæ раарфæ кæнын фæнды æрæмбырдуæвджытæн се ’ппæтæн дæр. Алкæмæн дæр мæ фæнды хорз рæстæг арвитын æмæ æнтыстытæ», — йæ ныхасы кæронбæттæны загъта Сергей Лавров.

Мадзалы хайад райстой Мæскуыйы дипломатон минæварадты сæргълæуджытæ, стыр уæрæсейаг компаниты къухдариуæггæнджытæ æмæ Академийы Бæрнхæссæг советы уæнгтæ.

Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.