Уæрæсейы Федерацийы РХИ-йы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыры фæхуындмæ гæсгæ 24 ию-ны минæварадмæ фæуазæг Воронежы областы губернатор А. В. Гордеев. Йемæ ма уыдис Воронежы областы Хицауады сæрдары хæдивæг — УФ-йы Паддзахадон хицауиуæгады Федералон органты цур Воронежы об-ласты минæварады къухдариуæггæнæг Е. А. Фадеева.

Минæвар банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц, Воронежы областимæ цы хæларадон ахастытæ сæвзæрдысты, уыдонæн. Уый зынгæ æххуыс бакодта Хуссар Ирыстонæн 2008 азы августы. Йæ рады губернаторæн йæ цæст бауарзта Хуссар Ирыстонæн сабырдзинад, æмæ загъта ахæм ныфс, кæй фидардæр кæндзысты кæрæдзиимæ ахастытæ, дарддæр кæй кæндзæн æмгуысткæнынад экономикæйы къабазы.

Лæмбынæг ныхас цыд Воронежы област æмæ Хуссар Ирыстоны æмгуысткæнынады рæзты перспективæтыл. Дыууæрдыгæй фарс дæр сæ хъуыдытæ дзырдтой гæнæнуæвæн иумиаг проектты тыххæй экономикæйы ахæм къабæзты, кæцыты æмархайд уыдзæнис иууыл æнтысгæдæр. Сæрмагондæй ныхас цыд хъæууон хæдзарады къабазы æмгуыстады рæзтыл. Гасситы Знауыр банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн ацы къабазы цымыдисаг у æхсыры продукцийы рауагъд. Ацы къабазы Воронежы област ахсы раззагдæр по-зицитæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ йæм ис стыр фæлтæрддзинад алыгъуызон æхсыры продуктты æрконды æххæст цикл организаци кæныны. Дыууæ фарс дæр банысан кодтой, алыгъуызон къабæзты æмгуыстады тыххæй сразыдзинæдтæ саразыны æнæмæнгхъæуындзинад, кæцы суыдзæн бындур конкретон проекттæ сæххæст кæнынæн. Райдиан этапы Воронежы областы губернатор фæндон бахаста, цæмæй Хуссар Ирыстонмæ æрвыст æрцæуа областы хицауады делегаци аграрон секторы рæзты программæ саразыны тыххæй.

Губернатор ма минæвармæ бахатыд, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидмæ радта хонæн гæххæтт æмæ æрцæуа Воронежы областмæ балцы.

Минæварады фембæлд ацыд хæларадон уавæры, уыдис ын конструктивон, хъуыддагон уаг.

Минæварады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.