Йæ 80 азы юбилей банысан кодта стыр актрисæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, Хъæрæсе-Черкесийы сгуыхт артисткæ, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Галуанты Людмилæ. Уымæ фæуазæг сты æмæ йын юбилейон арфæтæ ракодтой Президент Тыбылты Леонид æмæ Культурæйы министр Остъаты Мадинæ.

«Людмилæ Графы чызг, абон махæн у стыр бæрæгбон, æппæт Хуссар Ирыстоны адæм арфæ кæнынц дæуæн дæ юбилейы цытæн. Нæ республикæйы культурæйы фадыджы кой куы кæнæм, уæд махæн нæ бон банысан кæнын у, ды уый рæзтмæ кæй бахастай стыр хайбавæрд. Ды кæддæриддæр уыдтæ нæ театры фидыц, æмæ канд нæ  театры нæ, ды дæ стыр актрисæ», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр куыддæр байгом уа, афтæ йæ агъуысты уагъд цæудзысты Галуанты Людмилæйы сфæлдыстады цытæн мадзæлттæ, уыцы нымæцы æвæрд æрцæудзæн спектакль «Ныййарæджы кадæг», сæй-раг ролы хъаздзæн Галуанты Людмилæ йæхæдæг.

«Театры уæвгæйæ æмæ куыд хъазыс, уый фенгæйæ, æз уый фæстæ дæр уыдтæн стыр æнкъарæнты уацары. Ды бирæ бакуыстай нæ адæмы хæрзиуæгæн æмæ кусыс ныр дæр. Æмæ мах æнхъæлмæ кæсдзыстæм, дарддæр дæр нын нæ зæрдæтæ кæй рухс кæндзынæ дæ ног æнтыстытæй», – загъта уый.

Тыбылты Леонид номдзыд актрисæйæн загъта æнæниздзинады, ног сфæлдыстадон æнтыстыты фæндиæгтæ æмæ йæ схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæх – Хæлардзинады орденæй.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ   

 

 

Тыбылты Леониды арфæ Галуанты Людмилæйæн

Цытджын Людмилæ Графы чызг!

Æрвитын дæм мæ иууыл хуыздæр арфæтæ дæ райгуырæн боны цытæн.

Зынгæ, курдиатджын актрисæ, нæ адæмы æцæг патриот æмæ диссаджы адæймаг уæвгæйæ, ды хæссыс уæзгæ хайбавæрд ирон театралон аивады рæзтмæ. Ды æцæгæйдæр дæхицæн скодтай стыр кад ирон адæмы æхсæн, бауарзын сын кодтай дæхи, нæ Республикæйы культурæйы архайджыты ног фæлтæртæн дæ ирд цæвиттон.

Фидарæй мæ уырны, дæ царды хъæздыг фæлтæрддзинад, дæ адæммæ уарзондзинад æмæ æвидигæ курдиат ноджы бирæ азты дæргъы ахъаз кæй уыдзысты Ирыстоны театралон аивад бахъахъхъæнын æмæ йæ схъæздыг кæнынæн.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, æппæт хæрзиуджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.