Ивгъуыд аз Дзауы поселочы эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдис Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны дыууæуæладзыгон ногарæзт агъуыст Дзауы астæуккаг скъолайы фарсмæ. Ацы аз галуанæн у юбилейон аз, йæ сырæзтæй абонмæ рацыдис 60 азы бæрц æмæ кусджытæ фæнд кæнынц цæмæй ахуыры азы фæудтæм бацæттæ кæной сæхи бæрæгбонон мадзалмæ æмæ йæ уæрæхæй банысан кæной. Ацы сфæлдыстадон галуан йæ дуæрттæ скъоладзау фæсивæдæн фыццаг хатт байгом кодта 1959 азы æмæ уæдæй нырмæ лæггад кæны, фæндаг æм чи ссары, уыдонæн. Раивта цалдæр куыстуарзаг хистæры. Йæ фыццаг директор уыдис бирæ азты дæргъы йын чи къухдариуæгад кодта, уыцы сгуыхт ахуыргæнæг, йæ радтæг адæмы æцæг патриот, дзæнæттаг Джиоты Светланæ Гегайы чызг. Галуан йæ сырæзтæй нырмæ схъомыл кодта бирæ фæлтæртæ. Цы даргъ фæндæгтыл рацыд, уыдон та уыдысты алыгъуызон, кæм лæгъз, кæм та – цæлхдуртимæ.

Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан районы скъолаты ахуыргæнинæгтæн у ахæм уæлæмхас ахуырадон центр, кæцыйы рæзгæ фæлтæр стыр æхсызгонæй æрвитынц сæ сæрибар рæстæг фæсурокты, архайынц дзы æндæр æмæ æндæр къордты. Галуаны ногарæзт бæстыхайы бакондыл тынг фæцин кодтой, фыццаджыдæр, йæ кусджытæ, стæй та ныййарджытæ æмæ скъоладзау фæсивæд, уымæн æмæ йæ сырæзтимæ бæрæг фæхуыздæр сты сæ уавæртæ æмæ раздæрау нал фыдæбон кæнынц, 1991 азæй фæстæмæ цы 2 æдзæллаг вагоны архайдтой, уыдоны. Æмæ, æцæгæйдæр, агъуыст арæзт æрцыдис капиталонæй. Ацы уæлæмхас ахуырадон уагдон куыд кусы æмæ цавæр проблемæтыл æмбæлынц, уыдон тыххæй нын радзырдта йæ директор Тедеты Фатимæ, кæцы ахуырады ацы къабазы кусы 27 азы бæрц. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уыдонæн сæ куысты иууыл уæззаудæр уавæртæ уыдис зæхæнкъуысты фæстæ. «Нæ районы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуанæн къухдариуæг кæнын 1992 азæй абоны онг. Мах ацы агъуыстмæ æнхъæлмæ кастыстæм бирæ азты дæргъы. Цал æмæ-иу цал хатты бахатыдыстæм нæ хицауадмæ дæр, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ мах онг се ххуысы къух нæ тасыдис. Фæлæ хъуыддаг хорз æмбаргæйæ, уæддæр æмæ уæддæр скъуыддзаг æрцыдис, цæмæй нын исты амал скодтаиккой ног агъуыстæн. Мæ размæ дзы бирæ хорз адæймæгтæ куыстой æмæ хъомыл кодтой нæ бæстæйæн аккаг фæлтæртæ. Цалынмæ нын ацы дыууæуæладзыгон хæдзар нæ сарæзтой, уæдмæ нæ куыст кодтам дыууæ вагоны, уынджы та-иу уагътам нæ мадзæлттæ. Ахæм ахуырадон куыстуатæн та, кæй зæгъын æй хъæуы, вагæтты кусын тынг зын уыдис. Куы рхъуыды кæнын уыцы уæззау рæстæг, уæд фæдис кæнын, куыд куыстам ахæм уавæрты, ууыл. Цы стъолтыл куыстам, уыдон дæр уыдысты цъæлтæ æмæ-иу сыл сывæллæттæ аскъуыдтой сæ дарæс. Сфæлдыстадон галуанæн йæ куыст у, цæмæй скъоладзау фæсивæдæн уæлæмхас ахуырад дæтта æмæ сæ цайдагъ кæнæм æндæр æмæ æндæр сфæлдыстадон хъуыддæгтыл. Галуан сывæллæтты райсы фæсурокты æмæ урокты рæстæджы дæр. Не скъолаты цы уырыссаг æвзагыл дзурæг ахуыргæнинæгтæ ахуыр кæнынц, уыдон сæрибар сты ирон æвзаг æмæ литературæйы уроктæй æмæ цæмæй уынгты ма дзæгъæл цæуой, уый тыххæй æрбацæуынц галуанмæ», – зæгъы директор.

Галуанмæ бахизгæйæ мах федтам хæрзæфснайд, рæсугъд æмæ райдзаст хæдзар. Ацы аз нæ республикæйы Хетæгкаты Къостайы азæй расидт кæй æрцыдис, уый хынцгæйæ, ахуыргæнджытæ сæ хъомылгæнинæгты æххуысæй бацæттæ кодтой сæрмагонд юбилейон стенд. Къулыл конд сты Къостайы æмдзæвгæтæ, йæ конд нывтæ æмæ йæхи портреттæ. Къамты ма æвдыст цæуы Нары хъæу. Стъолыл æвæрд сты Къостайы чингуытæ æмæ ма йыл цы чингуытæ ныффыстой, уыдон дæр. Къуым рауадис цымыдисон æмæ йæ разы æнæрлæугæ ничи фæвæййы. Æрыгон техникты æмæ натуралистты къухтыайст дæр зыны галуаны. Уыдон цы бирæалыгъуызон дидинджытæ ныссагътой, уыдонæй срæсугъд кодтой кабинеттæ. Ам сывæллæттæн сæхи къухтæй цы рацæуы, уыдонæй дæр байдзаг кодтой тæрхджытæ, кæцытæ стыр цымыдис здахынц сæхимæ. Цымыдисон сты нывгæнæн къорды сывæллæтты куыстытæ дæр. Иудзырдæй, дзы зыны галуаны хорз куыст. Хицæнæй дзы ис компьютерон кабинет дæр. Ног бæстыхай куы байгом кодтой, уæд сын балхæдтой цалдæр компьютеры æмæ интерактивон фæйнæг. Президент Бибылты Анатоли та сын балæвар кодта телевизор.

Тедеты Фатимæ ма цыбыртæй æрдзырдта сæ куысты сын цавæр проблемæтæ ис, уыдон тыххæй дæр. «Нæ галуаны ма немæ рæстæгмæ кусынц районы музыкалон скъола æмæ сывæллæтты библиотекæ, сæхи бынæттæ сын кæй нæй, уый тыххæй. Музыкалон скъола уæвынад кæны фыццаг уæладзыджы, библиотекæ та – дыккаджы. Уымæ гæсгæ сæ уавæртæ сты къуындæг. Музыкалон скъолайы урокты рæстæджы мах фæхъыгдарæм кæрæдзи, фæлæ дзы æндæр гæнæн дæр нæй. Иуæй сын мах æмбарæм сæ уавæр, иннæмæй та сывæллæттæ музыкæмæ хъусгæйæ фæиппæрд вæййынц сæ хъуыдытæй.

Махæн нæ галуаны архайы 16 къорды, кæцытæм зæрдиагæй цæуынц районы скъолаты ахуыргæнинæгтæ. Уыдон сты ахæм къордтæ: куклæты театр, нывкæнын, æрыгон натуралист, националон кæфтытæ, вокал, æрыгон математик, æрыгон аргъаугæнæг, æрыгон биолог, аив кæсын, бисерæй бийын æмæ æндæр ахæмтæ. Раздæр нын къуындæг уавæртæ кæй уыдис, уымæ гæсгæ нæ къордтæ уæрст æрцыдысты районы скъолатыл, фæлæ нæ ног агъуыст куы байгом ис, уæд сæ фæстæмæ æрбаздæхтам. Къуайсайы нын ис ахæм къордтæ: «Умелые руки и мягкая игрушка», «Ирон фæндыр» æмæ сын сæ куыстæй стæм тынг райгонд. Уыцы хъуыддаг хауы скъола-интернатмæ дæр, уым дæр архайы дыууæ къорды», – банысан кодта директор.

Цæмæй сывæллæттæ хуыздæр бамбарой галуаны куыст æмæ равзарой, чи сæ кæдæм бацæуа, уыцы къордтæй, уый тыххæй сын методист саразы экскурси галуанмæ. Ацы хъуыддаджы ма сын стыр æххуыс сты скъолаты директортæ дæр.

Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны директор ма нын куыд радзырдта, афтæмæй цæттæ кæнынц хицæн къуым рагон ирон дзаумæтты музейæн. Цæмæй къуым хъæздыгдæр рацæуа, уый тыххæй сидынц районы цæрджытæм, цæмæй сæм фæкæсой, æмæ сæ сывæллæтты зонгæ кæной нæ рагфыдæлты историимæ дæр.

«Тынг арæх ма нæм лæппутæ æрбацæуынц хъæдыл нывæфтыдады тыххæй, фæлæ нын специалист æмæ хицæн куырдадз кæй нæй, уый тыххæй сæ арвитæм. Рагæй фæстæмæ ма бæллæм, цæмæй бакæнæм хуыйджыты къорд дæр. Уымæн дæр нæ хъæуы цалдæр хуыйæн машинкæйы. Проблемæ нын нæ уаид специалист ссарынæй. Уымæй дарддæр ма мах æмгуыстад кæнæм Цхинвалы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуанимæ æмæ æрыгон натуралистты станцимæ. Мах сæм цæй фæнды тыххæй ма бахатæм, алыхатт дæр нæ фарсмæ æрбалæууынц æмæ нын нысанмæздæхтæй баххуыс кæнынц. Ивгъуыд аз ма горæты скъолатимæ ауагътам хæрзаудæн акци Сирийы скъоладзаутæн баххуыс кæныны тыххæй. Æртымбыл сын кодтам хъæуæг ахуырадон дзаумæттæ, канцелярон æрмæджытæ», – загъта директор.

Касаты Дзерассæ ма банысан кодта цыдæр рæстæгмæ сæ хъомылгæнинæгтимæ кæй уагътой  афтæхуыйнæг «Сывæллæтты æхсæнадон газет», кæцыйы мыхуыргонд цыдысты сывæллæттæ-иу хæслæвæрдты фæстиуæгæн цы æрмæджытыл бакуыстой, ахæм чысыл уацтæ. Газетæн йæ фыццаг номыры мыхуыр æрцыдис галуаны сырæзты истори. Хъомылгæнинæгтæ рæгъмæ хастой сæ алыварс цы проблемæтæ уыдтой, уыдон æмæ се скъолайон царды тыххæй. Зæгъæм, сæ хъомылгæнинæгтæй иу, Джиоты чызг æрмæг æртымбыл кодта Дзауы поселочы хиды фæдыл æмæ йæ уацы банысан кодта районы сæйраг проблемæтæй сæ иу кæй у æмæ йæ æвæстиатæй кæй хъæуы аразын. Сæ уацтæн сын къамтæ иста паддзахадон телеуынынады оператор Гасситы Антон, кæцы у галуаны рауагъдон. Газеты номыртæ цæттæ кæнынæн сын компьютерыл ахуыртæ та уадзы ахуыргæнæг Тыбылты Аллæ. Дирекцийы домæн у, цæмæй сын баххуыс кæной стырдæр форматыл принтер балхæнынæн æмæ сывæллæттæ дарддæр кæной се сфæлдыстадон куыст. Ацы хъуыддаг ахъаз у фидæны журналистты курдиат раргом кæнынæн.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.