Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади ауагъта Инвестицион программæ реализацийыл контроль кæныны фæдыл штабы æмбырд. Æмбырды хайад райстой Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъотйы Эдуард, йæ хæдивæг Гаглойты Сергей, фæндагон арæзтады æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард, паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы директор Мæхъиты Семен, «Водоканал»-ы генералон директор Цхуырбаты Алан, капиталон арæзтады управленийы хистæр Джиоты Роберт, паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-ы генералон директор Гæбæраты Алан, арæзтадон организациты минæвæрттæ.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, Инвестпрограммæйы афоныл æмæ гъæдджын реализаци кæнын у Хицауады сæйрагдæр хæстæй сæ иу.

«Инвестпрограммæ у республикæйы социалон-экономикон рæзты ахсджиагдæр здæхтытæй иу, æмæ уымæ гæсгæ программæйы фæлгæтты снысангонд мадзæлттæ хъуамæ æххæст æрцæ-уой гъæдджынæй æмæ рæстæгыл», – банысан кодта Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади.

Уый фæстæ Хицауады Сæрдарæн  горæты уынгты арæзтадон куыстыты тыххæй информаци радта Зæгъойты Эдуард. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз райдайдзæн горæт Цхинвалы авд уынджы хæрзарæзтад: Плехановы, Санахъойы фырты, Сабырадон, Едысы, Саулохы фырты, Путины (горæты стадионæй Хеиты хъæуы онг фадыг) æмæ Нарты-Плиты Ароны уынгты фæзилæн, афтæ ма горæт Къуайсайы Ленины уынг, Дзауы поселочы Уыцыфарсы уынг.

Ныртæккæ ацы уынгты куыст цæуы зæххыбын инженерон хызæгтæ раивыны фæдыл, сæрмагондæй, газифтонгад, донифтонгады æмæ канализацийы куыстытæ. Ацы хызæгты куыстытæ хъуамæ  фæуой майы кæронмæ.

Зæгъойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, Инвестпрограммæйы æппæт объекттæн дæр ис проектон-сметæйон документаци æмæ экспертон хатдзæгтæ. Иу азæй иннæ азмæ ахизгæ объектты темæйы фæдыл Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, майы кæронмæ æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуой.

Арæзтады министрадæн бахæсчындæуыд арæзтадон куыстытыл контроль кæнын, куыстыты гъæдмæ хъус дарын æмæ сæ сæххæст кæныны графиктæ Хицауадмæ æрбавдисын. «Уыдон сты социалон нысаниуæджы объекттæ æмæ  æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуой майы кæронмæ. Куыстыты закъазгæнæг æнæмæнгæй хъуамæ контроль кæна арæзтады гъæдыл цæстдарæн органтимæ иумæ æмæ сбæрæггонд цухдзинæдты фæдыл исой æмбæлон мадзæлттæ сæ аиуварс кæныны тыххæй», –  загъта  Бекъойты Геннади.

Хицауады Сæрдар ма Арæзтады министрадæн бахæс кодта Дзауы районы Мзиугомы хъæуы сывæллæтты лагеры арæзтадæн фæзуат бацæттæ кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.