Куыд размæ цæудзæн Хуссар Ирыстон 2017 азы? Чи æмæ кæй æвзардзæн РХИ-йы президенты бынатмæ? Æдзух цæрыны цензæн цы нысаниуæг из æвзарыны бары хъуыддаджы? Хуссар Ирыстон кæд суыдзæн Алани? РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды фембæлд УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведевимæ Æппæтдунеон форум «В единстве с Россией»-йы фæлгæтты цæмæн расайадта стыр цымыдисдзинад? Цавæр принциптыл амад цæуы Уæрæсейы æддагон политикæ, сæрмагондæй та РХИ-имæ йæ ахастыты? Цы фæивта Цæгат Ирыстоны РЦИ-Аланийы ног Сæргълæууæджы рæстæджы? Кæдæм цæуынц АИШ, Хæххон Хъарабах, Гуырдзыстон æмæ Украинæ? Ирон Жанна д’Арк, дыууæ хатты Советон Цæдисы Хъайтары хорзæх райсынмæ бавдыст чи æрцыд, уымæн уæддæр «Сыгъзæрин Стъалы» лæвæрд цæмæннæ æрцыд? «Спорт поли-тикæмæ дард лæууы», зæгъгæ, уыцы афоризм рохуаты ныууадзын хъæуы, æви нæ?

Ацы æмæ æндæр хабæрттæ бакæсæн ис æхсæнадæмон журнал «Республика Южная Осетия»-йы ацы азы фыццаг номыры. Уый рухсмæ рацыд ацы бонты. Номыры мыхуыр цæуынц алыгъуызон аналитикон, публицистон æмæ зонадон æрмæджытæ. Уыдон баст сты канд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цаутимæ нæ, фæлæ ма Ирыстонмæ хауæг геополитикон процесстимæ. Журналы уæлдай мидисджындæр кæны йæ тематикон æмæ жанрон алыгъуызондзинад. Журналы фæрстыл сæ хъуыдытæ дзурынц УФ-йы Федерацийы Советы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Константин Косачев, парти «Фыдыбæстæ»-йы раздзог Гобозты Вячеслав, профессор Бзарты Руслан, 2002-2008 азты Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй Æмхæццæ контролон къамисы æмсæрдар Цоциты Барис, телеамонæг Владимир Познер, политологтæ Сергей Маркедонов æмæ Ростислав Ищенко, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис, УФ-йы сæйраг тренер хъæбысхæстæй Тедеты Дзамболат, Бельгийы ирон æхсæнады разамонæг Пухаты Радион, адæмон кафты сывæллæтты зындгонд ансамбль «Дети гор»-ы къухдариуæггæнæг Хъодзаты Станислав, олимпиаг чемпион Рæмонты Сослан æмæ æндæртæ.

Куыд зонæм, афтæмæй æхсæнадæмон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия»-йы эксперименталон æртæ номыры рацыдысты ивгъуыд аз. Уыдон стыр цымыдис равзæрын кодтой адæммæ куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ республикæйæн æддейæ дæр. Бæлвырд уыд, ацы хъæппæрис уæлдæр æмвæзадыл хорзыл нымад куы æрцæуа, уæд республикæйы фæзындзæн,  нырыккон, бæрзондпрофессионалон æмвæзадыл арæзт, «гъæдджын журналистикæйы» домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм аналитикон журнал. РХИ-йы къухдариуæгады ‘рдыгæй æххуысмæ бирæ æнъæлмæ кæсын нæ бахъуыд.

2016 азы июны мæйы РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид йæ къух æрфыста Барамындыл. Уый бындурыл арæзт æрцыд ног паддзахадон информацион фæрæз æхсæнадæмон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия». Бæстæйы сæргълæууæг ацы журналы хъæппæрис хорзыл банымайынæй дарддæр рахаста фæндон, ома, ацы æхсæнадæмон аналитикон журналы бындурæвæрæг хъуамæ уа йæхæдæг бæстæйы къухдариуæггæнæг. 2016 азы августы РХИ-йы Президенты Барамындмæ гæсгæ журналы сæйраг редакторæй нысангонд æрцыд Хынцæгты Аллæ.

Эксперттæй бирæты хъуыдымæ гæсгæ, æхсæнадæмон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия» у ног фæзынд хуссарирыстойнаг медиатыгъдады. Уымæ гæсгæ йæ саразыны сæраппонд РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды фæндонæн аргъ скæнæн ис, куыд æцæг информацион размæ абырст. Æмæ канд уый тыххæй нæ, æмæ Республикæйы фæстаг 20 азы дæргъы ног информацион фæрæзтæ кæй нæ фæзынд, æцæг уый дæр тынг ахсджиаг хъуыддаг у. Фæлæ ахсджиагдæр у, Хуссар Ирыстоны цæуын кæй райдыдта, иннæты уæлдай æндæр уагыл арæзт мыхуыры фæрæз. Журналæн ис æхсæнадæмон статус, æмæ уый та нысан кæны, æддагон мыхуыр кæсджытыл дæр кæй æххæсдзæн. Экспертты ныхæстæм гæсгæ уый йæхи рады ирд æвдисæн у, РХИ-йы сабырдзинад æмæ æнтыстыты фæстиуджытæ ахæм æмвæзадмæ кæй схызтысты, æмæ респуб-ликæйæн кæй ис  йæ мидæггагон проблемæтыл хъуыды кæныны фадат, афтæ ма йæхицæн адæмты æхсæн ном скæныны фадат  дæр.

Æхсæнадæмон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия» РХИ-йы Президенты сæрмагонд хъусдарды бын кæй ис, уый æвдисæн у, информацион фадыджы рæзты ацы фæдыздæхтæн ныртæккæйы хицауад куыд аргъ кæны, уымæн. Уый та æнæмæнгдæр афтæ хъуамæ уа, уымæн æмæ ацы мыхуыры фæрæз æмæ информацион политикæйы иннæ къахдзæфтæй аразгæ уыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстон æддагæтты цæсты цавæр уыдзæн, уый. Иумæйагæй, РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды фæндон æхсæнадæмон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия» саразыны охыл эксперттæ нымайынц ноджы иу æвдисæныл, РХИ-йы арæзтад æмæ размæцыд, йæ имидж æддагон дунейы, куыд æргом, демократон æмæ йе ‘ппæт æмбæстæгтæн цæрынæн хæрзвадат бæстæ – уый у, Хуссар Ирыстон абон цы фæндаг равзæрста, уый.

«Æхсæнадæмон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия» тырндзæн уымæ, цæмæй суа ерысхъом, цæстыахадгæ мыхуыры фæрæз, гъæдджын журналистикæйы домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм, – фехъусын кодта журналы сæйраг редактор Хынцæгты Аллæ. – Махæн нæ зæрды ис æппæт дæр аразын, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны тыххæй рæстаг зонæнтæ, куыд цæры æмæ размæ цæуы, хæццæ кæной, амал куыд ис, афтæ фылдæр адæммæ, уыцы нымæцы фæсарæнты дæр».

Зæгъын хъæуы уый, æмæ РХИ-йы цытджын уазджытæн се ‘ппæтæн дæр йæ рæстæджы уыд журналы эксперименталон номыртимæ базонгæ уæвыны фадат, æмæ се ‘ппæт дæр æмдзыхæй дзырдтой, ацы проект тынг æнтыстджын кæй уыдзæн.

Фидæн азы уал журналæй рацæудзæн æхсæз номыры, уый фæстæ та æхсæнадæмон журнал «Республика Южная Осетия» суыдзæн æрвылмæйон мыхуыры фæрæз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.