Дыууадæсаздзыд Гæбæраты Артур, Колыты Аксойы номыл горæт Цхинвалы аивæдты паддзахадон лицейы ахуыргæнинаг ссис 2015-2016 азты дунеон проект «Салют талантов»-ы VI-æм суперфиналы II-æм къæпхæны лауреат «Фортепианойы къласы фæдыл инструменталон сфæлдыстад»-ы номинацийы. Уый тыххæй фехъусын кодта хуссар-ирыстойнаг музыканты фестивалы хайад райсыны фæдыл организатор æмæ къухдариуæг-гæнæг, аивæдты паддзахадон лицейы музыкалон хайады ахуыры хайы сæргълæууæг Цхуырбаты Жаннæ.

«Гæбæраты Артур, йæ ахуыргæнæг Джиоты Агуындæ æмæ мын мæхи фæхуыдтой Санкт-Петербургмæ проект «Салют талантов»-ы проекты суперфиналы Гран-примæ. Супер-финалы хайад райстой æппæт хайадисджытæ дæр. Уыдон бацахстой фыццаг бынæттæ фестивалы фæлгæтты уагъдцæуæг конкурсы фæстиуæгæн, кæцытæ уагъд цыдысты дунейы 100 горæтæй фылдæры», – загъта уый.

Цхуырбаты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, Гæбæраты Артур стыр тæлмæнтæ сæвзæрын кодта жюрийы уæнг, УФ-йы сгуыхт артист, Н. Римский-Корсаковы номыл Санкт-Петербурджы паддзахадон консерваторийы декан, профессор Леонид Зайчикмæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, лæппуйæн ис тынг хорз бæрæггæнæнтæ, уымæн хорз потенциа-лимæ дарддæр йæ бон суыдзæн йæ ахуыр адарддæр кæнын Санкт-Петербурджы кæнæ Мæскуыйы паддзахадон консерваториты уæлдæр ахуыргæнæндæтты.

«Премитæ æмæ хорзæхтæ радтыны размæ уыд тымбыл фынг, цыран профессор уæлдай тынгдæр банысан кодта Гæбæраты Артуры бæрæггæнæнты тыххæй: «Уымæн ис ахæм къухтæ, уый цæгъды ахæм мелизмимæ, ацы трелитæ цæгъды афтæ сæрибарæй» æмæ мах сфæнд кодтам уымæн фыццаг бынат радтын.

Артур цагъта Шопены фыццаг курсы æмвæзадыл, æмæ уый та музыкæйæ ахуыр кæны 6-æм къласы. Уый тынг хорз ацагъта, фæлæ дард фæндаг бандæвта сывæллоны хиæнкъарынадыл, уыимæ уый йæхи æвзæр фæхаты алы транспортыл дæр. Æмæ сценæйыл та ралæууыд йе ‘рцæуыны фæстæ дыккаг бон. Æз нымайын афтæ, æмæ нæ балц уыд æнтыстджын. Конкуренци дзы уыд стыр, уымæн æмæ æдæппæтæй фестивалы хайад райстой 700 сывæллонæй фылдæр, æмæ пианисттæ та уыдысты 35», – банысан кодта Цхуырбаты Жан-нæ.

Ацы аз ма горæт Цхинвалы Æлборты Феликсы номыл республикон фестивалы дæр Гæбæраты Артур райста Гран-при. Уый æддейæ ма уый хорзæхджын æрцыд грамотæйæ, кæцы йын радта италиаг пианисткæ, профессор Франческа Матачена.

«Ацы лæппуйы сæйраг æууæл у уый, æмæ мæ практикæйы уый никуы фæкъуыхцы вæййы, сценæмæ рахизы æдыхстæй. Æнæуый царды тынг æфсæрмыгæнаг у, фæлæ сценæмæ куы рахизы, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма уым райгуырд, ацы сывæллон сценæйæн райгуырд», – банысан кодта аивæдты паддзахадон лицейы ахуыры хайы сæргълæууæг.

Уæ зæрдыл  уын лæууын кæнæм уый, æмæ 2015 азы Сочийы фестивалы проект «Салют талантов»-ы фæлгæтты Гæбæраты Артур бацахста фыццаг бынат фортепианойы къласы фæдыл «Исполнительское искусство»-йы номинацийы. Биазырты Алан та уæд бацахста дыккаг бынат, æмæ æртыккаг бынат та адих кодтой скрипач Бестауты Бибо æмæ аккордеонисткæ Дзеранты Кристинæ.

РХИ-йы информацион портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.