9-æм декабры Цхинвалы скъола-интернаты ауагътой цытджын мадзал «Фыдыбæстæйы хъайтарты нæмттæ мысæн бон»-ы цытæн. Мадзал арæзт æрцыд скъолайы дирекци æмæ педколлективы хъæппæрисæй.  Ардæм хуынд æрцыдысты фæмардуæвæг хъайтарты бинонтæн æххуысы фонд «Память»-ы сæрдар Тедеты Заринæ, Хуссар Ирыстоны фæмардуæвæг хъайтарты бинонтæ, Афгайнаг хæстæй æрыздæхæг хъайтартæ, Хуыбылты Валерийы номыл хорзæхы фыццаг кавалертæй сæ иу Къудухты Зауыр, ахуыргæнджытæ  æмæ ныййарджытæ.

Мадзалы сæйраг нысан уыд, рæзгæ фæлтæры райгуырæн бæстæйы хъайтартимæ зонгæ кæнын, уыдоны нæмттæ фæлтæрæй фæлтæрмæ адæттын æмæ сын рæзгæ фæлтæры хъуыдыкæнынады аккаг аргъ скæнын.

Мадзалы райдайæны мадзаламонджытæ, скъола-интернаты хистæркъласонтæ Гæбæраты Индирæ æмæ Зассеты Руслан радзырдтой бæрæгбоны истори.   2007 азы Уæрæсейы Федерацийы Президенты указæй, 9-æм декабрь  ногæй фидаргонд æрцыд Фыдыбæстæйы хъайтарты ном мысæн боныл. Уæдæй фæстæмæ Уæрæсейы æппæт адæмтæ æрвылаз дæр банысан кæнынц ацы бæрæгбон цытджын æгъдауæй. Мадзаламонджытæ ма радзырдтой Хуссар Ирыстоны хъайтарты тыххæй дæр æмæ загътой: «Цал æмæ цал хъайтары ис Ирыстоны æмæ Уæрæсейы историйы,- уыдон сты  мингæйттæ! Нæ рагфыдæлтæй райдайгæйæ суанг 2008 азы Хуссар Ирыстоны æрцæугæ хæстон цауты онг, ирон адæм хайад истой алыгъуызон хæстон архайдтыты. Æндæр æмæ æндæр æнусты хъæбатырæй  тох кодтой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Абон мах, уыдоны фæдонтæ, хъуамæ кæддæриддæр уæм нæ Райгуырæн бæстæйы патриоттæ, кад кæнæм нæ хъайтартæн æмæ сын ма рох кæнæм сæ нæмттæ». Уый фæстæ аив бакастысты Уæрæсейы хъайтарты тыххæй æмдзæвгæйы   рæнхъытæ.

«Куыд раджы, афтæ ныр дæр Фыдыбæстæйы  æнæмæнг хъæуы патриоттæ, уыдоны иузæрдиондзинад, уымæн æмæ махмæ нырма дæр цæуы тох нæ бæстæйы рæсугъд фидæн аразыны  фæдыл.  Цавæр фидæн уыдзæн нæ бæстæйæн, уый та у æрыгон патриотты арæхстдзинадæй кæнгæ,- загъта мадзаламонæг. Бонæй бонмæ адард сты махæй  Фыды-бæстæйон хæсты уæззау бонтæ, дард кæнынц историйы бирæ æндæр хæстон дугтæ. Цал æмæ цал фæлтæры схъомыл сты  Ирыстоны дæр, кæдон  уыдысты æвдисæнтæ хæстон цауты уæззау тугкалæн  нывтæн.  Хъыгагæн, къаддæрæй къаддæр кæнынц нæ хъайтартæ æмæ хæстон архæйдтыты хайадисджыты нымæц.

Нæ адæмтæн æрдзæй ратгæ у æнæбасæтгæ тых, кæцы йæхи равдисы сæрбахъуыды рæстæджы. Уыцы тых мах хонæм Хъайтардзинад. Дунейы историйы нæ уыд ахæм цау, цыран æппæт адæмты интерестæ, сæ зондахаст æмæ сæ архайд уыд æмзондæй,  фæлæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст æрбангом кодта æппæт рæстдзинадыл тохгæнæг адæмы. 1418 боны æмзонд æмæ æмдыхæй  тох кодтой знаджы ныхмæ стырæй чысылæй æмæ уый руаджы фæуæлахиз сты фашизмыл. Уыцы æнæмсæр тохы хъайтары кадджын номæй хорзæхджын æрцыдысты 11 626 хæстоны, уыцы нымæцы ирыстойнаг æфсæддонтæ дæр».

Мадзалмæ æрбацæуджытæн равдыстой видеолентæ, цыран базонгæ сты Фыдыбæстæйон хæсты æмæ ма историйы æндæр хæстон цауты хайадисæг хъайтарты  къамтимæ.

Уый фæстæ скъоладзаутæ бакастытсты æмдзæвгæ «Осетия».

Мадзаламонæг æрдзырдта Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар, Сталинграды сæрыл тохы хайадисæг, кавалерион корпусы командир æмæ бирæ кадджын хорзæхты кавалер инæлар майор Плиты Иссæйы биографийыл фæцыбыргондæй.

«Нæ райгуырæн бæстæ – Хуссар Ирыстон хъахъхъæнгæйæ, ирон хæстон лæппутимæ фæмард сты тынг бирæ уæрæсейаг æфсæддонтæ дæр. Уыдоны нæмттæ дæр историйы фыст æрцыдысты, куыд Ирыстоны хъайтартæ, афтæ ирон хъайтарты æмрæнхъ. Уыдоны ‘хсæн сты Ветчинов Денис, Едаменко Владимир, Марченко Антон, Витали Нефф æмæ бирæ æндæртæ»,- радзырдта мадзаламонæг.

Уый фæстæ мадзалмæ æрбацæуджытæ Фыдыбæстæйы хъайтарты нæмттæ æрымысыдысты иу уысм æмырæй алæугæйæ.

Мадзалы цыды рæстæджы ма скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæ сæххæст кодтой хæстон зарджытæ, куыд «Священная война», «Журавли» æмæ бирæ æндæртæ скъолайы къласæн æдде мадзæлтты организатор Харебаты Маринæйы къухдариуæгадæй.

«Ма рох кæнут, не ‘хсæнæй чи фæхъуыд, уыдоны рухс нæмттæ, цæмæй уæ бон суа, не ʻхсæн чи ис, уыдоны уарзын! Мах хæсджын стæм, цæмæй зонæм æмæ уарзæм нæ истори, уымæн æмæ уый у нæ райгуырæн бæстæйы истори!»,- загъта кæронбæттæны мадзаламонæг.

Скъолайы директор Тедеты Роланд ма нын куыд загъта, афтæмæй уыдонæн сси традицион, æрвылаз дæр ацы бæрæгбон  нысан кæнын. Скъолайы агъуысты мадзал ауадзыны фæстæ уыдон ацæуынц  республикæйы уæвæг хъайтарты цыртытæм æмæ скъоладзаутæн бынаты радзурынц сæ хъайтардзинæдты тыххæй. Уый фæстæ цыртытыл сæвæрынц дидинтæ. Ныр дæр та сæ фæнд кæд афтæ уыд, уæддæр сын хъыгагæн нæ бантыст, боныгъæд æвзæр кæй уыд, уый тыххæй.

Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ Фыдыбæстæйы хъайтарты бæрæгбонæн йæ уидæгтæ кæй сты дард XVIII-æнусимæ баст. 1769 азы 9-æм декабры  паддзах Екатерина II снысан кодта ног хорзæх – Уаз Георгийы майдан.  Ацы майданæй хорзæхджын цыдысты æрмæстдæр хæстон архæйдтыты уæлдай хъайтардзинад чи равдыстаид, уыдон. Уæрæсейы ацы бæрæгбон нысан цыд 1917 азы онг, фæлæ Октябры революцийы фæстæ  ивд æрцыд.

2007 азы уæрæсейаг парламентари рахаста фæндон, цæмæй 9-æм декабрь ногæй нымад æрцæуа Фыдыбæстæйы хъайтарты бæрæгбоныл. Уæдæй фæстæмæ Уæрæсейы Президенты Указæй бæрæгбон нысан цæуы 9-æм декабры æрвылаз дæр.

Хуыгаты Милена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.