Колхозтæ ма уæд сæ тынгыл уыдысты, зæхкусæг нæ раттæг зæххыл æнувыд уыд æмæ йæ фæззæджы бæркадæй æдзухдæр рухс кодта йæ зæрдæ. Афтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ сæ куыстбонтæм фæззæджы дзæвгар тыллæг дих кодта. Иурæстæджы Къостайыхъæуы цæрæг сылгоймаг Хуыбиаты Любæмæ (йæ чызгон мыггагæй йæ хъæу иууылдæр Гаджион хуыдтой) йæ куыстбонтæм дзæвгар тыллæг æрхауд æмæ сæм хæдзармæ уæрдон уæрдоны фæстæ ластой нартхор æмæ æндæр хъæууонхæдзарадон æркæнгæ тыллæг. Раззагон сылгоймаг уый æппæт хойраг куы федта, уæд кæмдæр «бамæстджын» æмæ сын мидбылхудгæйæ афтæ дзуры:

– Мауал мæм ласут, мауал, кæм ма сæ бафснайон, ахæм бынат мын нал ис.

Ныр æхсæнадон зæххытæ ахæм æмгуырæй нал куыстæуы, сæ фылдæр рохуаты дæр аззадысты. Фæлæ уæддæр не ‘хсæн ис ахæмтæ, чи йæ нæ рох кæны, уарзæгой цæстæй йæм чи кæсы, раздæры азтау дзы æхцондзинад чи исы. Уыдонмæ хауы, уæлдæр кæй кой скодтон, уыцы куыстуарзаг сылгоймаджы фырт Хуыбиаты Уасил дæр. Уый раздæры хæдзарады раззагон фæллойгæнæгыл нымад цыд, кæддæриддæр йæ уæзгæ хай хаста зæхкуысты культурæ сырæзын кæнынмæ. Уый тыххæй йын кад æмæ аргъ кодтой хæдзарады уæды разамонджытæ, йе ‘мкусджытæ æмæ хъæубæстæ дæр. Фæлæ хæдзарад раууатмæ куы æрцыд, уæд къаддæр кодтой, æхсæнадон куысты хайад чи иста, уыцы хъазуатон фæллойгæнджыты нымæц дæр. Фæлæ уæддæр Уасил æмæ уый хуызæн хъæууон адæймæгтæ сæ къух нæ систой хъæууонхæдзарадон куыстыл æмæ дарддæр кæнынц сæ хæрзиуæгон архайд. Хуыбиайы фырт арендæйы райста зæххы фадыг, бакусы æмæ йæм базилы хорз æмæ райсгæ тыллæгæрзад дæр вæййы зæрдæйы фæндиаг. Афтæ уыд ивгъуыд аз æмæ уыцы хорз цæвиттон сфæлхатт кодта ацы аз дæр ноджы хуыздæр бæрæг-гæнæнтæй. Ацы аз уалдзæджы развæлгъау бахуымгонд мæры механизатор Хуыбиаты Алан хъæбæрхор байтыдта 13 гектары фæзуатыл, рæстæг куыд цыд, афтæ æвзартæ рæзтысты æмæ сæ уындæй рухс кодта сæ хицауы зæрдæ. Иугæр æфсирон культурæтæ æфснайыны рæстæг куы æрбалæууыд, уæд æвæстиатæй бавнæлдта ацы ахсджиаг кампани цыбыр æмгъуыдмæ ахицæн кæныныл æмæ йын уый æнтысгæ дæр ба-кодта. Уыцы куыст та йын бакодта йæ хъуыддаджы дæсны механизатор æмæ куыстуарзаг комбайнер Бибылты Вова. Хуыбиаты Уасилæн ныр дæр барухс йæ зæрдæ – æдæппæт тыллæг райста æмæ бабæстон кодта 20 тоннæйы.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.