Зындгонд журналист æмæ публицист Андрей Колесников фыста: «С каждым уходом хороших людей отваливаются огромные куски тебя самого. И тебя самого становится гораздо меньше. Ты исчезаешь вместе с ними». Тынг раст æмæ зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ сты уыдон. Ирон-дыгурон литературæйы классик, хæрзæгъдау, курдиатджын поэт æмæ прозаик Малиты Васойы хæстæгмæ чи зыдта, уыдон мын мæ ныхæсты рæстдзинад бамбардзысты. Æз дæр мæхи амондджын хонын, Васойы дуджы кæй цардтæн æмæ йæ хорз кæй зыдтон, уый тыххæй. Æмæ ахæм хорз, курдиатджын адæймаджы æнафоны ацыдыл зæрдæ риссы, риссы…

Стыр бавæрæн бахастой фыд æмæ фырт, Малиты Гиуæрги æмæ Васо ирон æмæ дыгурон литературæмæ. Гиуæрги ма уыд зынгæ революционер дæр, Чырыстонхъæуы революцион змæлд «Кермен»-ы бындурæвæрджытæй иу. Фæлæ курдиатджын фыссæгæн йæ къухы бирæ саразын нал бафтыд. Революцийы артæй кæд аирвæзт, уæддæр æй 37 азты арт басыгъта, йе сфæлдыстадон фæндтæ йæ къухы кæронмæ нæ бафтыдысты. Фæлæ йын йæ фарн адарддæр кодта йæ фæстæ чи райгуырд, йæ уыцы фырт Васо.

Малиты Георгийы райгуырдыл 135 азы æмæ Васойы райгуырдыл та 85 азы кæй сæххæст, уый кадæн сын 28-æм февралы Ирон драмон театры Ирыстоны дзыллæ банысан кодтой сæ юбилейон изæр, «Фыдæй-фыртмæ», зæгъгæ. Уыййас адæм æрæджыты нал фендæуыд театры залы. Æрцыдысты суанг дард хъæутæй дæр.

Фыццагдæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймуразæн. Уый ранымадта фыд æмæ фырты стыр бавæрæн литературæмæ. Куыд загъта, афтæмæй ацы бон Мæздæджы цыртдзæвæн байгом кодтой Гуырдзыбеты Блашкайæн. Дарддæр арæзт цæуы æппæт дæр, цæмæй нæ зынгæ адæмтæ рохуаты ма баззайой. Ис бирæ фæндтæ Георгийы ном ноджыдæр сæнусон кæныны тыххæй æмæ сæ цард йæхæдæг амондзæн.

Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн дзырдта тынгдæр йе ʻмдугон Васойы тыххæй: «Васо канд курдиатджын фыссæг нæ уыд, фæлæ хорз адæймаг. Йæ ныхасæвæрæнтæ уыдысты хъæздыг, дзаджджын. Иронау дæр æмæ дыгуронау дæр фыста æмхуызон хорз. Йе сфæлдыстад ын никæимæ абарстаис. Хъыгаг у, ахæм адæймæгтæ цардæй æгæр раджы кæй ацæуынц, уый. Георги æмæ Васойы хуызæн гуырдтæ фылдæр гуырæд Ирыстоны æмæ уæд уыдзæн фæрнджын».

– Тæхуды, ныр Васо ацы залмæ куы æрбакæсид, уæд уыййас адæм фенгæйæ куыд фæцин кæнид, – загъта зындгонд фыссæг Дзасохты Музафер æмæ радзырдта Васоимæ се ʻрыгон бонты, студентон царды тыххæй йæ мысинæгтæ. Уый фæстæ йын бакаст йæ ʻмдзæвгæйæ скъуыддзаг.

Малиты Георги æмæ Васойы юбилейон изæрмæ сæрмагондæй æрцыд филологон наукæты доктор, Санкт-Петербурджы Паддзахадон университеты, журналистикæйы факультеты профессор Тахъазты Валери.

   Валери цымыдисаг цаутæ радзырдта Малиты фысджыты цардæй. Куыд банысан кодта, афтæмæй «Георги кæд дыгуронау фыста, уæддæр Васойæн, советон системæ йæ хурхыл куы бахæцыд, уæд ын дыгуронау фыссыны бар нал уыд. Фæлæ уæддæр æнæмæлгæ уацмыстæ снывæзта ирон æвзагыл. Курдиатджын адæймаг алы æвзагыл дæр йæ ныхас зæгъдзæн».

Уый фæстæ Тахъазы-фырт сценæмæ рахуыдта, дыгурон æвзаджы рæзтыл зæрдиагæй чи архайы, уыцы адæймæгтæй иу къорды æмæ сын дыгурон æвзаджы рæзты фонды æвæрæнтæй æхцайы премитæ радта. Республикæйы Сæргълæууæджы премийы аккаг та ссис журналист Сосранты Жаннæ.

Фыд æмæ фырты сфæлдыстадæн табугæнджытæ зæрдиагæй бакастысты Георгийы æнæмæлгæ уацмыс «Темур-Алсахъ»-мæ гæсгæ арæзт кинонывæй скъуыддзагмæ. Кинойы архайынц Ирыстоны актертæй уæлдай Уæрæсейы зындгонд актертæ Александр Панкратов-Черный, Зара æмæ иннæтæ. Йæ режиссер у Сæлбиты Аким.

Дыгурон-драмон театры артисттæ æнкъард музыкæйы зæлтæм дзырдтой Георгийы иннæ зындгонд поэмæ «Дзандзирахъ»-æй скъуыддзæгтæ.

Мидисджын ныхас ракодта нæ адæмы иудзинады тыххæй Иры Стыр Ныхасы сæрдар Еналдыты Хъазыбег. Уый ма адæмыл байуæрста, кæстæр фæлтæры хи дарыны тыххæй Ныхас кæй бацæттæ кодта æмæ рауагъта, уыцы бæрæгуат ирон æмæ дыгурон æвзæгтыл.

«Васо бындур сæвæрдта дыгурон æвзагыл литературон журнал «Ирæф»-æн. Цалдæр азы та йæ сæйраг редактор уыд. Уыцы хъуыддаджы йын стыр æххуыс бакодтой йæ хæлæрттæ Агънаты Гæстæн, Дзасохты Музафер, Джыккайты Шамил æмæ иннæтæ. Уый уыд дыгурон литературæйы стыр фæзынд æмæ абон дæр рухс хæссы адæммæ. Хорз уаид Васойы номыл сæрмагонд преми скæнын дыгурон литературæйы» – загъта амынд журналы сæйраг редактор Скъодтаты Эльбрус.

Цымыдисаг æмæ хъæлдзæг цаутæ радзырдта Васо æмæ Георгийы цардæй газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис. Куыд загъта, афтæмæй Георги æмæ Абайты Васо уыдысты стыр хæлæрттæ. Георги йæ бон куы базыдта, ахсгæ йæ кæндзысты, уæд йе ʻнхъæлцау бинойнагæн бафæдзæхста, фырт ын куы райгуыра, уæд ыл Васо куыд сæвæра. Афтæмæй йæ 38 азы репресситы азар басыгъта. Йæ бинойнаг та йын йæ фæдзæхст сæххæст кодта.

Мысæн изæры сæ аивад равдыстой хъæууонхæдзарадон институты ансамбль «Горец», Дыгуры районы Культурæйы хæдзары хихъæппæрисадон къорд, Дзанайты Ольгæйы нæлгоймаг зарæггæнджыты къорд, Аивадон училищейы фæндырдзæгъдджыты къорд, Тайсауты Олег, Хъæбæлоты Руслан (Кавказар) æмæ бирæ æндæртæ. Ирон театры режиссер Сæбанты Тамерлан аив бакаст Георгийы æмдзæвгæтæй цалдæр.

Мадзалы архайджытæ экраныл зæрдиагæй бакастысты Васойы чызг, зындгонд оперон зарæггæнæг, Зæринæйы зарæг-видеоклипмæ. Уый йæ сæрмагондæй бацæттæ кодта æмæ æрæрвыста ацы изæрмæ.

Мыггаджы номæй мадзалы архайджытæн бузныг загъта Малиты Сослан. «Абон мын ме ʻрвадæлтæн цы кад кæнынц, уый уынгæйæ ноджыдæр мæ бон фидарæй зæгъын у: нæ хъæуы нæ чысыл адæмы дихтæ кæнын. Иу армыдзаг йеддæмæ не стæм. Уæдæ айæппæт адæм æрмæст дыгур сты? Не сты. Иу у нæ цин, нæ хъыг. Георги æмæ Васо æмхуызон зынаргъ сты не ʻппæтæн дæр. Иу адæм стæм æмæ кæй цы æвзагыл фæнды, ууыл дзурæд. Уæ цæрæнбон бирæ уе ʻппæтæн дæр».

Стыр фæд ныууагътой Ирыстоны дыгурон литературæйы бындурæвæрæг Малиты Георги æмæ йæ фырт Васо. Фыды кæд æрыгонæй фесæфтой, уæддæр стыр бынтæ ныууагъта дыгурон литературæйы. Йæ фарн ын адарддæр кодта Васо. Фыста дыгуронау, фылдæр иронау. Уыд республикæйы чиныгуарзджыты æхсæнады сæргълæууæг, Фысджыты цæдисы сæрдар… Поэт, прозаик, драматург, публицист Малиты Васо ныууагъта бирæ литературон бынтæ: романтæ «Сурмейы хæдзар», «Рохсанæ», «Æрттигъ», «Мусонг», æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ æмæ бирæ æндæр уацмыстæ. Цалынмæ ирон æмæ дыгурон æвзагыл ныхасгæнæг уа, уæдмæ цæрдзысты фыд æмæ фырты сфæлдыстад.

                                                                  Джусойты Нинæ

   МАЛИТЫ Васо

Сахуыр мæ кæн, о хуымгæнæг, хоры кæндыл зарын,

Сахуыр мæ кæн хоры гага ауæдзы æппарын,

Сау лæппумæ азымхæсгæ тар æрфыгæй ма кæс,

Рагвæззæджы рагуазæлттау – сонт зæрдæйы сагъæс.

Мæн мæ сонты бонты зилдух горæтмæ фæхаста,

Аныгъуылди райгуырæн хъæу арвгæроны фæстæ.

Нал æппæрстон зады нæмыг куыройы фæлгуыры,

Нал хъуыстон хуымонты зарæг рагуалдзæг быдыры…

Охх æбæрæг, охх æнæсгæрст мигъæмбæрст бæрзæндтæ,

Агуырдтон уæ кадæнхъæлæй, агуырдтон мæ сæнтты…

Гъе, фæлæ æрдæгфæндагæй раздæхтæн фæстæмæ, –

Арвы цъæхы ничи тæхы цæргæстæй фæстæмæ.

Сахуыр мæ кæн, о хуымгæнæг, хоры кæндыл зарын,

Сахуыр мæ кæн хоры гага ауæдзы æппарын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.