Нæ культурæ, æгъдæуттæ æмæ традицитæ хуыздæр базонын æмæ хъæздыгдæр кæныны тыххæй арæзт цæуынц уавæртæ. Уыдон парахат æмæ амынд цæуынц кæстæр фæлтæрæн. Уымæн æмæ нæ фидæн, нæ адæмы хъысмæт баст у, абон цавæр зондылхæст кæстæртæ схъомыл кæнæм, ууыл. Хъыгагæн нырыккон царды нæ фæсивæд уæлæнгай цæстынгасæй кæсынц  ирон æгъдæуттæм æмæ традицитæм. Цæмæй ацы проблемæ цасдæрбæрцæй иуварсгонд æрцæуа, уый тыххæй нæ республикæйы скъолаты баконд æрцыдысты ирон хореографи æмæ драмон кружоктæ. Уагъд ма сæ фæцæуынц ирон æгъдæуттыл дзурæг мадзæлттæ.

Нæ горæты 5-æм скъола дæр ацы традицитыл фидар хæст у. Ацы скъолайы арæх уагъд фæцæуынц ирон æгъдæуттыл дзурæг мадзæлттæ. Уæвынад дзы кæнынц драмон æмæ хореографион кружоктæ. Сæ хореографион къордæн хорз æнтыстытæ æфты йæ къухты æмæ свæййы республикæйы уагъдцæуæг фестивалты уæлахиздзау. Йæ къухдариуæггæнæг у Чилæхсаты Георги.

Драмон кружок та дзы уæвынад кæны æртæ азы дæргъы, йæ къухдариуæггæнæг у Дыгъуызты Иринæ. Ныртæккæ ацы кружокы архайы 15 сывæллоны бæрц. Уыдонæн æртæ азы дæргъы бантыстис цалдæр спектаклы бацæттæ кæнын, куыд, зæгъæм, «Золушка», «Колобок», «Красная шапочка», «Дадолты мæт» æмæ æндæр-тæ. Ацы бонты та сæвæрдтой Саулохты Мухтары комеди «Усгур Гаци»-йæ скъуыддзаг. Ацы æвзонг актертæ сæ бацæттæгонд спектаклтимæ 24-æм апрелы ба-зонгæ кодтой се скъолайы ахуыргæнджыты æмæ ахуыргæнинæгты.

Æвзонг актерты архайдæй сценæмæ-кæсджытæ баззадысты райгондæй. Уый тыххæй сын сæ зæрдæйы фæндиæгтæ загътой скъолайы директор Бестауты Азæ æмæ уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Уалыты Розæ. Уыдон куыд банысан кодтой, афтæмæй сæ фидарæй уырны «Усгур Гаци»-йы хъазæг æвзонг актертæн фидæны дæр стыр æнтыстытæ кæй уыдзæнис, уый.

Драмон къорды къухдариуæггæнæг Дыгъуызты Иринæ та æрдзырдта, сценæйы сæ архайды тыххæй. Уый ма нын куыд загъта, уымæ гæсгæ сæм ис бирæ плæнттæ. Цы сæ тыхсын кæны, уыдæттыл дзургæйæ, Иринæ банысан кодта, кæй сын нæ фаг кæнынц уæлæдарæс æмæ декорацитæ. Фæлæ сæ кусын тынг кæй фæнды, уымæ гæсгæ ссарынц уыдоны дæр. Иууыл тынгдæр та фæтыхсынц ролтæ дихкæныны рæстæджы сын лæппутæ кæй нæ фæфаг кæны, ууыл. Драмон къорды архайын кæй фæнды ахæм лæппуты нымæц хæрз цъус у.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.