Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фосдарджытæ цы куыст бакодтой, уымæн. Статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй фосдарды куыст кæнынц 10 фермерон хæдзарады æмæ сæм стуртæ æдæппæт нымадæуы 317, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 148. Хицæнтæй сисгæйæ, куыд раздæр азты, афтæ ныр дæр фылдæр стуртæ дары «Арцеу»-ы хæдзарад. Иууыл иумæ сæ нымæц хæццæ кæны 107, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 48. Фылдæр стуртæ чи дары, уыдон сты «Тъбет»-ы фермерон хæдзарад – 89 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 37, «Алан» – 47, хъуццытæ дары 25, «Тын»-мæ ис 20 стуры æмæ се ‘ппæт дæр сты хъуццытæ. Фосдарды куыст ма чи кæны, уыдоны ны-мæцмæ хауынц «Аз», «Цъунар» Лохы фырт, «Фат», «Виктория» æмæ æндæртæ. Районы хæдзарадтæй фысдарды  куыст  чи кæны,  уый у æрмæстдæр «Алан»-ы хæдзарад, кæцыйæн ныр цалдæр азы арæхстджын разамынд кæны Хуыбиаты Алихан. Хæ-дзарады нымадæуы 100 фыс æмæ сæгъы æмæ йæм уæрыччытæ дæр ис иу ахæм. Æхсызгон у уый банысан кæнын, æмæ ацы хæдзарад кæй у бирæкъабазджын, стуртæ, лыстæг фосæй дарддæр ма йæм ис мæргътæ æмæ æдæппæт сты 90, ис æм бæхтæ æмæ сты 3.

Родтæ районы хæдзарадты нымадæуы 64, уыцы нымæцы «Тъбет»-ы хæдзарад алы хъугæй дæр райста æмæ схъомыл кодта иу род æмæ сæ нымæц у 37. «Алан»-мæ ис 12 роды, «Арцеу»-мæ – 10, «Фат»-ы – 3 æмæ «Цъунар»-ы хæдзарады та – дыууæ роды. Хъы-гагæн, иннæ хæдзарадты нæй родтæ æмæ уый у катайаг. Кæсаг дарыны куыст кæны «Форель», фæлæ фæстаг рæстæджы йæ къухты цахæм бæрæггæнæнтæ бафтыд, уыцы зонæнтæ не ‘рбавдыста хайадмæ.

                                              ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.