Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы паддзахадон, фермерон хæдзарадтæ æмæ хицæн арендатортæ цы куыст бакодтой, уыдонæн. Статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй районы стуртæ нымадæуы 430, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 208. Фылдæр стуртæ дары «Тын»-ы хæдзарад æмæ сæ нымæц хæццæ кæны сæдæмæ, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 60, дыккаг бынаты та цæуы «Арцеу»-ы хæдзарад æмæ йæ фосдарджытæ дарынц 98 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 44,   «Алан»-ы сты 64, хъуццытæ та – 32, «Цъунар» Лохы фырты хæдзарады нымадæуы 37, уыцы нымæцы хъуццытæ -15 æмæ афтæ дарддæр. Хæдзарадтæ родтæ æдæппæт дарынц 142, уыцы нымæцы «Тын»-ы – 60, «Алан»-ы – 25, «Арцеу»-ы 14 æмæ æндæртæ. Фысдарды куыст районы кæны æрмæстдæр иу-«Алан»-ы хæдзарад, æхсызгон у уый банысан кæнын, æмæ йæ фосы нымæц уымæн азæй-азмæ кæй фылдæр кæны. Цæвиттон, ацы хæдзарад абоны онг фыстæ дары 1330 æмæ уал æм уæрыччытæ та нымадæуы 400. Бæхтæ та дарынц цыппар хæдзарады æмæ сæ нымæц у 12, уыцы нымæцы «Алан»-ы – 6, «Тъбет»-ы – 3, «Сидук»-ы – 2 æмæ иу та «Фат»-ы. Маргъдарды куыстмæ та сæ тыхтæ радтой «Виктория» æмæ «Алан» æмæ сæм æдæппæт ис 150, кæсаджы куыст чи кæны, уыцы хæдзарадтсты «Форель» æмæ «Океан». Хъыгаг у, хуыдарды куыстыл сæ къух кæй систой, районы хæ-дзарадтæй ацы къабазы чи фæллой кодта, уыдон.

 

БАЙТЫДТЫ ФÆЗУÆТТÆ

Фæззыгæнд мæнæу цы хæдзарадтæ байтыдтой, уыдон нымæц у 10 æмæ иууыл иумæ байтыдты фæзуат ахсы 107 гектары. Фæйнæ 20 гектары ацы культурæ тыд ис зæхкусæгон-фермерон хæдзарад «Цъунар» Бибылы фырт æмæ «Тын»-æн, 11 гектары та байтыдта Къостайыхъæуы паддзахадон хæдзарад, фæйнæ 10 га арендатор Бибылты В., зæхкусæгон-фермерон хæдзарад «Алан» (йæ сæргълæууæг Хуыбиаты А.) æмæ «Аз», 13 га ацы культурæ байтауын бантыст «Икъорта»-йы хæдзарадæн æмæ æндæртæ. Хъæбæрхоры культурæ районæн тыд ис 176 га, уыцы нымæцы Къостайыхъæуы паддзахадон хæдзарады арендатортæ -120 га, «Тъбет» – 11 га, фæйнæ 10 га арендатор Бибылты В., «Алан», «Æндидзынад» æмæ афтæ дарддæр. Раппæлинаг у, нартхоры культурæ дæр цалдæр хæдзарады кæй байтыдтой æмæ йæ иумиаг фæзуат ахсы 4 гектары, уыдон та сты Къостайыхъæуы паддзахадон хæдзарады арендатортæ – 2 га æмæ зæхкусæгон-фермерон хæдзарад «Сæуæхсид», кæцыйæн разамынд кæны Æлборты А. Сысджы байтыдтой: «Тъбет» – 26 га, «Виктория» – 9 га, «Аз» – 8 га æмæ æндæртæ-æдæппæт йæ фæзуат ахсы 49 гектары. Ивгъуыд азты цалдæр хæдзарады сæ зæххыты байтыдтой таугæ кæрдæджытæ люцернæ – 25,5 га æмæ эспарцет та 39 га.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.