Мæскуыйæ йæ кусæгон балцæй æрыздæхт Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты делегаци. Уымæн йе сконды уыдысты Паламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, вице-спикер, РХИ-йы Парламенты Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты сæрдар Тасойты Димитр, Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Игорь æмæ æндæртæ.

Хуссар Ирыстоны парламентаритæ хайад райстой УФ-йы Федерацийы Совет æмæ РХИ-йы Парламенты æмгуыстады фæдыл къамисы радон рабадты. Федерацийы Советы ‘рдыгæй къамисы хайадисджытимæ фембæлд ауагъдæуыд 12 декабры – УФ-йы Конституцийы бон. Уый сæраппонд уазджытæ раарфæ кодтой сæ фысымтæн уыцы боны цытæн.

Æмбырд уагъта Къамисы æмсæрдар, Æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты сæрдар Тъотоонты Алыксандр. Уый, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастыты хæларадон уаг банысан кæнгæйæ, загъта: «Æрцæуинаг аз тынг вазыгджын уыдзæн – уагъд цæудзысты президентон æв-зæрстытæ, æмæ уый кæддæриддæр адæмыл æвæры уæлдай бæрндзинад. Уый суыдзæн ноджы иу фæл-варæн не ‘мбæстæгты хиæмбарынад, сабырдзинадæн æмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады равзæрст фæндаг цас раст у, уый бæлвырдгæнæн. Алыхатт дæр куыд вæййы, афтæ мах ныр дæр цæттæ стæм, нæ къухы цы амæлттæ ис, æппæт уыдон фæрцы ахъаз уæвын, уыцы нымæцы, ахæм вазыгджын процессы дæр».

Рабадты рæстæджы Бибылты Анатоли рæгъмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты пенсион ифтонгады фарст. «Хъыгагæн, УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн пенсион ифтонгады фæдыл цы бадзырдтыл æрцыд къухфыст, уыдонмæ нæ бахаудтой прокуратурæ, уæлвæткон уавæрты министрад æмæ уголовон-æххæстгæнæг органтæ. Ома, ацы ведомствоты кусджытæ пенсийы ацæугæйæ, гæнæн ис æмæ баззайой æнæ фæцæрыны фадатæй», – банысан кодта Парламенты Сæрдар.

Тъотоонты Алыксандр фæндон бахаста Федерацийын Советы аппараты барадон управленимæ, цæмæй уавæр райхалыны тыххæй фæндæгтæ ссарыныл бакусой. Уымæй дарддæр ма дыууæ бæстæйы парламентаритæ æруынаффæ кодтой гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы Сабырад бахъахъхъæныны æмхæццæ батальоны РХИ æмæ УФ-йы службæгæнæг æмбæстæгты барадон статус æрбиноныг кæныны фæдыл. Тъотоонты Алыксандр куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы Парламенты уæллаг палатæйы къухдариуæггæнæг Валентинæ Матвиенкойы хæслæвæрдмæ гæсгæ арæзт æрцыд къорд, цыран куыст цæудзæн Сабырад хъахъæныны фæдыл æмхæццæ тыхты цæгатирыстойнаг батальоны æфсæддон службæгæнджыты барадон статусыл. «Ис, ацы фарст аскъуыддзаг кæныны хъуыддаг чи къуылымпы кæны, ахæм объективон уавæртæ. Фæлæ мах фидарæй лæууæм ацы фарстыл бакусын æмæ нæхимæ райсгæ хæстæ сæххæст кæныны фæндыл», – банысан кодта Тъотоонты Алыксандр.

Фембæлды хайадисджытæ ма æркастысты Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды сæххæст кæныны хъуыддаг закъондæттынадон æгъдауæй сифтонг кæныны, æхсæнпарламентон æмгуыстады, фидæн азы Къамисы куысты нывæст саразыны фарстытыл.

Къамисы куысты хайад райста УФ-йы РХИ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

УФ-йы Федерацийы Совет æмæ РХИ-йы Парламенты æмгуыстады фæ-дыл къамисы радон рабадт уагъд æрцæудзæн Цинвалы 2017 азы.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.