Хуссар Ирыстоны Парламент сфидар кодта республикæйы уæлдæр тæрхондоны ног сæрдары. Уый у Джиоты Витали, йæ кандидатурæ бæстæйы сæйраг закъондæттæн органмæ бавдыста паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан.

Парламенты ацы фарсты фæдыл докладгæнæг уыд Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады фæдыл комитеты сæрдар Гаглойты Алан. Хъæлæс кæныны фæстиуджытæм гæсгæ Джиойы фырты кандидатурæйыл æмхъæлæсæй сразы сты.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.