Не ’ппæт дæр æй хорз зонæм, Стыр Фыдыбæстæйон хæст милуангай адæмæн кæй æрхаста мæлæт, цæссыг æмæ хъизæмар. Мингай æвзонг цардбæллон удтæн æгъатыр хъысмæт сæ амæндтæ æмæ бæллицтæ сæ хъуыры фæбадын кодта, схæццæ сын кодта сæ рæсугъд, тæхудиаджы цардвæндаг, сæ фидæны хуызджын нывæстытæ. Чидæриддæр бабын уыцы хæсты, кæйдæриддæр уыцы фыдхæст сахъатджынæй ныууагъта, сæрæгасæй чи æрыздæхт, уыдон иууылдæр сты æцæг хъæбатыртæ, сæ дуджы фæдисонтæ. Абоны амондджын царды тыххæй æнæмсæр тохы размæ чи бырста, Берлинмæ чи ныххæццæ æмæ Стыр Уæлахиз чи æрхаста, уыдон айгæрстой абоны сабитæн æвыд фæндаг дидинæфтаугæ суинаг афонмæ.

«Ничи ферох, ницы ферох!» — 70 азæй фылдæр нæрыди æгас адæмты царды ацы девиз. Уый махæй алкæмæндæр уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыдбылызтæ, æнамонддзинæдтæ æмæ туг — цæссыгæй амæхст æнусон, арф зæрдæйы хъæдгæмтты æвдисæндар. Уый нын абон дæр, уæлдайдæр та махæн, хуссарирыстойнæгтæн, нæ зæрдыл лæууын кæны, хæст мæлæтхæссæг кæй у, удхор æмæ цардхалæг кæй у; ирдæй нын æй равдыста, адæймаджы хъысмæтæн æгасæй дæр йæхи кæй схицау кæны æмæ йын йæ рæсугъд фæндтæ, хуызджын бæллицтæ масты амæттаг кæй фæкæны.

Нæ чысыл Ирыстоны иунæг хæдзар дæр нал баззад, ацы хæсты тых — морæхуыз рын — кæуыл нæ бандæвта æмæ дзы алкæмæн дæр йе ’ввахс хионы, хæстæджы мæрдты бæстæм чи нæ барвыста. Уыцы хæст абон дæр зыны дунейы бирæ бæстæты, Уæрæсейы горæтты, Иры горæтты, кæмтты, хъæуты, уынгты, паркты — 1941- 1945 азты хæсты чи фæмард, уыдонæн сæ цыртытæй, обелисктæй; уыдоны цыт æмæ кадæн уал азы дæргъы судзы Æнусон арт.

Адæймагад, наци йæ историйæ, йæ ивгъуыдæй, хорз уыд æви æвзæр, уæддæр уымæй цæры, ууыл бындуриуæг кæны; уымæ гæсгæ аразы йæ дарддæры цард.

Афтæ рауад, æмæ уыцы хæстонтæй бирæты рухс нæмттæ рохуаты аззадысты. Рæзгæ фæлтæр, фæсивæд, кардзыд адæм сæ зонгæ дæр нæ кæнынц, уый та махæн стыр худинаг у. Уымæ гæсгæ фарон, Стыр Уæлахизы 70 азы цытæн арæзт æрцыд штаб. Уырдæм не ’мбæстæгтæ активонæй хастой, фашисты нæмыджы амæттаг чи фæци, хæсты чи тох кодта, æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыцы хиуæтты нывтæ, зонæнтæ; чи та æрмæстдæр мыггаг æмæ ном зыдта, фæлæ штабы егъау куысты фæрцы ссардта йæ хионы, кæм амард, кæм æрцыд ныгæд, æппæт уыдæттæ.

Цæй æгæрон æнкъарæнтæ æмæ ирд тæлмæнтæ ныууагъта адæмы зæрдæты, «Æнæмæлгæ полк»-ы нывтæ Стыр Уæлахизы цытджын парады хæстонты хиуæттæ куы рахастой, уый. Уыдоны нæмттæ æнæмæлгæ сты цæрæнбонтæм.

Æмæ та ацы бонты штабы куыст ис йæ тæккæ тæмæны. Ныр дыууæ азы дæргъы ацы штабы минæвæрттæ æвæллайгæйæ æмбырд кæнынц информаци хæстонты хиуæтты æххуысæй, цæмæй алы фæмардуæвæг, æбæрæгæй сæфт æфсæддоны тыххæй дæр сæ къухы бафта бæлвырд зонæнтæ. Ивгъуыд къуыри штабæн уыд радон æмбырд, цыран йæ сæргълæууæг Зассеты Жаннæ бæстондæр æрдзырдта сæ бакæнгæ куысты тыххæй:

— Стыр Фыдыбæстæйон æгъатыр хæсты фæстæ уыд фæлварæн хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæн. Сæ разы сын цард æрæвæрдта уæззау фæстиуджытæ, æбæрæгдзинады цæлхдуртæ, егъау аразинæгтæ. Уыдон хъуыд аиуварс кæнын. Æмæ кæд аразын зын хъуыддаг у, пырх кæнын — тынг æнцон, уæддæр та ам дæр Советон Цæдисы адæмтæ балæуудысты кæрæдзи фарсмæ уæхски-уæхск æмæ райдыдтой пырхæнтæй горæттæ аразын, дардыл бæстыхæйттæ амайын, ног цард æндидзын кæнын. Адæм æмдыхæй, æмархайд æмæ æмзондæй цы саразой, уый фидар вæййы, æнусон. Афтæ дæр уыд, фæлæ уæддæр фашизм ахæм арф уидæгтæ ауагъта, æмæ та сног ис. Хъыгагæн, йæ туг æмæ йæ цардæй Стыр Уæлахиз чи æрхаста, уыцы уæлахиздзауты нæмттæ чидæртæ, æниу уыдоны исчи дæр нæй схонæн — уыдон сты ничи æмæ ницы! — бафæндыд сæ рухс нæмттæ счъизи, сæгад кæнын! Стыр хæрзиуæгæн, сæ тых саст у, уыдон æнæбон сты ахæм Уæлахизы ныхмæ. Фæлæ уæддæр мах хъуамæ архайæм, агурæм, æмбырд кæнæм нæ хæстонты тыххæй бæлвырдгæнæнтæ — иунæг-иуы ном дæр рохуаты ма хъуамæ баззайа, хъуамæ сæ зонæм мах, хъуамæ сæ зоной фидæны фæлтæртæ.

Курæг уæ стæм, нæ зынаргъ æмбæстæйонтæ, цæмæй æрбахæссад уæ хионы, хæстæджы, зонгæйы тыххæй бæлвырдгæнæтæ. Штаб ныр дыккаг аз кæны уыцы ахсджиаг куыст æмæ ныр дæр бæстонæй кусдзæн алы æфсæддоны, хæстоны, ветераны фæдыл дæр. Ныридæгæн уал æдæппæтæй ссардтам не ’мбæстæгтæй 708 ингæны, уыдонæй ацы аз — 500 фылдæр. 9 майы Стыр Уæлахизы боны цытджын парады рацæудзæн, 70 азы размæ нын Стыр Уæлахиз чи æрхастой, уыцы «Æнæмæлгæ полк» æмæ ма рахæсдзыстæм, 1989-2008 Райгуырæн бæстæйы сæраппонд чи бабын, уыдоны нывтæ дæр, уый дæр махæн у «Æнæмæлгæ полк». Уæрæсейы регионты рахæссынц æрмæстдæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты нывтæ, фæлæ махæн дæр уыцы Ирыстоны сæрибардзинадыл тохгæнджытæ знаджы къухæй фæмард сты, махæн дæр уыцы лæппутæ нæ Райгуырæн бæстæйы хъайтартæ сты æмæ сын хъуамæ кад æмæ цыт кæнæм. Ӕцæг ын йæ нысаниуæг бирæтæ не ’мбарынц: «Мæ стæй цы уыдзæн, ныв куы бахæссон уæд?», кæнæ «Мæ мын стæй исчи исты баххуыс кæндзæн, исты мын ратдзысты?» Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдæттыл мæ зæрдæ фæриссы, фæлæ æнæмæнг хъуамæ рацæуа «Æнæмæлгæ полк»-ы дыккаг хай дæр — уый у нæ истори, нæ абоны хæдбар республикæйы фидар, æнæфæцудгæ бындур. Æнæмæнгæй хъуамæ рахæссæм, Хуссар Ирыстоны сабырад æмæ амондджын фидæны тыххæй чи фæмард, уыцы уæрæсейаг фидауынгæнджыты нывтæ дæр — æрцыдысты æндæр рæттæй æмæ сæ азар ам ссардтой, æдæппæт сты 75. Æрæджы дзы ныхас кодтон иу лæппуйы мадимæ. Мæхи йын куы бацамыдтон, куы загътон, Хуссар Ирыстонæй, Цхинвалæй йæм дзурын, уæд мын афтæ: «Мне очень трудно слышать слово «Цхинвал» æмæ мын телефон ахицæн кодта. Уый фæстæ йæхæдæг радзырдта, хатыр мæ ракуырдта, фæлæ йæ æз хорз æмбарын — йæ зæрдиаджы рис уымæн у цæрæнбонтæм, æнусон хъæдгом. Стыр Хуыцау зæгъæд, цæмæй ахæм рæстæг æркæна æмæ Цхинвалы койæ алкæйы зæрдæ дæр райа, мах та сæрыстыр цы уæм нæ хъайтар горæтæй — уый у æгæрон амонд махæн.

Ӕхсызгон хабар у, Цæгат Кавказы регионты цы ирæттæ цæрынц, уыдонæй дæр нæм бирæтæ кæй æрцæуынц. Фæнды сæ, цæмæй сæ хæстоны ныв рахæссой йе ’мирон хæстонтимæ. Стæй ма банысан кæндзынæн уый дæр, æмæ нæм фарон чи цыд, уыдон та нæм ныр дæр цингæнгæ æрбауайынц — æхсызгон сын у, «Æнæмæлгæ полк» та цытджын парады кæй рацæудзæн, уый.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн сæ нæмттæ цæрдзысты нæ дзыллæйы зæрдæйы, цæмæй ахæм мæлæтхæссæг фыдбылыз макуыуал фенæм. Хъуамæ сæ ма рох кæнæм мах, хъуамæ сæ зоной кæстæртæ, цæмæй нæ фидæны фæлтæртæ хызт уой ахæм æнамонддзинæдтæй, цæмæй сæ царды фæндæгтыл хъæлдзæгæй цæуой кæддæриддæр, — загъта кæронбæттæны Зассеты Жаннæ.

Рæстæг йæ цыды хай кæндзæн, фæлтæртæ ивдзысты фæлтæрты, фæлæ Стыр Уæлахизы бæрæгбон махæн уыдзæн нысаниуæгджын, нысан æй кæндзыстæм аккагæй, æнкъардзæрдæйæ, цины цæссыгтимæ…

Нæ уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.