РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Абхазы делегациимæ, йæ сæргъ Ахуырады министр Адгур Какоба, афтæмæй.

«Республикæ Абхазимæ махæн ис æппæты æввахсдæр ахастытæ, мах стæм фаззон æфсымæртау. Ацы ахастытæн цæлхдур нæу, кæрæдзийæ дард кæй стæм, уый дæр, æмæ уыдон рæздзысты, нæ территоритæ йæ дæлбар бакæнынмæ чи хъавыд, уыдоны фыдæнæн», – загъта Президент, уазджытæн æгасцуай дзургæйæ.

Абхазы Ахуырады министры ныхæстæм гæсгæ, ведомствойы ахастытæ биноныггонд сты хуссарирыстойнаг коллегæтимæ.

«Хуссар Ирыстон абон размæ цæуы, уый мах уынæм Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрады куыстмæ гæсгæ. Мах уыимæ кæнæм æмгуыст. Абхазы зонадон æмæхсæнады дæр ис, абхазаг-ирон этнографион, историон æмæ æвзаджы параллелтыл чи кусынц, ахæм эксперттæ. Уыдон сты тынг бирæ», – загъта уый.

Артур Какоба радзырдта, æрвылаз дæр Абхазы уагъд кæй цæуы лагерь сывæллæттæн, æмæ бахаста фæндон, цæмæй уыцы лагерты улæфой Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ дæр.

Бибылты Анатоли дæр банысан кодта, Абхазы территорийыл санатори «Ирыстон» сæндидзын кæнын кæй хъæуы, цæмæй уымæй спайда чындæуа фæсивæды иудзинады сæраппонд.

***

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Приднестроваг Молдоваг Респубикæйы делегациимæ, йæ сæргъ  ПМР-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг  Александр Гевлич, афтæмæй. Уыдон Цхинвалмæ æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Республикæйы сырæзты 27 азы бæрæгбонмæ.

Фембæлды ма хайад истой Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, Æдасдзинады Советы секретарь Уалыты Валери.

«Бузынг, рæстæг кæй ссардтат нæ республикæмæ фæуазæг уæвынæн æмæ Хуссар Ирыстоны алы цæрæг дæр цы æнкъары, уыдонæй хайджын уæвынæн. Æз бузныг дæн Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Президент Владимир Красносельскийæ уый тыххæй, æмæ Хуссар Ирыстоны цыдæриддæр бæрæгбонтæ вæййы, уыдоны се ‘ппæты дæр Приднестровейы минæвæрттæ хайад кæй райсынц. Уый цины хос у зæрдæйæн, уымæн æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровье баст сты хæлардзинады рагон тæгтæй», – загъта уый.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ Республикæ Хуссар Ирыстон дæр афтæ зæрдæхцонæй арвиты Приднестроваг Республикæмæ йæ минæвæртты, æмæ уымæн ницы хъом сты арæнгæрон цæлхдуртæ дæр.

«Кæд æмæ нæ минæвæртты балцытæ æмбæлынц бæлвырд ныхдуртыл Молдовайы, уæддæр мæн фæнды банысан кæнын, арæнтыл  цæлхдуртæ æмæ къуылымпытæ кæй ницы хъом сты, цæмæй не ‘хсæн ахастытыл аипп абада», – загъта Президент.

ПМР-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Александр Гевлич, йæхи ‘рдыгæй  бузныг загъта Бибылты Анатолийæн йæ хъарм ныхæсты тыххæй æмæ йын раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Республикæйы сырæзты бæрæгбоны цытæн, загъта йын æнытстыты, амонды æмæ дидинæфтыды фæндиæгтæ.

«Вадим Николайы фырт стыр хорз зæрдæ дары Республикæ Хуссар Ирыстонмæ æмæ сæрмагондæй та дæумæ. Æз стыр цытыл нымайын, абон æфсымæрон Хуссар Ирыстоны адæмы фарсмæ уæвын, æмæ тынг цин кæнын уе ‘нтыстытыл», –  загъта уый.

Уымæй дарддæр ма Александр Гевлич бакаст ПМР-йы Президент Вадим Красносельскийы Барамынд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы Кады орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй.

Фембæлды кæронбæттæны уазджытæ æмæ фысымтæ кæрæдзи-йæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

***

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Луганскы Адæмон Ресупбликæйы делегациимæ. Уыдон Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Республи-кæйы сырæзтыл 27 азы сæххæсты бæрæгбонмæ.

Делегацийы сконды уыдысты Луганскы Адæмон Ресупбликæйы Сæргълæууæджы администрацийы къухдариуæггæнæг Олег Черноусов æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы депутат Денис Колесников.

«Стыр бузныг уын зæгъын нæ бæрæгбоны цинæй хайджын уат, уый уæ кæй бафæндыд. Уый ууыл дзурæг у, нæ республикæты æхсæн кæй сæвзæрд хæлар ахастытæ», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, абон Луганскы Адæмон Республикæ кæй æвзары уæззау рæстæджытæ, фæлæ «æхстытæ, теракттæ æмæ киеваг режимы ‘рдыгæй алыгъуызон мæнгард митæ æрмæстдæр фидар кæнынц Луганскы Адæмон Республикæйы адæмæн се ‘ууæнк, цы фæндаг равзæрстой, уый раст кæй у, ууыл».

Олег Черноусов бузынг загъта Прези-дентæн, афтæ хорз сæ кæй райстой, æмæ банысан кодта, Цхинвалы æфсæддон парад æмæ иннæ бæрæгбонон мадзæлттæ бæрзонд æмвæзадыл уагъд кæй цыдысты, æмæ йæхи рады фехъусын кодта, Луганскы 23-æм сентябры цы Интеграцион форум уыдзæн, уырдæм хуынд кæй у нæ республикæ дæр.

Бибылы Аатоли зæрдæ бавæрдта, Лу-ганскмæ æрвыст кæй æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны минæвæртты делегаци.

***

Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Донецкы Адæмон Республикæйы Транспорты министр Игорь Андриенкойы. Бæстæйы сæргълæууæг уазæгæн бузныг загъта бæрæгбонон мадзæлтты йæ хайади-сты тыххæй æмæ загъта фарны фæндиæгтæ æфсымæрон республикæйы номыл.

«Нæ адæмы фæндон у, цæмæй Донецкы Адæмон Республикæйы æрфысым кæна фарн, цæмæй республикæйы сабитæ цин кæной, æхстытæм ма ‘нхъæлмæ кæсой, фæлæ. Мæн фидарæй уырны, уыдæттæн æнæмæнг кæй уыдзæн кæрон. Цæвиттонтæ бирæ ис, æмæ уыдонæй иу у Хуссар Ирыстон, цыран ныр 9 азы дæргъы адæм цæрынц сабыр арвы бын», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый æрымысыд, Хуссар Ирыстон Донец-кы Адæмон Репсубликæйы куы банымадта, уый фæстæ кæй æрцыд арæзт юридикон къахдзæфтæ æмæ къух кæй æрфыстæуыд иу цалдæр сразыдзинадыл.

«Бынтон æрæджы дæу æмæ Транспорты министры æхсæн къух æрфыстæуыд радон сразыдзинадыл. Æппæт адæттæ аразынц фадат, цæмæй не ‘хсæн ахастытæ ма уой формалон, фæлæ кусой нæ адæмты хæрзиуæгæн», – банысан кодта Президент.

Игорь Андриенко зæрдæ бавæрдта, До-нецкы тынг разы кæй сты дыууæ республи-кæйы сæргълæуджыты æхсæн сæвзæргæ ахастытæй æмæ се ‘ргом здахынц иумæйаг куысты ‘рдæм æппæт къабæзты дæр.

***

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæхимæ райста Воронежы областæй делегацийы, йæ сæргъ Хуссар Ирыстоны зындгонд дунеон æхсæнадон проект «Сиды пырх Цхинвал»-ы координатор Валентина Шумлянская, афтæмæй, кæцы æрцыд Республикæйы боны бæрæгбонмæ.

Пухаты Эрик республикæйы разамынады номæй делегацийы уæнгтæн бузныг загъта, Хуссар Ирыстоны кæй æххæст кæнынц, уыцы архайды тыххæй, уæлдай бузныг загъта Валентина Шумлянскаяйæн, сывæллæттæн æххуысы æмæ сын сæ проблемæтæм лæмбынæг хъусдарды тыххæй.

«Куыд активон æмбæстагон позицийы адæймаг, афтæ ды æххæст кæныс реалон архайдтытæ, кæцытæ здæхт сты гуманитарон æмгуысткæнынады хæстæ реализаци кæнынмæ. Фæнды мæ дæуæн зæгъын стыр бузныг, нæ сывæллæттæм цы хъусдард зда-хыс, уый тыххæй. Ды сын хæссыс циндзи-над», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Йæ рады Валентина Шумлянская дæр бузныг загъта Пухаты Эрикæн, кæй йæ райста æмæ равдыста йæ цæттæдзинад дарддæры æмгуысткæнынадмæ.

«Ныр фараст азы дæргъы мах афæдз дыууæ хатты æрцæуæм Хуссар Ирыстонмæ, куыд хæларадон æмæ рæсугъд бæстæмæ æмæ нæ фæнды, цæмæй дарддæр дæр нæ хæлардзинад фидардæр кæна æмæ макуы фæуа», – загъта Шумлянская.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, йæ бирæазон архайд баст у дæсгай æндæр паддзахадтимæ, кæцытæм ацæуынц сæ куысты фæдыл, фæлæ сын Хуссар Ирыс-тонмæ ис сæрмагонд ахаст.

«Абоны бонмæ æз хуыздæрыл нымайын Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын, уымæн æмæ гæнæн кæм ис, уымыты ис фыст: «Бузныг Уæрæсе». Ахæм ныв фенæн ис Сербийы дæр – алы цæджындзыл дæр ис фыст: «Уæларвы ис Хуыцау, зæххыл та Уæрæсе»… Ныртæккæ мæн фæнды стыр Менделеевы ныхæстæ зæгъын: «Нæ лæмæгъдзинад ис дихдзинады, нæ тых та ис хæлардзинад æмæ хæстон хъомысы».

Фембæлды рæстæджы йæ хайадис-джытæ кæрæдзийæн радтой лæвæрттæ. Уазджытæй сæ иу хæдархайгæ коллектив «Землячка»-йы къухдариуæггæнæг Галина Шевченко Хицауады Сæрдарæн балæвар кодта Сыгъдæг Мадымайрæмы иконæ æмæ йын зæрдæбынæй йæ цæст бауарзта сабырад, хæрзиуæг æмæ фæрныгад.

***

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр фембæлд Приднестроваг-Молдоваг Республикæйы делегациимæ, кæцы Цхинвалмæ æрцыд Республикæйы боны цытæн бæрæгбонмæ.

Фембæлды ма хайад райстой Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал æмæ Парламенты Сæрдары хæ-дивæг Тедеты Руслан. Приднестроваг делегацийы сконды уыдысты ПМР-йы Президенты уынаффæгæнæг, Æдасдзинады советы секретарь Александр Гевлич æмæ Экономикон политикæйы бюджет æмæ финансты фæдыл ПМР-йы Уæлдæр Советы комитеты сæрдар Александр Коршунов.

Фембæлды райдианы Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Приднестроваг Молдоваг Республикæты ‘хсæн æмархайд æмæ æмгуысткæнынады традицитæн ис рагон уидæгтæ.

«Нæ республикæты ‘хсæн цы ахастытæ сæвзæрыдысты, уыдон сты хæларадон æмæ æхсызгон у, нæ бæрæгбон нын æввахс уæ зæрдæмæ кæй райстат, кæй нын скад кодтат æмæ нæм кæй æрцыдыстут. Мах дæр тырнæм, цæмæй хæсджынæй ма баззайæм, фæлæ, хъыгагæн, Приднестровьейы алыварс цы политикон ситуаци сæвзæрд, уый аххосæй нæ делегацитæн сæ бон нæу сымахмæ бахауын. Сымах, æвæццæгæн, зондзыстут, æрæджы нын нæ официалон делегацийы Кишенев фæстæмæ кæй раздæхта æмæ сæ бон кæй не ссис Приднестровьемæ бахауын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ уый тыхы позици нæу, фæлæ у лæмæгъдзинады позици æмæ чизоны тæппуддзинады позици дæр, фæлæ мах ныфс ис, дарддæр æппæт дæр кæй уыдзæн закъоны нормæты фæлгæтты. Сымахæн та зæгъын «æгас цуат», мæнæн, æцæгæйдæр, тынг æхсызгон уыд уæ делегацийы нæ Республикæйы расидыныл 27 азы сæххæсты бæрæгбоны фенын», – загъта Парламенты Сæрдар.

Йæ рады Александр Геврич бузныг загъта Гасситы Петрæн, зæрдæбынæй сæ кæй райста æмæ банысан кодта, РХИ æмæ ПМР-йы адæмты ‘хсæн сæрмагонд бастдзинад.

«Махæн ис кадджын æмæ æхцон мисси,  мах рарвыстой ПМР-йы Президент æмæ Уæлдæр Советы Сæрдар уый тых-хæй, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæмимæ уæм сæ бæрæгбоны. Фæнды мæ банысан кæнын, куыд сымах, афтæ махмæ дæр Парламент райста историон уынаффæ ПМР-йы сырæзты тыххæй. Нæ республикæты сырæзтæй фæстæмæ нæ паддзахадты ‘хсæн сæвзæрыдысты иттæг хæларадон ахастытæ. Мах уын уе ‘нтыстытæ æмæ уæ циндзинæдтæ иумæ дих кæнæм», – банысан кодта уый.

Александр Геврич ма афтæ загъта арфæйы ныхæстæ ПМР-йы Уæлдæр Советы Сæрдары номæй РХИ-йы Парламенты Сæрдарæн.

Фембæлды хайадисджытæ кæронбæттæны кæрæдзийæн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

* * *

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр йæхимæ райста Луганскы Адæмон Республикæйы  Адæмон Советы делегацийы, кæцы Цхинвалмæ æрцыд Республикæйы боны бæрæгбонмæ. Йе сконды уыдысты Закъондæдтынад æмæ нормæфæлдыстадон архайды, паддзахадон арæзтады, Инновацион регуляторон политикæйы, бынæттон хæдразамынд æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы куыст организаци кæныны фарстыты фæдыл комитеты сæрдар Олег Черноусов æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы депутаты æххуысгæнæг Денис Левин. Фембæлды ма хайад райстой депутат Джиоты Инал æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы Хуссар Ирыстоны минæвар Хъараты Сослан.

Уазджытæн арфæ æмæ бузныг дзургæйæ Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, йын æхсызгон у ацы ног фембæлд, загъта ахæм ныфс, зæгъгæ, рæзгæ хæларадон ахастытæ дарддæр дæр кæндзысты нæ адæмты хæрзиуæгæн. Уый ма афтæ мæсæллæй загъта уазджытæн, ацы бонты цы трагеди æрцыд, уый фæдыл, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы депутат.

Йæ рады Денис Колесников раарфæ кодта Гасситы Петрæн, РХИ-йы Парламенты Сæрдары бынатмæ йæ кæй сæв-зæрстой, уый тыххæй æмæ йын йæ цæст бауарзта æнтысгæ куыст. «Ды дæ бæрнон адæймаг. Разæй дын ис бирæ куыст, уыцы нымæцы Луганскы Адæмон Республикæимæ æхсæнпарламентон ахастытæм хауæг фарстыты фæдыл. Афтæ ма бузныг зæгъын, кæй нæ фæхуыдтат Республикæ Хуссар Ирыстоны расидыны радон бæрæгбонмæ. Тынг æхсызгон нын у сымахимæ ацы циндзинад дих кæнын», – загъта Денис Колесников.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.