Уæрæсейы Президент Владимир Путин Кремлы фембæлд Уæрæсейы фараст субъекты ног сæвзæрст сæргълæуджытимæ, кæцыты ’хсæн уыдис Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Кремлы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй президент регионты къухдариуæггæнджыты фæхуыдта, цæмæй сын раарфæ кæна, бæрзонд бынæттæм æвзæрст кæй æрцыдысты, уый тыххæй.

«Сымах иууылдæр æвзæрст цыдыстут, кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы, æмбæстæгты фарсхæцынадæй – æндæргъуызон нæ уыд гæнæн, фæлæ уыцы нымæцы алыгъуызон политикон тыхтæ æмæ партиты фарсхæцынадæй дæр. Уымæ гæсгæ мæ фæнды зæгъын, регионы къухдариуæггæнæджы бынатмæ бахизгæйæ, сымах ма хъуамæ рох кæнат, кæй хъахъхъæндзыстут Уæрæсейы æппæт æмбæстæгты интерестæ, кæцытæ цæрынц уыцы территорийыл, сæ политикон цæстæнгæстæм сын нæ кæсгæйæ. Уыцы хъуыддаджы сымах хъуамæ уат нейтралон, хъуамæ уын уа контакттæ æмæ хъусат æппæт политикон тыхты минæвæрттæм – æрмæст уыдонмæ нæ, кæцытæ систы официалон партитæ, регистраци æрцыдысты, куыд ахæм партитæ, афтæ, фæлæ ма æмбæстагонæхсæнады минæвæрттæм, æппæт адæммæ, кæцытæ цæрынц уыцы территорийыл æмæ кæцытæ ахсынц активон позици æмæ тырнынц сæ хъæстытæ æмæ ныфсытæ сымахмæ фæхæццæ кæныныл», – загъта Президент.

Владимир Путин æрсидт регионты сæргълæуджытæм, цæмæй сæ хъусдард аздахой сæ комкоммæ æмæ æгæрыстæмæй «æнкъард» фарстытæ скъуыддзаг кæнынмæ дæр, кæцытæй æвдисгæ сты алы конкретон адæймаджы æмæ алы конкретон биноты фæрныгад дæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг бузныг загъта бæстæйы Президентæн, ахæм æууæнк ыл кæй бафтыдта, афтæ ма Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонмæ ахасты æххуысы тыххæй дæр. Битарты Вячеслав æмæ Владимир Путины фембæлды стæй та премьер-министр Димитрий Медведевимæ фембæлды фæстæ Цæгат Ирыстон райдыдта исын федералон центрæй, цы æххуыс сын баныфсæвæрдтой, уый, – хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы администраци æмæ Хицауады пресс-службæ.

«Абон бæстæйы Президенты æмæ Хицауады Сæрдары бацамындтытæм гæсгæ республикæмæ ис стыр хъусдард, мах исæм ахадæн æххуыс», – банысан кодта Цæгат Ирыстоны къухдариуæггæнæг.

Афтæ ма Битарты Вячеслав Владимир Путинæн радзырдта, ацы æмæ æввахс дыууæ азы цы плантæ нысан æрцыдысты, уыдоны тыххæй.

«Президент банысан кодта, зæгъгæ,  бынæттон хицауиуæгады æппæт куыст дæр хъуамæ арæзт цæуа æрмæстдæр адæмы интерестæ хынцгæйæ. Æмæ растдæр ныртæккæ мах архайæм æввахсдæр 3-5 азы социалон-экономикон рæзты программæ саразыныл, кæцы фыццаджыдæр, здæхт уыдзæн не ‘мбæстæгты царды æмвæзад бæрзонддæр кæнынмæ. Æмæ республикæйы хицауады æппæт тыхтæ дæр здæхт цæудзысты растдæр уырдæм», – банысан кодта фембæлды фæстæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Владимир Путины цæст Битарты Вячеславæн бауарзта æнтысгæ куыст æмæ баныфсæвæрдта куыд йæхи ‘рдыгæй, афтæ Уæрæсейы хицауады ‘рдыгæй дæр республикæйæн æппæтфарсон æххуыс кæнынæй.

Уымæй дарддæр ма Президент сразы Битарты Вячеславы фæхуындыл, цæмæй Цæгат Ирыстонмæ æрцæуа.

Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.