РХИ-йы Президент Тыбылты Леонидæн фембæлд уыд Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Федералон службæйы директоры фыццаг хæдивæг, Арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæг, армийы инæлар Владимир Кулишовимæ, кæцы нæ республикæмæ æрцыд кусæгон балцы.

Фембæлды райдианы Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, нæ бæстæты ‘хсæн арæзт æрцыдысты фидар æмæ æмцæдисон ахастытæ. Президент банысан кодта, зæгъгæ, уæвынад кæны кæрæдзиимæ æххæст æмархайд, уыцы нымæцы нæ арæнгæрон службæйы куысты дæр, кæцытæ хъахъхъæнынц республикæйы паддзахадон арæн.

«Мах ныхас кодтам нæ паддзахадон арæны тыххæй, кæцыйыл мах абон контроль кæнæм. Æмбæлон службæтæ йæ дарддæр дæр фидар кæнынц,  Хуссар Ирыстоны территорийыл æмæ æмарæн Гуырдзыстоны цы уавæр ис, уый хынц-гæйæ. Не службæты куыст хъуамæ здæхт уа нæ бæстæйы æдасдзинад сифтонг кæнынмæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ дзуапп дæтта нæ адæмы интерестæн. Мах ма ныхас кодтам ноджы иу ахсджиаг – арæнгæрон зонæты фарстыл, кæцы лæууы боны фæткы. Ныридæгæн ис конкретон хæстæ», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид йæ бузныгдзинад равдыста Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ иумæ цы куыст кæнынц, уый тыххæй.

«Мæ ныхæстæ, зæгъгæ, нæ архайдтытæ алыхатт дæр здæхт уыдзысты уымæ, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы æмбæлон службæты кусджытæ ам, Уæрæсейы хуссар арæны, алыхатт сæхи æнкъарой комфортонæй. Номхуындæй, уый тыххæй мах дзырдтам  нæ адæм августы хæсты рæстæджы цы тæссаг бонтæ бавзæрстой, уыдон куы мысыдыстæм, уæд. Бирæнымæц амæттæгтæ уыд æрмæст сабыр цæрджыты ‘хсæн нæ, фæлæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты, салдатты ‘хсæн дæр. Уæрæсе нæм афойнадыл кæй æрхæццæ, уый руаджы нæ адæм абон аразынц сæ фидæн», – загъта Президент.

Йæ рады, Владимир Кулишов дæр раарфæ кодта Президентæн афтæ хъармæй йæ кæй райста, уый тыххæй.

«Фæнды мæ раарфæ кæнын дæуæн, афтæ уазæгуарзонæй мæ кæй райстай, уый тыххæй. Мæнæн алыхатт дæр æхсызгон вæййы, нæ дæлхæйттæ кæм службæ кæнынц, уыцы цæрæн пункттæм кæсын. Абон ме ‘рцыды сæйраг нысан у Республикæ Хуссар Ирыстоны нæ управленийы объектты бабæрæг кæнын. Фæнды мæ зæгъын уый, æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон служ-бæйы Арæнгæрон управленимæ фæлтæрддзинад кæй ис Паддзахадон арæны вазыгджын фадгуыты хæстæ æххæст кæныны фæдыл, æмæ сымах ма хъуамæ дызæрдыг кæнат, ам дæр нæ арæнхъахъхъæнджытæ кæй сараздзысты æппæт дæр, цæмæй сифтонг кæной æдасдзинад», – загъта уый.

Президентæн Владимир Кулишов куыд радзырдта уымæ гæсгæ, дæлхæйтты сконды сты бæрзондпрофессионалон службæгæнджытæ, ифтонг сты æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæй, республикæйы территорийыл цы сæрмагонд сконд службæ кæны, уымæ ис фæлтæрд-дзинад алыгъуызон уавæрты хæстæ æххæст кæныны фæдыл.

«Æппæт уыдæттæ, уыцы нымæцы техникон ифтонгад дæр фадат дæттынц арæны фадгуыты æдасдзинад ифтонг кæныны фæдыл хæстæ эффективонæй скъуыддзаг кæнынæн. Æз бузныг дæн нæ управленийæн цы проблемæтæ ис, уыдоны кæй æмбарут, уый тыххæй. Уырны мæ, иумиаг тыхтæй мах алцы дæр кæй сараздзыстæм, цæмæй сифтонг кæнæм бынæттон цæрджытимæ уæлдай æнгомдæр ахастытæ æмæ куыст. Мах тынг хорз æмбарæм уый дæр, æмæ уыдоны ‘рдыгæй æууæнкдзинад æмæ хæларадон ахастытæ куынæ уа, уæд нæй гæнæн, нæ разы цæ хæстæ лæууынц, уыдон эффективонæй скъуыддзаг кæнынæн. Уымæ гæсгæ хæслæвæрд радтам РХИ-йы УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнгæрон управленийы хистæрæн, цæмæй сæвзæргæ фарстытæм равдисой æмбаргæ ахаст, лæмбынæг сæ сахуыр кæной, уыцы нымæцы арæнгæрон зонæйы фарстытæм дæр. Ацы территоритыл цы адæм цæрынц, уыдон сæхи хъуамæ æнкъарой комфортонæй, фæлæ куыст хъуамæ уагъд цæуа афтæ, цæмæй республикæйы æдас-дзинадæн зиан ма æрхастæуа», – банысан кодта Владимир Кулишов.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, æдасдзинады фарстатæ лæууынц бæрзонд æмвæзадыл, уымæн æмæ ахæм хæстæ æвæры Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад, бæстæйы Президент, кæцыйæн æмбæстæгты æдасдзинады интерестæ сты приоритетон.

Фембæлды фæстæ уагъд æрцыд рабадт РХИ æмæ УФ-йы æмбæлон службæты къухдариуæггæнджытимæ.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.