Мæскуыйы æппæтдунеон форум «Уæрæсеимæ иумæ»-йы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæн  фембæлд уыд Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведевимæ.

Фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонид, сæрмагондæй загъта: «Цытджын Дмитри Анатолийы фырт, Хуссар Ирыстоны адæм кæддæриддæр хорз зæрдæ дарынц дæумæ. 26 августы мах банысан кодтам, Уæрæсейы Федераци нын нæ хæдбардзинад куы банымадта æмæ æмбæлон Барамындыл дæ къух куы æрфыстай, уыцы цауыл 8 азы сæххæсты бæрæгбон. Мадзал ацыд нæ бæстæты æрбаввахсдæр кæныны идеяимæ. Абон махæн ис бирæнымæц паддзахадон проекттæ æххæст кæныны фадат, æмæ уый фæрцы нæ республикæ ивы хорзæрдæм».

Дмитри Медведев, йæхи рады, бузныг загъта Тыбылты Леонидæн форумы куысты йæ хайадисты тыххæй, æмæ банысан кодта йæ хайбавæрд дыууæ паддзахады æнгом кæныны хъуыддагмæ.

«Æхсызгон мын у, Хуссар Ирыстон размæ кæй цæуы. Мах 2008 азы цы хъуыддæгтыл  тох кодтам, уыдон хъахъхъæд æрцыдысты æмæ нæ бæстæты, нæ адæмты æхсæн æнгомдзинад дарддæр дæр рæзы. Иннæ хъуыддæгтæ та сты нæхи бæрны. Зæрдиагæй уын мæ цæст уарзы æнтыстытæ. Хуссар Ирыстоны адæмæн та радт зæрдиаг салæмттæ», – загъта Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар, æмæ сразы ис Тыбылты Леониды фæндоныл Хуссар Ирыстонмæ балцы æрцæуыны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.