20 марты горæты библиотекæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, историон зонæдты кандидат, публицист æмæ æхсæнадон архайæг Хъуылымбегты Робертæн уыд фембæлд библиотекæйы кусджытæ æмæ чиныг-кæсджытимæ.
Фембæлды хайад райстой ахуырад, зонад, культурæ æмæ æндæр уагдæтты минæвæрттæ.

Роберты зонадон æмæ публицистон архайды тыххæй доклад сарæзта библиотекæйы директор Прокопенко Иринæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Роберты ирон адæм, сæйраджыдæр, базыдтой Хуссар Ирыстоны Паддзахадон телеуынынадæй. Телеуынынады сырæзт хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыдис, æмæ йæм йæ бавæрд бахаста Роберт дæр цалдæр йæхихуызæн æнувыд æмбæстагимæ. Фæстæдæр, Роберт йæ сæргъ куы слæууыд, уæд æм йæ бакæныны хæдразмæ цы хъуыдытæ æмæ фæндтæ уыд, уыдон райдыдта æххæст кæнын. Ралæвæрдты нымæц кодта фылдæр, уыимæ хуыздæр кодта сæ гъæд дæр. Се ‘хсæн уыд æхсæнадон-политикон, ахуырад æмæ зонады, сæудæджерадоны, хъæууонхæдзарады спорт æмæ æндæр ахæмты фæдыл æнæмæнгхъæуæг алæвæрдтæ.

Роберт цалдæр азы размæ ацыд телеуынынадæй, фæлæ нæ ныууагъта мыхуыры кусæджы куыст. Иу рæстæг уыд газет «Южная Осетия»-йы редактор. Ныртæккæ кусы газет «Республикæ»-йы. Газеты фæрстыл мыхуыр кæны нæ истори, культурæ, аивад, æгъдæуттæ æмæ националон традициты темæтыл цымыдисон цаутæ. Йæ уацтæ мыхуыр цæуынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны газеттæ æмæ журналты. Робертæн йæ уацтæм газет æмæ журналкæсджытæ фенхъæлмæ кæсынц æмæ сæ фæкæсынц стыр цымыдисимæ. Уымæн æмæ хъæздыг сты нæ адæмы раздæры æмæ абоны царды хабæрттæй. Йæ ахæм куыст æмæ арæхстдзинæдты тыххæй Робертæн лæвæрд æрцыдис «Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист» æмæ «Зонæдты сгуыхт архайæг»-ы кадджын нæмттæ. Хорзæхджын ма у Хæлардзинад æмæ Кады ордентæй дæр.

Æрæджы хъуыстон йæ интервьютæй иумæ æмæ загъта, зæгъгæ, кæддæр йæ разы цы хæстæ æвæрдта, уыдон æххæст æрцыдысты. Роберт цы чингуытæ рауагъта, уыдон, мæ хъуыдымæ гæсгæ, сты не ‘взонг паддзахады хъæздыгдзинад.  Уый ма бæрæг у уымæй æмæ йын  иу чиныджы тыххæй лæвæрд кæй æрцыдис Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон преми.

– Афтæ нæ зæгъын æмæ Роберты чингуыты се ‘ппæты бакастæн, фæлæ дзы кæй нæ бакастæн, уыдоныл дæр ахæссын мæ цæст, базонын, дзырд сæ цæуыл фæцæуы, уый. Ахæм цымыдисон факттæ сæ ис æмæ адæймаджы нал фæфæнды чиныг бахгæнын дæр, – йæ раныхасы дзырдта библиотекæйы кусæг Колыты Азæ.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, библиоте-кæйы чиныгкæсæг Гæбæраты Фатимæ бузныг загъта библиотекæйы кусджытæн, ахæм цымыдисон æмæ ахсджиаг мадзæлтæ арæх кæй бацæттæ кæнынц, уый тыххæй.

«Роберты тыххæй ахæм мадзал кæй бацæттæ кодтат, уымæй бакодтат раст. Уымæн æмæ Роберты хуызæн æмбæстæгтæн хъæуы кад æмæ аргъ кæнын. Уый æрмæст хорз историк, хорз журналист нæу, фæлæ ма у иттæг хорз адæймаг дæр. Уарзы йæ ирон адæмы æмæ сын стыр тырнындзинадимæ лæггад дæр кæны», – загъта уый.

Нæ горæты культурæйы хайады сæргълæууæг Тасойты Игорь дæр арфæ ракодта библиотекæйы кусджытæн сæ радон мадзалмæ Хъуылымбегты Роберты кæй фæхуыдтой, уый тыххæй. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, адæймагæн стырдæр æмæ хуыздæр кад кæнын хъæуы цалынмæ не ‘хсæн вæййы, уæдмæ.

«Роберты хуызæн æмбæстæгтæ бирæ нæ вæййынц. Æз стыр цымыдисимæ фæныхас кæнын йемæ, уымæн æмæ нæ вæййы афтæ æмæ дзы ног цыдæр ма фехъусон æмæ ма базонон. Тынг æхсызгон æнкъарæнтимæ фембæлын йæ чингуыты рацыдыл. Уымæн æмæ мæн фæнды, цæмæй фылдæр зонон нæ фыдæлты цардæй», – загъта Игорь.

Роберты тыххæй ма сæ хъуыдытæ æмæ фæндиæгтæ дзырдтой библиотекæйы кусджытæ Къæбысты Валентинæ, Тедеты Эльзæ, Гуыззыдтаты Этери, зарæггæнæг Харебаты Вадим, газет «Хурзæрин»-ы уацхæссæг Гæззаты Иван æмæ æндæртæ.

Фембæлды кæронбæттæны раныхас кодта Хъуылымбегты Роберт йæхæдæг. Уый банысан кодта, зæгъгæ, æхсызгон æнкъарæнтимæ хъуыста алкæмæ дæр æмæ сын сæ ар-фæтæ æмæ фæндиæгты тыххæй зæгъы стыр бузныг. «Стыр бузныг ма уын, мæ куыстытæ æмæ мын мæ чингуытæн ахæм хорз аргъ кæй скодтат, уый тыххæй. Ныфс æвæрын, дарддæр дæр кæй архайдзынæн, Ирыстон æмæ ирон адæмы фæрныгадæн кæй кусдзынæн ноджы стырдæр тырнындзинадимæ», – загъта уый.

Гæззаты иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.