Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны бæрæгбонмæ Цхинвалмæ æрцыд делегаци Луганскы Адæмон Республикæйæ. Делегацийы сконды уыдысты Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар Владимир Дегтяренко, Паддзахадон æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады, барадхъахъхъæнæг органты æмæ тæрхондонон системæйы, закъондзинад, адæймаджы æмæ æмбæстаджы бартæ æмæ сæрибардзинад хъахъхъæныны фарстыты фæдыл комитеты Сæрдар Виталий Морозов æмæ Лутугинскы агуыриаразæн завод «Литос»-ы æххæстгæнæг директор Игорь Мацюк.

Луганскаг уазджыты йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид. Фембæлды уыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фарстыты фæдыл комитеты Сæрдар Коцты Игорь æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Администрацийы мидæггагон политикæйы управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Цоциты Алан.

Тыбылты Леонид «æгасцу» загъта уазджытæн, уыимæ ма сын загъта бузныджы ныхæстæ дæр, рæстæг кæй ссардтой, кæй æрцыдысты æмæ Хуссар Ирыстоны адæмимæ иумæ хайад кæй исынц республикæйæн нысаниуæгджын бон – Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады банымадыл аст азы сæххæсты бæрæгбонон мадзæлтты.

«Ахæм нысаниуæгджын бон Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыдыстут æмæ нæ адæмы циндзинадыл кæй цин кæнут, уый символикон у. Нæ хæдбардзинад нын Уæрæсейы Федераци куы банымадта, уæдæй рацыд аст азы æмæ уал азы мах цæрæм сæрибар, нымад паддзахады, æмæ нын æфсымæрон бæстæтимæ цы ахастытæ ис, уыцы нымæцы Луганскы Адæмон Республикæимæ дæр, уыдон рахызтысты ног, бæрзонд æмвæзадмæ, ныр семæ ныхас кæнæм æмбарæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ сæйраг стратегион партнер у Уæрæсейы Федераци», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй Луганскы Адæмон Республикæйы адæм дæр, Хуссар Ирыстон цы фæндæгтыл рацыд, уыцы фæн-дæгтыл цæуынц.

«Абон сымах дæр нæ фæндагыл цæут, æмæ мæ уæ адæмæн фæнды æнтысты фæндиæгтæ зæгъын. Æрæджы знаджы къух республикæйы сæргълæууæгмæ бæххæссынмæ кæй бахъавыд, уый махæн тынг хъыг уыд æмæ йын абон мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, Луганскы Адæмон Республикæйæн та мæ фæнды, цæмæй уый дæр райса, Хуссар Ирыстонæн цы контуртæ ис, уыцы контуртæ. Куыддæриддæр нæм Луганскы Адæмон Республикæйы къухдариуæгад бахатыд, афтæ уын уæ хæдбардзинад дæр уый тыххæй банымадтам», – загъта Тыбылты Леонид æмæ бузныджы ныхæс-тæ загъта Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Игорь Плотницкийы адресыл, хуссарирыстойнаг республикæ æмæ адæммæ йæ хæларадон ахасты æмæ фарсхæцынады тыххæй.

Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар Владимир Дегтяренко йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта Тыбылты Леонидæн, цытджын мадзæлтты хайад райсынмæ сæ кæй фæхуыдта, уый тыххæй æмæ бæрæгбоны цытæн Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Игорь Плотницкийы номæй арфæйы ныхæстæ загъта Президентæн æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн.

«Бузныг стæм, кæй нæ фæхуыдтат, уый тыххæй, уымæн æмæ æмбарæм, ацы бæрæгбон сымахæн куыд ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын у. Сымах хъæбатырæй бахъахъхъæдтат уæ хæдуагæвæрд, уæ паддзахаддзинад æмæ уæ хæдбардзинад дæр нæ сæйраг цæдисон – Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй рæстагæй нымад æрцыд. Уый уыд æппæт ирон адæмы тырнынад æмæ бæллиц. Ныр мах дæр уыцы фæндагыл лæууæм, уымæ тырнæм æмæ æнхъæлмæ кæсæм нæ радмæ. Мах дæр тугæй сбæлвырд кодтам нæ хæдуагæвæрд, æмæ дунейæн фенын кодтам, сæрыстыр, æнæбасæтгæ адæм кæй стæм, кæцы нæ ныббардзæн æмæ нæ бабыхсдзæн неофашизм. Мах дæр Уæрæсейы адæмы хай стæм æмæ уæхски-уæхск лæууæм семæ æмæ цæуæм, сымах цы фæндагыл рацыдыстут, уыцы фæндагыл», – загъта Владимир Дегтяренко.

Фембæлды кæронбæттæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид уазджытæн балæвар кодта зæрдылдарæн монетæтæ Хуссар Ирыстоны аргъуанты нывтимæ.

ОСИАТЫ Индирæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.