РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы делегацийы, йæ сæргъ Уæрæсейы зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры директор, физикон-математикон зонæдты доктор, профессор, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы зонæдты сгуыхт архайæг Къусраты Анатоли, аф-тæмæй.

Уазджытæ банысан кодтой, зæгъгæ, сын æхсызгон у радон хатт Хуссар Ирыстоны кæй сты, уый. «Махæн тынг æхсызгон у Хуссар Ирыстоны алцыдæр хорз кæй у, арæзт дзы кæй цæуынц хæдзæрттæ, фæндæгтæ æмæ æндæр объекттæ. Стыр бузныг дæ архайды æмæ дæ республикæйæн цы аразыс, уый тыххæй», – загъта делегацийы уæнг Бигъуылаты Людмилæ.

Цæгат Ирыстоны зонæдты зылдты минæвæрттæн сæ визиты тыххæй арфæ кæнгæйæ, хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг, йæ рады ралæууыд Цхинвалы зонадон центры филиал бакæныны фæндонимæ.

«Ахæм перспективон æмæ престижон зонадон центры филиал саразыны перспективæтæ тынг хорз сты. Уый у тынг хорз æххуыс нæ ахуыргæндтæн æмæ æвзонг фæлтæрæн. Мах тырнæм уыдонæн баххуыс кæнынмæ. Фæнды мæ, цæмæй ахъуыды кæнат ацы цымыдисон фæндоныл», – загъта уый.

Къусраты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы зонады серьезон реформæтæ æрцæуыны фæстæ зонадон центры фадæттæ бæрæгæй фæивтой.

«Реформæты фæстæ центрæн фæзынд фылдæр фадæттæ, æмæ мах аскъуыддзаг кодтам хуссарирыстойнаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæн нæ бон цæмæй у баххуыс кæнын, ууыл æруынаффæ кæнын. Куысты процессы мах сараздзыстæм кусæгон къорд, кæцы бакусдзæн æппæт фарстыты аскъуыддзаг кæныныл», – загъта Къусраты Анатоли.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Цæгат Ирыстон дæр æмæ Хуссар Ирыстон дæр зындзинæдтæ æвзарынц ахуыргонд кадртæй æмæ фæндон бахаста геологийы факультетæн зонадон-ахуырадон базæ саразыны фæдыл, архайды ацы хуыз спопуляризаци кæныны тыххæй.

«Нырыккон Ирыстоны практиконæй нал баззад геологтæ, уыдон цъус сты. Ис проблемæтæ специалисттæ кæй нæй, уый фæдыл æмæ уыдон та æнæмæнгхъæуæг сты. Мах куы æрбакæнæм фылдæр фæсивæды æмæ сæ куы сахуыр кæнæм, уæд куыд фæстагмæ махмæ фæзындзæн фæлтæрдджын кадртæ», – банысан кодта Къусраты Анатоли.

Дзæуджыхъæуы зонадон центр, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет æмæ Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ‘хсæн раздæр дæр реализаци цыдысты иумиаг проекттæ Æмгуыстад æмæ интеграцийы Бадзырды фæлгæтты.

Уазджыты хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Дзæуджыхъæуы центры филиал ба-кæнын суыдзæн республикæйæн нысаниуæгджын цау. Аспирантурæмæ студенттæ исын план кæнæм бюджетон бындурыл. Уæрæсейы зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры директоры ныхæстæм гæсгæ, фæрсты бахъæудзæн къорд экономикон æмæ юридикон фарстытыл æруынаффæ кæнын.

РХИ-йы Президенты

официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.