РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлд Цæгат Ирыстоны фыццаг ахуырады фæсивæдон форум «Ног фæлтæр»-ы организатортимæ, кæцы йæ куыст фæцис ивгъуыд къуырийы. Фембæлды ма хайад райста Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Пухаты Константин.

Зæрдыл лæууын кæнæм, форум «Ног фæлтæр»-ы,  кæцы райдыдта Цæгат Ирыстоны Дыгуры районы пансионат «Урсдон»-ы, хайад кæй райстой ирон фæсивæды 350 минæварæй фылдæр Уæрæсе æмæ дунейы бæстæты алыгъуызон горæттæй, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстонæй дæр.

Тыбылты Леонид раарфæ кодта уазджытæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта проект «Ног фæлтæр»-ы къухдариуæггæнджытæн, хуссарирыстойнаг фæсивæды кæй фæхуыдтой форумы хайад райсынмæ, уый тыххæй.

«Стыр хъыгагæн, сæвзæргæ уавæртæм гæсгæ, мæнæн мæ бон не ссис форум «Ног фæлтæр»-мæ бацæуын, фæлæ уырдæм ацыд Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Пухаты Константин, кæцы мæ номæй бакаст мæ арфæ Ирыстоны фыццаг фæсивæдон форумы организатортæ æмæ хайадисджытæм, кæцыйы æз сыгъдæг зæрдæйæ банысан кодтон æппæт мæ фæндиæгтæ», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, ахæм мадзæлттæ ахъаз сты ирон фæсивæды минæвæртты æрбаввахс кæнынæн æмæ æнгом æмахастытæ сфидар кæнынæн, уыцы иу рæстæджы сæ иппæрд кæнынц алыгъуызон негативон æндæвдадтæй. Уымæ гæсгæ, паддзахады сæргълæууæг куыд нымайы, афтæмæй форум «Ног фæлтæр»-ы куыст хъæуы адарддæр кæнын.

Проект «Ног фæлтæр»-ы къухдариуæггæнæг Бæззаты Алан фехъусын кодта, зæгъгæ, план цæуы, цæмæй форум уагъд цæуа æрвылаз дæр æмæ фидæнмæ уагъд æрцæудзæн стырдæр масштабы, 500 хайадисæгæй йæм фылдæры æрбахонгæйæ. Афтæ ма Бæззаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны делегацийы къухдариуæггæнджытимæ консультациты фæстæ план цæуы, цæмæй форумы ном “Цæгат ирыстойнаг”-æй раивд æрцæуа “Æппæтирыстойнаг”-мæ, кæнæ та Фæсивæдон-ахуырадон форум “Алантæ”-мæ.

Фембæлды кæрон форумы ор-ганизатортæ Тыбылты Леонидмæ радтой арфæйы фыстæг Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæйы рæзтмæ йæ бавæрды тыххæй.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.