Парти «Иугонд Ирыстон»-ы Дзауы районы регионалон хайады къухдариуæггæнæг Санахъоты Сослан æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат Джиоты Инал 6-æм ноябры сæ-химæ райстой районы цæрджыты. Ардæм æрбацыд дыууадæс адæймаджы æндæр æмæ æндæр фарстатимæ. Уыдон ‘хсæн уыдысты сæкæрнизæй рынчынтæ, сæ домæн уыд, цæмæй сын Дзауы рынчындоны уа дохтыр-эндокринолог. Бæрæг куыд у, афтæмæй æрмæст поселочы  сæкæрнизæй рынчынты нымæц у 45-æй фылдæр æмæ уыдонæй бирæтæн сæ бон нæ вæййы алы хатт хос кæ-нынмæ Цхинвалмæ ацæуын. Цыбыр дзырдæй, æрдомдтой, цæмæй къуыри иу хатт уæддæр, Дзауы хосгæнæн уагдонмæ æрвыст цæуа дохтыр-специалист. Депутат Джиоты Инал сын загъта, зæгъгæ, зонгæ у ацы проблемæимæ æмæ сын ныфс бавæрдта ацы фарста кæй фæхæццæ кæндзæн Æнæниздзинад хъахъ-хъæныны министрмæ æмæ цы бахъæуа, уæд республикæйы Президент Бибылты Анатолимæ дæр.

Джиоты Инал ныфс бавæрдта æрбацæуджытæн, фадат куыд амоны, афтæ сын кæй аскъуыддзаг кæндзысты сæ проблемæ.

Сæхи фарстатимæ æрбацыдысты Барсы хъæуы цæрджытæ дæр. Бæрæг куыд у, афтæмæй хъæуæн ныр 15 азæй фылдæр нæй дон. Бирæ хæттыты бахатыдысты æндæр æмæ æндæр инстанцитæм, цæмæй сын хъæумæ дон рауагътаиккой, фæлæ дзæгъæлы. Барсы хъæуы цæрджыты ныфс ис ныры Хицауадæй, уæлдайдæр та республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ парти «Иугонд Ирыстон»-æй, кæй ас-къуыддзаг кæндзысты ацы фарст æмæ бахатыдысты Джиоты Инал-мæ, цæмæй сын сæ домæн фæхæццæ кæна Президент æмæ Хицауадмæ.

Дзауы районы цæрджыты проблемæтæй иу цалдæр скъуыддзаг æрцыдысты бынаты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.