5-æм августы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд Турчы æмæ Венгрийы цæрæг ирæтты иу къорд, сæ сæргъ  РЦИ-Аланийы национ ахастыты фарстыты фæдыл министры хæстæ æххæстгæнæг Хæдыхъаты Сослан, афтæмæй. Хуссарирыстойнаг цæрджытæ уазджытыл сæмбæлдысты райзæрдæйæ,  куыд се ‘ввахс хиуæттыл, афтæ. Дыууæ боны дæргъы уыдон æмбæлдысты се ‘мтуг ирон адæмимæ æмæ афтæмæй кæрæдзийыл цин кодтой.

Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты конференц-залы уазджытимæ фембæлд уыд хуссарирыстойнаг интеллигенцийы æмæ дзыллон-информацийы фæрæзты минæвæрттимæ. Залмæ æрбамбырд бирæ адæм, уымæн æмæ алкæйы дæр фæндыд дард фæсарæнты цæрæг се ‘мтуг ирæтты лæгæй-лæгмæ фенын. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ делегациты сконды кæй уыдысты зынгæ адæймæгтæ. Зæгъæм, Мехмет Шериф Канык (Хъаныхъуаты) у стыр амалиугæггæнæг автоцалхы уадзынæй, кæцы материалон æххуыс кæны Турчы ирон студенттæн. Жале Кушхан (Пухаты) у Турчы мыдадзæй конд фигурæтæй иунæг музейы хицау. Йæ коллекцийы сты зынгæ адæймæгты фигурæтæ – Ататюрк, Ченгиз Хан, Наполеон, Принцесса Диана, Ленин, Сталин, Казанова, Леонардо да Винчи æмæ æндæртæ. Венгриаг ясты делегацийы сконды уыдысты горæт Ясберены мэры хæдивæг Сатмари Анталне. Литературæйы ахуыргæнæг Бела Ковач, зынгæ археолог Ласло Шелмаци.

Фембæлды райдианы уазджытæн æмæ æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Пухаты Къоста. Уый банысан кодта, зæгъгæ, дард фæсарæнты цæрæг не ‘мтуг ирæттæ сæ фыдæлты зæхмæ кæй æрцыдысты, уымæн ис стыр нысаниуæг. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта уазджытимæ.

Йæ фæстæ раныхас кодта зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт. Уый дæр раарфæ кодта уазджытæн сæ историон Райгуырæн бæстæмæ кæй æрцыдысты, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, нæ ахæм фембæлдытæ кæрæдзимæ æрбаввахс кæндзысты. «Махæн ирон диаспорæтæ ис кандУæрæсейы Федерацийы территорийыл нæ, фæлæ дард æмæ æввахс фæсарæнты дæр. Ис нын æмархайдтыты тыххæй нæхи программæ дæр. Уæрæсейы нын ис 47 диаспорæйы æмæ дард æмæ æввахс фæсарæнты та – 17 диаспорæйы бæрц. Фидæны мах бацархайдзыстæм, цæмæй диаспорæты нымæц фæфылдæр уа. Хорз уаид æмæ бастдзинæдтæ арæзт куы æрцæуиккой горæтты ‘хсæн дæр, уымæн æмæ ацы фарсты тыххæй дзырдтой нæ бæстæйы историктæ раздæр дæр».

Профессор, ирон литературæйы патриарх, фыссæг, ахуыргонд æмæ публицист Джусойты Нафийæн кæд йе ‘нæниздзинад нывыл нæ уыд, уæддæр йæ хæсыл банымадта фембæлдмæ æрбацæуын æмæ уазджыты йæхи цæстæй фенын. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр цымыдисон уыд ахуыргондмæ хъусын: «Тынг æхсызгон мын у абон не ‘мтуг ирон адæмы Ирыстоны уынын. Мах хъуамæ арæхдæр æмбæлæм, уымæн æмæ ахæм фембæлдтытæ рæзгæ фæлтæрæн суыдзысты стимул æндæр бæстæты цæрæг се ‘мтуг ирæтты базонынæн. Мах хъуамæ рæзгæ фæлтæры кæрæдзиимæ зонгæ кæнæм. Уый стыр пайда уаид, цæмæй уыдон ма рох кæной сæ мадæлон æвзаг, ма рох кæной чи сты, уый. Уымæн æмæ цалынмæ нæ мадæлон æвзагыл дзурæм, уæдмæ уыдзыстæм ирæттæ, науæд мах фесæфдзыстæм куыд наци, афтæ». Джусойты Нафи Ленинграды аспирантурæйы куы ахуыр кодта, уыцы азтæй æрæмысыд иу цау. «Адæймаг æндæр адæмы ‘хсæнмæ куы ахауа, уæд куыд хъуамæ дара йæхи? Цæмæй-иу аспирантурæмæ рæстæгыл бахæццæ уыдаиккам, уый тыххæй-иу мæ хъуыд хæдзарæй рагацау рахизын, уымæн æмæ-иу автобусты, трамвайты бынат нал уыд. Иу хатт ме ‘мбал Пæррæстаты Андреимæ сбадтыстæм кæрæдзийы фарсмæ, фæлæ уæдмæ трамваймæ схызт иу ацæргæ боцъоджын нæлгоймаг. Æз уайтагъд мæ бынатæй фæгæпп кодтон æмæ йын бынат радтон. Андрей дæр фæгæпп кодта. Уый сцымыдис æмæ мæ цалдæр хатты афарста, зæгъгæ, цы адæмы хаттæй дæ. Æз ын нырма нæ дзуапп кодтон, фæлæ мæ ноджы куы афарста, уæд ын загътон ирæттæ кæй стæм, уый. Нæлгоймаг мæм æрбакаст æмæ мын афтæ бакодта, зæгъгæ,  æз афтæ дæр ахъуыды кодтон, уымæн æмæ, дам, æз фондз азы куыстон Цæгат Кавказы æмæ ахæм хæрзæгъдау ирон адæм сты. Сымах дæр фæдзæхсын, цæмæй хъахъхъæнат уæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ традицитæ. Уадз, æмæ цы бæстæты цæрут, уым дæр базоной ирон адæмы хæрзæгъдаудзинады тыххæй».

Цымыдисон уыд профессор Битарты Зояйы раныхас дæр. «Æгас нæм цæут, нæ туг, не стæг, не ‘мтуг ирон адæм. Махæн стыр æхцондзинад æрхаста абон не ‘хсæн кæй стут, уæ сæрибар рæстæгæй кæй спайда кодтат мах тыххæй. Зын у залы чи бады уыдонæн, зын та уымæн у, æмæ цæмæннæ стæм иумæ, цæмæннæ стæм иу Фыдыбæстæйы. Уый стыр фарст у, тынг стыр проблемæ у, фæлæ йыл дзурын хъæуы. Абайты Васойы загъдау, иу адæмы хатт дæр, дам, нæй ахæм, кæцытæ афтæ, гъæйтт мардзæ уыдысты сæ Фыдыбæстæйæ æндæр рæттæм фæцæуынмæ. Нæ фыдæлтæ Китайæ Цæгат Африкæмæ ныууагътой сæ фæд. Уыдонæй иу у Венгрийы цы Ясты область ис, уый. Иу рæстæджы нæ ахуырады минæвæрттæ уыдысты уым, куыд туристтæ, афтæ æмæ уырдыгæй куы æрцыдысты, уæд нæ дисты бафтыдтой, æмæ дзырдтой, зæгъгæ, уыцы адæмы æвзаджы уыйас ирон дзырдтæ ис æмæ сæ æнæмæнгæйдæр хъæуы сахуыр кæнын. Стыр, хъыгагæн, мах нырма абон уый онг нæма бахæццæ стæм. Зæгъын мæ фæнды уый, æмæ уыцы æвзаджы æрмæг сæрысуангæй загъта сæхи венгриаг ахуыргонд Мукачи XX-æм æнусы райдианы. Зæгъгæ, венгриаг æвзаджы ис 10 ирон алайнаг дзырды, уый фæстæ сыл бакуыста венгриаг æвзаджы дæсны æмæ уый та загъта, зæгъгæ, дзы ис 40 ирон-алайнаг дзырдты. Абайты Васо уыцы хъуыды райста йæхимæ, уыцы хæс æрæвæрдта йæ разы, сахуыр кодта æмæ ма дзы ноджыдæр ссардта 91 дзырды. Уæдæ иууыл иумæ абон венгриаг æвзаджы  ирон-ирайнаг-алайнаг дзырдтæ ис 141. Мæнмæ афтæ кæсы æмæ уый у хæрз цъус. Уымæн æмæ уыдон ноджыдæр лæмбынæгæй хъæуы сахуыр кæнын.

Иттæг æхсызгон у мæнæн уый æмæ абон не ‘хсæн кæй сты, кæй нæм æрцыдысты ахæм стыр ахуыргонд адæм. Мæнмæ ис ахæм куырдиат, ацы ахуыр адæм махмæ куы рарвитиккой студенттæ, сæ фæсивæды æмæ сæ мах ам иронау куы сахуыр кæниккам, уыдон венгриагау æмæ англисагау дæр зондзысты». Битарты Зоя уазджытæн балæвар кодта  абеты чингуытæ.

Ирыстоны Фысджыты æмсæрдар Хъазиты Мелитон дæр раарфæ кодта уазджытæн сæ фыдæлты зæхх кæй нæ рох кæнынц æмæ абон Хуссар Ирыстонмæ дæр кæй фæуазæг сты, уый тыххæй. «Стыр бузныг ирондзинад уæ зæрдæты кæй ис. Абоны онг сымах иронау кæй дзурут, уый стыр хъуыддаг у æмæ мын стыр æхсызгон у. Цалынмæ адæм дзурой мадæлон æвзагыл, уæдмæ наци нæ фесæфдзæн. Абон сымах ам кæй стут, уый дзурæг у ууыл, æмæ уæ фыдæлты бæстæ кæй нæ рох кæнут».

Турчы ирон диаспорæйы сæргълæууæг Садреттин Кушоглу радзырдта йæ мадæлон æвзаг куыд бахъахъхъæдта, уый тыххæй. «Мæнæн мæ ныййарджытæ хæдзары дзырдтой иронау æмæ абоны онг дæр дзурæм иронау. Мах Туркмæ куы æрцыдыстæм, уæд иу туркаг ныхас дæр нæ зыдтон æмæ уый тыххæй сывæллæттæ нæ хъазыдысты мемæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фæстæ сахуыр дæн туркагау. Æз мæхдæг мæ сывæллæттимæ дзурын иронау, фæлæ уыдон сыстыр сты, бацыдысты скъолатæм, уæлдæр ахуыргæнæндæттæм, æмæ хъуыстой туркаг ныхас æмæ бар æнæбары райдыдтой туркаг æвзагыл дзурын, фæлæ уæддæр æмбарынц иронау. Мах тырнæм, цæмæй ма фесафæм нæ мадæлон æвзаг». Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ирæттæ цы бынæтты цæрынц, уымыты архайынц ирон æвзаг ахуыр кæныныл. Загъта ма, зæгъгæ, уыдон хонынц ахæм специалистты, кæцытæ сын сæ сывæллæттæн амониккой ирон æвзаг. Садреттин Кушоглу Джусойты Нафийæн балæвар кодта фыссæн сис.

Раныхас кодта венгриаг этнограф, историк æмæ археолог Ласло Шелмеци. «Мæ зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ, æз уæ разы лæууын сыгъдæг зæрдæйæ. Æз райдыдтон фыццаг къахæггæгтæ къахын 20 азы размæ Ясшагы территорийыл. 1902 азы Киевы уыд конференци æмæ уым фыццаг хатт уыд археолог Венгрийæ. Ацы конференцийы раныхас кодта тынг кадджын уырыссаг археолог, кæцы фыццаг æрдзырдта ястæн алантæм цахæм ахастытæ ис, уый тыххæй. Историктæ быцæу кодтой, зæгъгæ, кæцы азы ацыдысты сæ райгуырæн бæстæйæ ястæ Венгримæ 13-æм æнусы æви фæстæдæр. Æз цымыдис кодтон нæ фыдæлтæ кæцæй æрцыдысты. Мæ къахæггæгтæ сбæлвырд кодтой, зæгъгæ, нæ культурæйы бирæ ис æмхуызондзинад. Профессор Кузнецов дæр сбæлвырд кодта, ястæ ацы зæххæй кæй сты, уый, фæлæ æз абоны онг никуы ма уыдтæн ацы зæххыл. Æз тынг бирæ зыдтон уæ адæмы тыххæй, фæлæ хуыздæр у фембæлын, уе ‘гъдæуттæ, традицитæ базоныны тыххæй. Мæнæн тынг æхсызгон у, абон ме ‘фсымæртæм кæй æрцыдтæн, уый. Абон æз залы кæсын уæ цæсгæмттæм æмæ мæм афтæ кæсы, цыма Ясшагы мæ сыхæгты, мæ хæстæджыты уынын, афтæ».

Ныхасы рацыд венгриаг зынгæ литературæзонæг Бела Ковач, кæцы венгриаг æвзагмæ ратæлмац кодта Нарты эпосы. «Нарты эпосы дзырд цæуы Нарты хъайтарты тыххæй æмæ венгриаг ястæ æмæ ирæттæ та иу туг сты. Уымæ гæсгæ æз ратæлмац кодтон Нарты эпосы, цæмæй ястæ базонгæ уыдаиккой Нарты эпосимæ. Æз стыр цымыдисимæ ратæлмац кодтон ацы диссаджы уацмыс. Фæстæдæр ма æз ратæлмац кодтон, ирон адæмон аргъæутты, æмæ уырыссаг æвагæй та – Соломоновы. Ирыстоны дæн æртыккаг хатт æмæ хъуыды кæнын афтæ æмæ мæ визиттæ ууыл кæй нæ фæуыдзысты».

Ясбернæй студент Балаж Янчик ахуыр кæны археологи æмæ йæ фидæны фæнды алантæ æмæ ясты ‘хсæн бастдзинæдтæ раиртасын. «Æз фыццаг хатт дæн Хуссар Ирыстоны. Æз хорз зонын кæй ис Цæгат  æмæ Хуссар Ирыстон. Проекты фæлгæтты мах уыдыстæм дыууæ Ирыстоны дæр æмæ дыууæ дæр мæ зæрдæмæ фæцыдысты. Фидæны хъæуы контакттæ рæзын кæнын».

Нилай Кайаш (Хъабанты) кусы Стамбулы скъолатæй сæ иуы. Уый фыццаг хатт æрцыд Ирыстонмæ. «Махæн нæ зæрдæмæ тынг фæцыд Ирыстоны æрдз, фæлæ уæлдай тынгдæр та – адæм. Ссардтон дзы ног хæлæртты. Турчы нын ис æхсæнад «Алан» æмæ уым фæнысан кæнæм ирон бæрæгбонтæ».

Айча Кайаш дæр цæры Стамбулы. Уымæн дæр йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг ирæттæ. «Ирыстонмæ æрцæугæйæ, æз мæхи æнкъардтон мæ хæдзары. Æцæг Ирыстон мæ историон Райгуырæн бæстæ у. Турчы цæргæйæ, мах, кæй зæгъын æй хъæуы, зыдтам Ирыстоны тыххæй. Мах алцыдæр зыдтам Хуссар Ирыстоны алыварс цæуæг цауты  тыххæй. Мах цин кæнæм йе’нтыстытыл».

Фембæлды ма раныхас кодтой Джусойты Нафийы хо Клавдия, Цхуырбаты Мира, Тедеты Лива.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.