Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы хистæр Бибылты Ацæмæз фембæлдысты Цхинвалы районы Дменисы хъæуы цæрджытимæ.

Фембæлды инициатортæ уыдысты цæрджытæ сæхæдæг. Уыдоны ныхæстæм гæсгæ хъæуы рагæй ис зæххы арендæйы исыны проблемæ. Ацы фарсты фæдыл цæрджытæ хъаст кодтой бынæттон органтæм, районы администрацимæ, фæлæ уыдоны ‘рдыгæй ницы хъусдард уыди.

Хъæуы цæрджытæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй цалдæр азы дæргъы æнæ-хъæн территори, Дменисы хъæуæй райдайгæйæ суанг Зонкъары донуаты онг уыд æхгæд. Адæмæн нал уыд сæ рæстæг æрдзы хъæбысы арвитыны фадат зæххы хæйтты хицæуттæй.

Дменисы хъæуы цæрджыты быхсынад фæци, арендатортæй сæ иу Чысыл Леуахийы фарс хиды цур зæххы хай, куы сæхгæдта, уæд. Уым-иу бынæттон цæрджытæ уагътой сæ фæллад.

Цæугæдонмæ бахизæны æрæвæрдтой шлагбаум, æмæ уымæй хъæуы цæрджытæ тынг сызнæт сты, уымæн æмæ сын донмæ бацæуæн дæр нал ис. Уымæ гæсгæ уыдон бахатыдысты республикæйы къухдариæуæгадмæ.

Фембæлды дзырд цыд ацы фарстытыл.

Хъæуы цæрæг Хуриты Ибрагим радзырдта, абоны бон бынæттон цæрджытæн кæй нæй, сæ сæрибар рæстæг кæм арвитой, ахæм бынат.

«Абон нын нæй Чысыл Леуахийы былгæрон территори-тæм бацæуыны фадат. Зæххы хæйттæ райстой арендæйы, æмæ уырдæм никæйуал уадзынц, сæхи сæ хонынц. Æмæ мах та куыд бакæнæм, фæнды нæ доны хи найын, æрдзы хъæбысы абадын. Куыд кæной, горæтæй ардæм чи æрбацæуы йæ бинонтимæ улæфынмæ? Æрæджы сæ иу сæхгæдта зæххы хай цæугæдонæй суанг хиды онг, уырдæм-иу сæрды æрбацыдысты адæм», – загъта Хурийы фырт.

Уый ныхæстæм гæсгæ, уыдис ахæм хабар дæр, æмæ уыцы ахст территориты хицæуттæ истой æхца, сæ сæрибар рæстæг æрвитынмæ сæм чи цыди, уыдонæй.

Лолоты Николай та, зæгъта, зæгъгæ, зæххы хæйттæ куы сæхгæдтой, уæд ын нал ис йæ фосæн хизæнуат.

«Зæххытæ сæхгæдтой, цæугæдонæй райдайгæйæ. Уырдæм бахаудысты быдыртæ, улæфæн бынæттæ. Ныр мын нал ис, мæ фос кæм хизон, уый. Уымæй бынæттон цæрджыты цард фæзындæр ис», – загъта Лолоты фырт.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, арендæйы ист зæххытæ афæдзгæйтты вæййынц æхгæд, æмæ дзы аразгæ дæр ницы кæнынц.Хъæуы цæрджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй Къохаты, Уанаты, Сацхенеты, Белоты æмæ Зонкъары хъæуты территорийæн сæ фылдæр сты арендæйы ист.

Къухдариуæгады минæвæрттæ байхъуыстой хъæуы цæрджытæм æмæ ныфс бавæрдтой ацы фарст кæй аскъуыддзаг кæндзысты.

Гасситы Петр хъæуы администрацийы сæргълæууæджы бафæдзæхста, цæмæй ныффыса коллективон куырдиат Парламентмæ хъæуы цæрджыты номæй, æмæ банысан кодта хъæуæг органтæ æвæстиатæй кæй аскъуыддзаг кæндзысты ацы фарст.

«Хъæуы цæрджыты куырдиаты фæстæ хъуыддаг лæвæрд æрцæудзæн прокуратурæмæ, æмæ йæ уый бæрæг кæндзæн, уыцы зæххытæ закъонмæ гæсгæ лæвæрд æрцыдысты, æви нæ. Стæй уæд, арендæйы цы территоритæ ист æрцыдысты, уыдон сты æгуыст, кæд æхгæд сты, уæддæр. Иумæйагæй, ацы фарст хъæуы аскъуыддзаг кæнын.

Цхинвалы районы сæргълæуæг Плиты Аланы ныхæстæм гæсгæ, зæххытæн сæ фылдæр хай ист æрцыдысты хæсты фæстæ.

«Адæм хæсты фæстæ арендæйы райстой ацы зæххытæ, фæлæ ныры онг ницы сарæзтой. Бынæттон цæрджытæ хъаст кæнынц, бацæуæн сын кæй нал ис цæугæдонмæ, цæмæй дзы баулæфой сæ бинонтимæ, æхгæд кæй сты уымæ гæсгæ. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, зæххыты арендайы хъуыддагмæ æркæсдзыстæм», – загъта Плийы фырт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг хъæуы цæрджытимæ аныхас кæнгæйæ ныфс бавæрдта, ацы фарстмæ прокуратурæ дæр кæй æркæсдзæн.

«Зæххытæ арендæйы чи райстой, уыдон сæвæрдтой шлангбаумтæ, сæхгæдтой территоритæ, уыдон афтæмæй сæхгæдтой бынæттон цæрджытæн сæ бацæуæны фадат æрдзмæ æмæ цæугæдонмæ. Уыцы рæстæджы дæргъы уыдон зæххытæ нæ бакуыстой, хæдзæрттæ дзы нæ самадтой. Ныр мах районы æмæ хъæуы администрациимæ иумæ хъуамæ райсæм зæххы хæйтты тыххæй бадзырдтæ æмæ сæм æркæсæм, закъонмæ гæсгæ лæвæрд æрцыдысты æви нæ. Уый фæстæ аныхас кæндзыстæм сæ хицæуттимæ, æмæ кæд зæххытæ нæ кусынц, нæ дзы архайынц, уæд сæ барвæндæй фæстæмæ  хъуамæ радтой. Кæннод сæ тæрхондоны руаджы райсдзыстæм», – ныфс бавæрдта Дзæгъойты Уырызмæг.

Хъæуы цæрджытæ ма загътой, уыцы ахст зæххыты кæй тымбыл кæнынц брæттæ. Сæрды Дменисы хъæумæ æрбацæуынц бирæ адæм æмæ сæ фæстæ сæ брон не ‘фснайынц. Уымæй уæлдай ма, горæтæй æрбаласынц арæзтадон брæттæ.

Хъæуы цæрæг Хуриты Автандил куыд банысан кодта, афтæмæй абоны бон хъæуы алыварс ис бирæ брæттæ.

«Бырон æмбырд кодта бирæ азты дæргъы. Ам чи фæулæфы уыдон сæ брæттæ бирæ хатт нæ бафснайынц. Дымгæ куы радымы, уæд æмæ уымæй нæ æрдзы уынд сæфы», – загъта Хуриты Автандил.

Хурийы фырт ма бахаста фæндон цæмæй бынæттон цæрджытæй рахицæн кæной дыууæ адæймаджы æмæ ацы хъуыддагмæ сæ хъус дарой.

Дзæгъиаты Уырызмæг банысан кодта, прокуратурæ йæ хъус кæй дардзæнис цæмæй территориты бырон калд ма цæуа.

«Ацы фарст мах аскъуыддзаг кæндзыстæм районон прокуратурæимæ æмæ мидхъуыддæгты уаправлениимæ. Æвзардзыстæм, фадыгонтæ сæ хъус цæмæннæ дарынц ацы хъуыддагмæ, суагъæтæ цæмæннæ аразынц, ивар сын цæмæннæ фидын кæныц», – банысан кодта Генералон прокурор.

Хъæуы цæрджытæ ма бахатыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдармæ, цæмæй сын рахицæн кæной сæрмагонд техникæ, цæмæй сæхæдæг ссыгъдæг кæной бронæй сæ территори.

Гасситы Петр йæ рады бахатыд районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Аланмæ, цæмæй сын баххуыс кæна техникæ æмæ кусджытæй. Цæмæй иумæйаг архайды фæрцы сæ алыварс æрдз ссыгъдæг кæной.

Дменисы хъæуы цæрджытæ райгондæй баззадысты фембæлдæй. Ныр сæ ныфс ис, сæ ацы рагон фарст скъуыддзаг кæй æрцæудзæн.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.