РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд горæт Цхинвалы администрацийы цур цæрæнуатон къамисы уæнгтимæ фатертæ байуарыны фарстыты фæдыл. Уый банысан кодта, къамис æппæт радылæуджытыл лæмбынæг басгæрст кæй уадзы. Цæрæнуатмæ чи æнхъæлмæ кæсы æмæ Президентмæ цы æмбæстæгтæ бахатыдысты, уыдонæн ноджы иу хатт бамбарын кодтой, къамис цы принциптæм гæсгæ кусы, уый.

«Иунæг фактор, кæцы къамисмæ нымады ис, у цæрæнуат дын ис æви нæй, уый фæдыл документаци, æмбæстæгтæ æмæ бæрнджын органтæ цы бæлвырдгæнæнтæ, бавдыстой, уыцы нымæцы РЦИ-Аланийæ бæлвырдгæнæнтæ дæр», – загъта Бибылты Анатоли.

Фембæлды рæстæджы нысангонд æрцыд, цæрæнуат дæтгæйæ фылдæр хъусдард ис горæт Цхинвалы æдзух чи цæры, уыцы æмбæстæгтæм. Уымæй уæлдай ма, цæрæнуатон уа-вæртæ фæхуыздæр кæныны фæдыл куырдиат чи бадæтта, уый йæхи цæрæнуат горæты фондмæ хъуамæ радта, кæцы раттæн уыдзæн æндæр æмбæстæгтæн.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.