13-æм январы РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд æхсæнадон змæлд «Адæмы ныфс»-ы уæнгтимæ, кæцыйы сæргълæууæг у Гæджиты Радион. Ацы æхсæнадон змæлды сконды сты, 1990-æм азты хæстон архайдтыты ветерантæ, кæцытæ архайынц, цæмæй æхсæнад рæза æмæ æнгом кæна: «Адæмы ныфс»-ы уæнгтæ сты, республикæйы сырæзтæй фæстæмæ æдзух бынаты чи сты æмæ 1989-1992 азты хæстон архайдтыты хайад чи истой, ахæм ветерантæ. Не ‘хсæн ис политологтæ æмæ алы сферæйы кусæг бæрнон адæймæгтæ. Мах нæ хæсыл нымайæм республикæйы цæрджытæн сæ проблемæтæ скъуыддзаг кæнын», – зæгъы уый.

«Адæмы ныфс»-ы уæнгтимæ фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли фехъусын кодта, хорз ха-баримæ кæй æрбацыд. «Фæзынд фадат, æрвылмæй дæр фондз ветераны санитарон-курортон хосгæндонмæ æрвитынæн. Уыцы фадат та фæзынд цалдæр азы размæ иуæй-иу адæймæгтæ æнæ-процентон кредиттæ фæистой, уыдон раздахыны руаджы. Уыцы æхцайы фæрæзтæ сты 400 мин сомы бæрц. Республикæйы Сæрмагонд хыгъды къамис куыд зæгъы, афтæмæй 360 мин сомы æхцайы фæрæзтæ дæр ссæрибр сты, уыдон раздæр лæвæрд цыдысты не ‘мбæстæгтæй гемодиалезы процедурæтæ аразынмæ Цæгат Ирыстон-Аланимæ чи цыд, уыдонæн. Ныр куыд зонæм, афтæмæй нæхимæ фæзынд гемодиалезы ифтонгад æмæ уыргты низæй рынчынтæн хос цæуы нæхи рынчындоны. Сæрмагонд хыгъдæй кредиты хуызы цы æхцайы фæрæзтæ хаст æрцыд, уыдон та сты 16-17 милуан сомы бæрц. Уыцы фæрæзтæ, æнæмæнгдæр, цадæггай здæхт æрцæудзысты æмæ уыцы дивиденттæй пайда кæндзыстæм нæ республикæйы хъахъхъæнджыты æнæниздзинад банывыл кæныны хъуыддаджы».

Президент ма лæмбынæг радзырдта æхсæнадон змæлды ветерантæн политикон æмæ социалон фадгуыты актуалон проблемæтыл дæр: «2008 азы хæсты цы хæдзæрттæ басыгъд æмæ ныппырх, уыдон сæндидзын кæнын, хæдзæртты æмбæрзтытæ кæмæн бахъыгдард сты, уыдонæн баххуыс кæнын, бирæуæладзыгон хæдзæрттæм лифттæ аразын, хæдзæртты алыварс территориты хæрзарæзт скæнын, сывæллттæн æрвылмæйон æхцайы фæрæзтæ фæфылдæр кæнын æмæ а.д., сты республикæйы къухдариуæггæнæджы хæстæ æмæ сыл кусын, агурын фæрæзтæ. Æз мæхи къухдариуæггæнæгæй не ‘нкъарын. Нымайын мæхи службæгæнæгыл, кæцы хъуамæ лæггад кæна, се ‘ууæнк ыл цы адæм бафтыдтой, уыдонæн», – загъта Бибылты Анатоли.

 Размæ серьезон къахдзæф акæныныл банымадта интеграцийы фадыджы Уæрæсеимæ æрæджы сæ къухтæ цы сразыдзинадыл æрфыстой, уый – цæмæй æнæ æмгъуыдæй Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ уæвынад кæной Уæрæсейы территорийыл. Уыцы сразыдзинадмæ гæсгæ, зæгъгæ, ныр не ‘мбæстæгтæй Уæрæсемæ дæргъвæтин æмгъуыдмæ кæй хъæуы ацæуын, уыдон зындзинæдтæ нал æййафдзысты.

«Адæмы ныфс»-ы уæнгтæ бирæ цардуагон фарстатæ лæвæрдтой Президентмæ. Уыцы нымæцы «Остелеком»-ы тарифон политикæйæ райгонд кæй не сты. Президент загъта, зæгъгæ, æввахсдæр рæстæджы уыдзæн фембæлд компанийы къухдариуæггæнджытимæ, йæ акционертимæ æмæ    уынаффæ кæндзыстæм ног тарифтæ æмæ сæ фæныллæгдæр кæныны фарстатыл.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.