Алы дугӕн дӕр ис йӕхи сӕрмагонд миниуджытӕ. Цас адӕймагад размӕдзыддӕр у, уыйбӕрц йӕ цӕрыны уавӕртӕ кӕнынц карздӕр ӕмӕ ӕгъатырдӕр. Ахъуыды ма кӕнӕм, рагзаманы рагцардыуагон ӕхсӕнады адӕм хъилтӕй кӕнӕ ӕрцытӕй хӕцыдысты, ӕмӕ ӕхсӕны раздзогтӕ тырныдтой ӕрмӕстдӕр сӕхи лӕгӕтты, йе та ӕрмӕст сӕхи ӕхсӕнады паддзахиуӕг кӕнынмӕ. Уӕдӕ дзы удзиӕнттӕ дӕр цас хъуамӕ ӕрцыдаид. Кӕд-иу дыууӕ раздзоджы схӕцын бахъуыд, уӕд дзы иу амардтаид иннӕйы. Уый дӕр алыхатт нӕ.  Ныр та дунейы паддзахиуӕг кӕнынмӕ чи тырны, уыдон ӕвӕдза, ӕрцы-тӕй нал хӕцынц, фӕлӕ ӕбуалгъы куынӕггӕнӕг хъомыс кӕмӕн ис, ахӕм хӕцӕнгӕрзтӕй, ядерон рӕмудзӕнтӕй. Уыдонӕн сӕ хъомыс афтӕ егъау у, ӕмӕ дунейы ныхмӕлӕуды хъӕппӕрисджынтӕ ӕрымысыдысты чысылхъомыс ядерон хӕцӕнгӕрзтӕ, цӕмӕй сӕ сӕ бон пайда кӕнын уа иу бӕлвырд бӕстӕйы ныхмӕ. Уыдон ӕмбарынц, стырдæр хӕцӕнгарзӕй куы спайда кӕной, уӕд дзы уӕлахиздзаутыл дзырд дӕр нал уыдзӕни.

Уӕдӕ мах рӕстӕджы чи цӕры, уыдон нал ӕвдӕлы сӕ цӕст кӕуылты ӕххӕссы, ӕрмӕст уыцы арӕнты цымыди-сӕй цӕрынмӕ. Растдӕр зӕгъгӕйӕ та сӕ хъуамӕ ма ӕвдӕлид. Афтӕ куынӕ уа, ома нӕ алфамблайы дунейы цы цӕуы, уымӕ нӕ хъус куынӕ дарӕм, уӕд та ныл ӕрцӕудзӕн исты бӕлвырд историон сайд.

Хорз уыди ӕмӕ нӕ хъысмӕт Уӕрӕсеимӕ бабастам 1774 азы. Раст у, чизоны уыцы къахдзӕф нӕ адӕмӕн ӕрмӕст пайдатӕ не ‘рхаста, Уыцы бадзырдӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕмӕй райдыдтой ирон адæмы тухæнтæ, уымæн æмæ хохы цæрæг ирон адæм никæйы дæлбар куымдтой. Æппынфæстаг 1830-ӕм азы Ирыстонмӕ ӕрвыст ӕрцыдысты дыууӕ стыр куынӕггӕнӕг къорды, цӕмӕй ирон адӕмы скодтаиккой коммӕгӕс. Иугӕр мах уӕрдоныл бадыс, уӕд мах зарджытӕ кӕн, зӕгъгӕ… Фӕлӕ уыцы гуыргъахъ фӕндагыл рацӕуын кӕй ӕмбӕлд, уый бонӕй бонмӕ тынгдӕр ӕмбары адӕймаг. Ӕниу газеткӕсӕг хорз ӕмбары, ныртӕккӕ дӕр мах цы хъуыды кӕнӕм, уый ӕргом нӕ дзурӕм, фӕлӕ ӕппӕт ацы хъуыддӕгты ис иу стыр хорздзинад, ӕмӕ йыл цыбыртӕй адзурдзыстӕм.

Алы дугӕн дӕр йӕхи ирд миниуджытӕ кӕй ис, уый уӕлдӕр фӕнысан кодтам, фӕлӕ кӕцыфӕнды дуджы ӕууӕлтӕн дӕр иумӕйаг у иу хъуыддаг: кӕдфӕндыдӕр тох цӕуы фылдӕр бартӕ рамбулыныл. Раст у, ис ахӕм адӕмтӕ, ӕмӕ тох кӕнынц сӕ сӕрибардзинадыл. Афтӕ тох кодтой Цӕгат Амери-чы бынӕттон цӕрджытӕ, «ног» царды уылӕн сӕм куы ‘рбатыдта, уӕд. Уыцы тох райдыдта 1540-ӕм азы ӕмӕ йын абон дӕр кӕрон нӕма зыны. Ӕниу йӕ тӕккӕ карздӕр хӕстытӕ цыдысты 1890-ӕм азы онг. Уыцы хӕсты кой уымӕн кӕнын, ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ сусӕг ӕргомӕй дун-дуне йӕхи бакӕнынмӕ чи хъавы, уыцы Сахъ-Самахъы фырттӕ нӕ ныууагътой бӕстӕ аныхъхъуырыны сӕ-раппонд сӕ бӕллиц. Ныртӕккӕ мах уыцы хъуыддӕгтӕ хуыздӕр райдыдтам ӕвзарын. Зӕгъӕм 2008 азы августы хӕст куы райдыдта, уӕд мах нӕ уырныдта, нӕ цӕстӕй цы уыдтам, уый дӕр. Ныр та ахӕм дуг ӕрцыд, ӕмӕ цынӕ уынӕм, уый дӕр хъуамӕ ӕмбарӕм. Уыцы хӕсты режиссер Гуырдзыстоны гуылмыз хистӕр нӕ уыд, уый дзы уыди ӕрмӕст хуымӕтӕджы фӕзмӕгой. Йӕ архайды ӕрымысӕг ӕмӕ амонӕг чысыл фалдӕр бадти, фӕсӕмбӕрзӕн. Ӕмбӕрзӕн цалынмӕ нӕ байгом, уӕдмӕ мах тӕргай уыдыстӕм дунемӕ, нӕ хъысмӕтмӕ, Хуыцаумӕ дӕр. Нӕ хъуыдыйы уыди иунӕг иу фарст: «Куыд ис уый гӕнӕн?!». Фӕлӕ абон та мах уынӕм Михойы хӕйрӕджытӕ ӕргом кӕй рацыдысты, уый. Ӕрӕджы Украинӕйы уый уӕлхӕдзармӕ куы схызт, уӕд адӕймагмӕ куы худын цыди, куы кӕуын! (Чи йæ нæ зоны уыдонæн: 2017 азы 5 декабры Михаил Сакашвили схызт йæ уæлхæдзармæ, æмæ уым æмбæхсти, уымæн æмæ йæ Украинæйы хицауад ахсынмæ хъавыдысты, сæ ныхмæ змæнтæн куыст кæй кодта, уый тыххæй.)  Уӕдӕ 2008 азы августы ахӕм адӕймагӕн куыд бантысти цалдӕр миллуан гуырдзиаджы схъӕстӕ кӕнын ӕмӕ сын сӕ къухтӕ ирон адӕмы туджы сӕвдулын! Ӕниу уыцы тугкалд 2008 азы нӕ райдыдта, рагон ӕмӕ йын бӕстон уидӕгтӕ уыд, йӕ тауинӕгтӕ тыд цыдысты ӕнусты дӕргъы. Историон ӕрмӕджытӕ куыд дзурынц, уымӕ гӕсгӕ ирон адӕмы ныхмӕ хӕстытӕ сытынг сты Сослан Дауыт ӕмӕ Паддзах Тамар куынал уыдысты, уӕдæй фæстæмæ. Ирон адӕмы ныхмӕ фыццаг геноцид арӕзт ӕрцыд 1320-ӕм азы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ирон адӕмы ныхмӕ арӕзт ӕрцыд 14 геноциды!

Ацы геноцидтӕй сӕ тӕккӕ ӕбуалгъдӕр ӕмӕ ӕдзӕсгомдӕрыл нымад у Саакашвилийы къухтӕй арӕзт чи ӕрцыд, уый, уымæн æмæ дзы кæд се ‘ппæт нæ, уæддæр дунейы бæстæтæн се ‘мбис архайдтой. Саакашвили йӕ ацы раконды фӕрцы  дунейы талынг историйы бацахста стыр бынат. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Римы император Нероны фыдамондӕй фӕхъӕстӕ ис. Нерон разамынад кодта Римӕн нӕ эрӕйы 54 азӕй фӕстӕмӕ. Бирӕ цыдӕртӕ сын ис иумӕйагӕй дыууӕ бодзӕн. Нерон дӕр худинаджы гакк сӕвӕрдта йӕ бӕстӕйы адӕмыл йӕ алы ӕнӕзонд митӕй. Фӕстагмӕ арт бафтыдта Римыл. Ацы сахъгуырд дӕр ныртӕккӕ куадзӕны лӕппуйау зилы Европӕйы горӕттыл, бӕстӕтыл ӕмӕ уырдыгӕй ӕртхъирӕнтӕ ӕрвиты йӕ Райгуырӕн бӕстӕмӕ. Йе схъомылгӕнджытӕ дӕр ӕй дӕуттытӕ кӕнынц, цыдӕр хъуыддагмӕ та йӕ цӕттӕ кӕ-нынмӕ хъавынц.

Уӕдӕ ма нын ӕй цы зонын хъӕуы, 2008 азы хӕст нын кӕй раконд уыди, уый! Фӕлӕ уый дӕр хъуыддаг ӕххӕстӕй нӕ ‘вдисы. Ныртӕккӕ тох цӕуы адӕмты хӕдбындурдзинады ныхмӕ: хъуамӕ ма уа хӕдбын-дур адӕмтӕ, ӕвзӕгтӕ, ӕгъдӕуттӕ, хӕрзнамыс, хӕрзӕгъдау, рӕстдзинад, уаг, ӕгъдау. Уый бӕсты хъуамӕ стыхджын уой алы галиу хъуыддӕгтӕ. Ӕрӕджы Америкӕйы сыла-нӕлатӕ ахӕм зонд бацамыдтой Уӕрӕсейы сӕхи ‘мхуызӕттӕй чи ис, уыдонӕн: «Тох кӕнут уӕ бартыл, домут уӕ хицауадӕй, цӕмӕй уын уӕ бартӕ ма халой!». Ома цавӕр барты кой кодта уый? Цӕмӕй алы цъаммардзинад ӕмӕ ӕнӕуаг, ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ хъуыддагӕн бартӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа. Афтӕ куы уа, уӕд ӕнцонтӕй бафтдзӕн сӕ къухты сӕфты ӕмӕ ӕмбийыны дуг. Адӕмтӕ сӕ хӕрзнамыс ӕмӕ уаг цас раздӕр фесафой, уыйбӕрц Михойы ӕмхъузонтӕ ӕнтыстджындӕрӕй архайдзысты дунейы паддзӕхты амындмӕ гӕсгӕ. Кӕддӕр Гитлер уырыссаг чызг-хӕстонты ӕнаиппдзинад куы бафиппайдта, уӕд загъта, ахӕм сыгъдӕг чызджытӕ цы бӕстӕйы ис, уымӕн басӕттӕн нӕй, зӕгъгӕ. Уӕдӕ кӕд уый уыцы бастдзинад ӕмбӕрста, уӕд ын ӕцӕгдӕр ис стыр нысаниуӕг. Уымӕ гӕсгӕ дунейы цы сусӕг ӕхсæнадтӕ ис, уыдон уал фыццаг адӕмтӕн хъуамӕ сыскъуыной сӕ уидӕгтӕ, стӕй ма сын цы хуымӕтӕджы куыст баззайа, уый ӕнцон бакӕнӕн уыдзӕн. Хорз зӕхкусӕг дӕр зоны, йӕ зӕххы фадыджы цы хӕмпӕл зайы, уый хъуамӕ ӕд уидаг сӕппарай, науӕд та ногӕй стау кӕндзӕни. Афтӕмӕй ныгуылӕны цы «сӕрибардзинад» парахат цӕуы, уый бырсы махмӕ дӕр. Хӕлд цӕуынц бинонтӕ скӕныны бындуртӕ, хистӕр-кӕстӕры фарн, сылгоймаг-нӕлгоймаджы ‘хсӕн табугонд цы у, уый, тых хаст цӕуы адӕмон традицитӕм, сӕйраджыдӕр мадӕлон ӕвзаджы уӕвынадмӕ. Уӕдӕ цымӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн ис ӕввахс рӕстӕджыты? Ӕртык-каг дунеон хӕст уыдзӕн, ӕви нӕ? Ахӕм фарстытӕ ӕвзӕры бирӕ кӕмӕдӕрты. Мӕнмӕ гӕсгӕ ӕртыккаг дунеон хӕст раджы райдыдта. Рагзаманты Скæсæны цард иу стыр ахуыргонд, зындгонд Галилейы фырты фырт. Йæ ном хуынди Гамалиил. Йæ ахуыргæнинæгтæй иу хуынди Павел, фæстæдæр уый сси Чырыстийы ахуыргæнинаг. Нæ эрæйы фыццаг æнусы райдианы уый фидарæй дзырдта, зæгъгæ, сусæг æнæдиндзинад ныридæгæн йæ куыст кæны. Ома, уыцы дуджы расидтӕуыд хæст нӕ намысы, нӕ удыхъӕды, рӕстдзинады ныхмӕ æмæ йын кæрон нæма ис. Ӕппӕтӕй стырдӕр цӕф та баййӕфта кӕрӕдзимӕ нӕ уарзондзинад ӕмӕ аудындзинад. Ӕмӕ цымӕ куыд ӕнцондӕр у дӕ ныхмӕлӕууӕджы цӕстӕй уынай, ӕви дӕ ныхмӕ фӕсаууонмӕ хӕца? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕстуынгӕ знагӕй хи бахизын ӕнцондӕр у, уымӕн ӕмӕ йӕ уыныс, уӕртӕ ис, кӕнӕ дӕлӕ ис. Ацы ӕнӕуынгӕ хӕст та цӕуы нӕ мидзӕрдӕйы, нӕ зонды, не ‘рхъуыдыйы, нӕ намысы, нӕ национ хӕдбындурдзинады, нӕ фидӕны ныфсы, нӕ ивгъуыды хъӕздыгады, нӕ абоны зӕрдӕйы уаджы ныхмӕ. Ӕмӕ цымӕ цавӕр хӕцӕнгарзӕй хъӕуы хӕцын ацы хӕсты ныхмӕлӕуджытимӕ? Ӕууӕнк, ныфс ӕмӕ уарзондзинад! Ацы ӕртӕ сты нӕ уӕлахизы хотыхтӕ. Фӕлӕ уал фыццаджыдӕр хъуамӕ бамбарӕм иу ахсджиаг хъуыддаг: махӕн Хуыцау цы радта, нӕхи цы у, нӕ адӕмы удыхъӕды нӕм ӕнусты сӕрты цы ‘рбахӕццӕ, аргъ цӕмӕн кодтам, цы уарзтам, цӕуыл рыстыстӕм, цӕуыл тох кодтам, цӕмӕ бӕллыдыстӕм, ууыл фидар хӕцын, уый зӕрдӕйы арфмӕ фидар райсын, уый ногӕй бауарзын, уый цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнын, кӕрӕдзи дихтӕ ма кӕнын, алыгъуызон ӕфсӕнттӕ, алыгъуызон хицӕндзинӕдтӕ, алыгъуызон фаутӕм гӕсгӕ кӕрӕдзийыл ӕнӕрвӕсон ма кӕнын.

Ӕмӕ ма иу сӕйраг фӕдзӕхст: Рох нӕ ма уӕд Нарты сӕфт цӕй аххос уыди, уый! Абон буцтӕ ӕмӕ быкалты рӕстӕг нал у, абон фырытау сӕрхъилӕй цӕуыны дуг нал у, абон нӕ къӕбицы цы ис, уый уӕй кӕныны афон нал у. Абон у фарн агурыны рӕстӕг, ӕмӕ йӕ агурын хъӕуы. Сӕрысуангӕй дзырд фӕзынди, ӕмӕ æппын ницы, фӕлӕ йыл дзырд уӕддӕр ӕрӕфтауӕм. Дзырд кӕм фӕлӕууа, уый дӕр та нӕм нал ис?!

Годжыцаты Нелли     

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.