Нæ горæт азæй-азмæ кæй рæзы, фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц куыстуæттæ, уагдæттæ, уымæ гæсгæ рæзы æхсæнадон транспорт фæфылдæр кæныны домындзинад дæр.

Æхсызгон цау у Хуссар Ирыстоны автомобилон-транспортон управленийы парк ноджы ног микроавтобустæй кæй баххæст уыдзæнис, уый. Уымæй бирæ фæрогдæр уыдзæнис цæрджыты æхсæнадон автотранспортæй ифтонг кæныны хъуыддаг.

Куыстуаты директор Дудайты Альберт куыд зæгъы, афтæмæй нæ республикæйы æхсæнадон автотранспорты парк æрцыдис æдзæллаг уавæрмæ. Машинæтæ базæронд сты æмæ арæх хæлдысты, иннæмæй та сæ хъуыдис фæфылдæр кæнын, нæ фаг кодтой. Ныр æнхъæлмæ кæсынц канд микроавтобустæй сæ сифтонг кæнынмæ нæ, фæлæ «Газель» æмæ «Уазик» кæй хонынц, ахæм машинæтæ дæр. Ног автобустæ рейсты цæудзысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ уымæй бирæ фæхуыздæр уыдзæнис, Цæгат Ирыстонмæ чи цæуа, уыцы бæлццæтты уавæр. Уымæн æмæ автобусыл цæуыны аргъ у бирæ къаддæр таксийæ. Горæты дæр бæрæг фæхуыздæр уыдзæнис æхсæнадон транспортæй ифтонгкæныны хъуыддаг. Ныр фадат уыдзæн маршрутон такситы рейстæ иуæй фæфылдæр кæнынæн, иннæмæй та æхцондзинад исдзысты хæрзвадат транспортыл бадынæй.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ автомобилон-транспортон управленийы дæлбар абоны бон кæй ис 42 æндæр æмæ æндæр хуызы автобустæ æмæ сæ куыст кæй æххæст кæнынц республикæйы 36 маршутыл.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.