Ацы бонты Хуссар Ирыстоны адæм фæстаг «хæрзбон» загътой адæмон нывгæнæг, культурæйы сгуыхт кусæг, гуырдзыстоны сгуыхт журналист ирон нывæфтыды (орнамент) дæсны æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Багаты Барисæн.

94-аздзыд Багаты Барис нырмадæр куыстхъом уыд. Нывæфтыд аивады абон дæр ацы диссаджы курдиатджын адæймагæн нæ уыд æмбал.

Фæлæ уал уæлдæр цы æнтыстыты кой скодтам, уыдоны размæ афæлгæсæм Барис цы фæндæгтыл рацыд, уыдоныл. Хæсты райдиан Багаты Барис дæр йæ карæнтæй бирæтау бархионты номхыгъдмæ бахæссын кодта йæхи, фæлæ æфсæддонты хæстмæ куы фæндараст кодтой военкоматæй, æмæ номхыгъд куы бакастысты, уæд дзы Багаты Барисы ном нæ разынд «Фæсвæд ахызтæн æмæ мæ цæссыг фæкалдтон. Уалынмæ мæ мæ фыд ссардта, фæхыл мæм кодта, æнæуый дæр, зæгъгæ, дæ ахсæн риссаг у, фронты та æнæнизтæ хъæуы», – дзырдта Барис журналисттæн интервьюйы.

Уæддæр та иннæ хатт æрсидты номхыгъдмæ йæхи бавдыста. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ йæ акодтой афицерты кæм цæттæ кодтой, уыцы ахуыр-гæнæдонмæ. «Фронтмæ мæхи цæттæ кодтон, фæлæ мын ахуыргæнæдоны къухдариуæггæнджытæ мæ каллиграфион куыстытæ куы федтой, уæд мæ пайда кæнын райдыдтой бынаты, стæй мæ ахсæн дæр риссаг кæй уыд, уый тыххæй мобилизацигонд æрцыд-тæн фæстæмæ», – дзырдта Багаты Барис йæ хæстон цаутæ мысгæйæ.

Фронтæй æрыздæхгæйæ Барис ахуыр кæнын райдыдта Паддзахадон педагогон институты филологон факультеты. Арæх цыд йæ хæстæджытæм, Сталины уынгмæ. Уыцы рæстæджы уыдонмæ цард Тугъанты Махарбег.  Барис-иу ын нымдзаст йæ куыстытæм. Зынгæ нывгæнæг йæ хъус æрдардта Багаты Барисы рæсугъд каллиграфимæ æмæ йын бахæс кодта Мамсыраты Темырболаты чиныджы æддаг цъар сфæлындзын. Гъе, афтæ филологон факультеты студент райдыдта нывæфтыдтæ кæнын. Фыццаг бакастæй ис афтæ зæгъæн, ома,  ирон нывæфтыдæн (орнамент) бындур нæ фыдæлтæ æрæвæрдтой, уæдæй нырмæ мингай азтæ рацыд, фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ радæттой æмæ ма дзы ногæй цы ис саразæн. Фæлæ Багаты Барис ссардта ног мотивтæ, ног формæтæ, йæ нывты ис нырыккон символтæ, предметтæ. Пайда кодта канд геометрион нæ, фæлæ ма цæрæгойты æмæ зайæгойты нывтæй. Багаты Барис ацы куыст кодта 50 азы бæрц, йæ экспозицийы куыстытæ сты дыууæсæдæйæ фылдæр. Нывгæнæг йæ орнаменттæ арæзта алыгъуызон æрмæджытæй: лыстæг фæрдгуытæй, нæмыгон, халсары æппытæй. Æцæг курдиатæн арæнтæ нæй, уæдæ æндæр куыд бамбарæн ис, сæтæлджыты хъузджытæй цы куыст сарæзта, уымæн. Иуæрдæм у 1,5 метры, иннæрдæм та 60  сантиметры. Йæ интервьюйы иуы куыд дзырдта, афтæмæй «Иу бон нæ горæты культурæ æмæ улæфæн парчы къутæрты сыфтæртыл федтон сæтæлджытæ æмæ мæхинымæр ахъуыды кодтон: ирон орнаменты хуызæн у. Уæд мæ лæппуйыл цыд 5 азы, æмæ йын бахæс кодтон, цæмæй йе ‘мбæлттимæ æруидзой бирæ сæтæлджыты. Сразы сты лæппутæ æмæ мæм дзы иу ведрайы бæрц æрбахастой. Фæцин сыл кодтон, стæй сын куысты хыгъдмæ конфеттæ балхæдтон». Æмæ ма цæмæй нæ пайда кодта Багаты Барис йæ аивады. Хуымæтæг ваза, æвгтæ, хъæдын къустæ, кæсæнты фæлгæтæ иу бынтон æндæр хуыз райстой. Уæддæр йе сфæлдыстады сæйраг бы-нат æмæ символикон нывтæ сты  «Алайнаг уацмысæй».

Багаты Барисæн иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд Цæгат Ирыстоны равдыстытæ. Рацыд ын альбом дæр. Ацы альбоммæ кæсгæйæ йæ, диссаджы мозаикон куыстытыл хъуыды кæнгæйæ, адæймаг дисы бахауы: куыд ын æнтысти æрдзы фæ-зындты æнахуыр рæсугъддзинад фенын æмæ равдисын.

Æмæ канд æрмдæсны нæ уыд Барис. Филологон ахуырад райсгæйæ бирæ азты дæргъы куыста республикон газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы, æмæ йын йе ‘нтыстджын журналистон архайды тыххæй лæвæрд æрцыд «Гуырдзыстоны ССР сгуыхт журналисты ном. Куыд журналист, афтæ йын бирæ бантыст мыхуыры. Редакторы хæдивæг уæвгæйæ, уый архайдта, цæмæй газеты фыст æрмæджытæ фæндаг ардтаиккой адæмы зæрдæтæм. Фæтк, æгъдау æмæ куыстуарзондзинад æвæрдта иууыл бæрзонддæр. Стыр æнтыстытæ йын уыд культурæйы къабазы дæр. Фæлæ уæддæр Багаты Барисæн абон дæр æмбал цы хъуыддаджы нæй, уый у æрмгуысты аивад. «Уый ирон нывæфтыды традицион хуызты æууæлты бындурыл сфæлдыста æнахуыр æмæ алæмæтон дуне», – зæгъынц ацы хъуыддаджы дæснытæ.

Уымæй дарддæр ма Багаты Барис уыд  сыгъдæгзæрдæ адæймаг хиуылхæцгæ, хæдæфсæрм.

Фæзæгъынц, сфæлдыстад, дам,  хъарутæ дывæргæнæг у. Уæдæ æндæр куыд бамбарæн уыд 94-аздзыд кардзыд лæг, нырма дæр куыстхъом кæй уыд, уымæн? Йæ хæдзары йын цы къуындæг æрмадз уыд, уым фыдæбон кодта æхсæвæй-бонæй, куыст ын æгæрон æхцондзинад хаста. Фæстаг азтæ сæ уæз æруагътой Багаты Барисыл: фæуæзхъус, йæ туджы æлхъывдад дæр æй арæх тыхсын кодта, уæлдайдæр та, йæ фырт æнæрæстæджы куы фæзиан, уæд… Æрмæст нæ фæцудыдта йæ диссаджы каллиграфи! Чысыл ма куы уыд, уæдæй нырмæ йæ сæйрагдæр кусæнгарз уыд сис. Багаты Барис бирæ куыстуæттæ раивта. Куыста Президенты Администрацийы дæр. Уым-иу йæхи къухæй цы хъуыддагон гæххæттытæ ныффыста, уыдон адæймагмæ кастысты, аргъ кæмæн нæй, ахæмтæ.

Æрæджы мæ коллегæ газет «Хурзæрин»-ы журналист Хуыбиаты Никъала Багаты Барисæй интервью куы иста, уæд ын загъта: «ныр мыл 50, 60, æгæрыстæмæй, 70 азы уæддæр куы цæуид, уæд æхсæв-бонæй нæ хицæн кæнин, æппынæдзух кæнин кусгæ. Куыст, архайын уыдонимæ дзуры мæ зæрдæ æмæ мын абоны онг цы бантыст саразын, сфæлдисын, уыдон мурмæ дæр нæ дарын. Ноджы мæ фылдæр цыдæртæ фæнды саразын…», – дзырдта Барис.

Ирон орнаменты альбомы автор Багаты Барисы кæддæр хæстæй кæй раздæхтой, уый хъысмæты лæвар уыд ирон адæмæн. Æвæццæгæн, загъта «ды æндæр хъуыддаджы хуыздæр сарæхсдзынæ, дæ адæмæн хуыздæр бабæздзынæ аивады.

Багаты Барисæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты йæ курдиатæн табугæнджытæ æмæ Барисы хорз чи зыдта, йæ куыстытæ фæндаг цы адæмы зæрдæтæм ссардтой, уыдон.

Рухсаг у, нæ куырыхон хистæр. Ды национ культурæйы аккаг бынат бацахстай, дæ куыстытæй та сæнусон кодтай дæ ном!

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.