Цхинвалы 2-аг астæуккаг скъола

Фæцис та ацы ахуыры аз дæр æмæ нæ республикæйы скъолаты рауагъдонтæн райдыдта ног фæндаг. 27-æм майы Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт скъолаты  айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг.

27-æм майы хъæлдзæг хъæлæба хъуыст Хъоцыты Къостайы номыл нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайæ. Скъолайы бæрæгбонвæлыст кæртмæ æрбамбырд бирæ адæм. Скъолайы къулыл конд уыдысты Ирыстоны æмæ Уæрæсейы тырысатæ, къулыл фыст уыд – «В добрый путь выпускники». Ахуырадон уагдоны кæртæй хъуыстысты æхцондзинад хæссæг музыкæйы  зæлтæ. Ацы скъолайы æртæ къласы уыд 70 рауагъдоны.  Ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæн, уыцы нымæцы рауагъдонтæн дæр уыд бæрæгбонон зæрдæйы равг. Рауагъдонтæ уыдысты скъолайон формæйы æмæ чыртæ-чыртæй лæууыдысты. Уалынмæ сæм æрбацыдысты сæ цытджын уазджытæ – РХИ-йы Президент Би-былты Анатоли,  Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, РХИ-йы Парламентон комитеты сæрдар Коцты Олеся.  Айхъуыстысты Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы  паддзахадон гимны зæлтæ.

Цытджын мадзалы раныхас  кодта 2-æм астæуккаг скъолайы директор Михаилиди Ольга. «Нæ зынаргъ рауагъдонтæ, сымах ацы бон бахъуыды кæндзыстут цæрæнбонтæм. Уæ царды нырæй фæстæмæ бирæ бæрæгбонтæ уыдзæн, фæлæ ацы бæрæгбонæн абарæн ницæимæ ис. Æз куыд скъолайы директор æмæ Бибылты Анатоли та куыд республикæйы Президент, афтæ нын ацы рауагъд у фыццаг рауагъд. Нæ зæрдæ уын зæгъы царды æппæт хæрзиуджытæ».

Президент Бибылты Анатоли дæр бирæ хъарм ныхæстæ загъта рауагъдонтæн. «Абон сымах стут æппæт республикæйы цæрджыты хъусдарды бын. Абон куыд рæсугъд стут, афтæ рæсугъдæй скъолайон формæ æмæ бантикты сымах 11 азы размæ æрбакъахдзæф кодтат ацы скъолайы къæсæрæй. Фæлæ уыцы 11 азы атахтысты иу уысмау. Сымахæй бирæтæ ахуыр кæнынмæ ацæудзысты Уæрæсемæ, бирæтæ уæ баззайдзысты ам, Хуссар Ирыстоны, фæлæ йæ зонут, сымах иууылдæр хъæут мах, не ‘взонг республикæйы. Абонæй фæстæмæ æрлæудзыстут уæ царды ног фæндагыл æмæ дзы размæ ныфсджын æмæ уæндонæй цæут».

Рауагъдонтæн арфæйы ныхæстæ загъта Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. «Зынаргъ рауагъдонтæ, абон уын байгом ног фæндаг. Хуыцау зæгъæд, æмæ уын амондджын фæндаг цы фæуа алкæмæндæр. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй сæххæст уой уæ дарддæры фæндтæ».

Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта скъолайы къухдариуæгадæн ахæм хорз бæрæгбоны тыххæй. «Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй 2-æм скъоламæ раздæха йæ раздæры кад. Уый афтæ кæй уыдзæн, ууыл нæ дызæрдыг кæнын». Рауагъдонтæн раарфæ кодтой сæ ахуыргæнджытæ, уыцы нымæцы сæ фыццаг ахуыргæнджытæ дæр.

Скъолайы директор Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта куыд хуыздæр ахуыргæнинæгтæ-руагъдонты, афтæ сæ ныййарджыты дæр. Æртæ къласы рауагъдонтæ иумæ сæххæст кодтой национ кафт «Симд» æмæ «Школьный вальс». Кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ рауагъдонты цытæн сæххæст кодтой зарджытæ æмæ кæфтытæ. Бæрæгбоны кæрон рауагъдонтæн айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг. Æрæмбырдуæвджытæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ ацы фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбон уыд бирæ рæсугъддæр æмæ мидисджындæр.

 

ЦХИНВАЛЫ СКЪОЛА-ИНТЕРНАТ

Цхнвалы скъола-интернаты фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбонмæ фæуазæг сты Президент Бибылты Анатоли, Ахуырады министр Гасситы Натали æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Ацы аз уым ис 11 рауагъдоны. Уыдонæн арфæйы ныхæстæ загъта Бибылты Анатоли. «Ахуыргæнинагæн  йе скъолайон царды вæййы дыууæ бæрæгбоны. Фыццаг бæрæгбон вæййы скъолайы къæсæрæй куы бахизы, уæд, æмæ дыккаг та – фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбон. Ацы дыууæ бæрæгбоны адæймаг бахъуыды кæны цæрæнбонтæм. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ уæ дарддæры царды».

Скъола-интернаты рауагъдонтæн раарфæ кодта Гасситы Натали. «Абон сымахæн у куыд цины бæрæгбон афтæ æнкъард бæрæгбон дæр. Æнкъард бæрæгбон уымæн у æмæ сымах хицæн кæнут уæ ахуыргæнджытæй, кæрæдзийæ.  Хъæлдзæг бæрæгбон та уый тыххæй у, æмæ сымахæй алкæмæндæр райдыдта ног цард. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ дарддæры цардвæндаг уа лæгъз æмæ амондджын».

Скъола-интернаты ахуырдзау Гæбæраты Иринæйæн уыцы бон уыд дывæр бæрæгбон. Президент Бибылты Анатоли йын радта иу хатæнон фатеры дæгъæлтæ. Уый фырцинæй йæ цæссыгтæ нæ баурæдта æмæ бузныджы ныхæстæ дзырдта Президентæн. Бибылты Анатолийы кафынмæ фæхуыдта рауагъдонтæй сæ иу. Уыдон иумæ сæххæст кодтой ирон кафт. Кæй зæгъын æй хъæуы, рауагъдонтæн арфæйы ныхæстæ загътой уагдоны директор Тедеты Роланд æмæ сæ ахуыргæнджытæ. Уый фæстæ рауагъдонтæн айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг.

Джиоты Е.

 

ЦЪИНАГАРЫ АСТÆУККАГ СКЪОЛА

Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр сæ рауагъдонтæн хорз бæрæгбон бацæттæ кодтой Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ. Скъоламæ æрбацыдысты рауагъдонты ныййарджытæ æмæ æндæр уазджытæ. Ацы аз ацы скъолайы уыд æртæ раугъдоны, фæлæ сæ ныфс ис азæй-аз фылдæр кæй кæндзæн ахуырдзауты, уыцы нымæцы рауагъдонты нымæц дæр.

Рауагъдонтæн арфæйы ныхæстæ загъта скъолайы директор Гуссойты Ласко. Уый бирæ зондамонæн ныхæстæ ныффæдзæхста йæ ахуыргæниæнгтæн. Раарфæ сын кодтой,  11 азы дæргъы сын сæ зонындзинæдтæ æнæвгъау чи амыдтой, уыцы  ахуыргæнджытæ. Бафæндыд сæ уыдонæн царды æппæт хæрзиуджытæ сæ дарддæры царды. Рауагъдонтæн  балæвар кодтой чингуытæ æмæ скъолайы хуыздæр ахуыргæнинæг-тæн та – Кады грамотæтæ. Ахуыргæнинæгтæ рауагъдонты цытæн сæххæст кодтой музыкалон номыртæ.

Уый фæстæ рауагъдонтæн айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг.

Хуыбылты Ленæ,

Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.