25-æм майы нæ республикæйы ахуыргæнæн уагдæтты айзæлыдысты фæстаг дзæнгæрæджы зæлтæ. Ацы бонмæ алыгъуызон æнкъарæнтимæ фенхъæлмæ кæсынц куыд рауагъдонтæ, афтæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ дæр. Рауагъдонтæй афтæ хъуыдыгæнджытæ вæййы, зæгъгæ, скъола фæуыны фæстæ сæрибарæй райдайдзынæн цæрын. Уыдон æй нырма нæ фембарынц, сæ уæгъдибар цард фæстаг дзæнгæрæджы зæлтимæ кæй фæуыдзæнис æмæ сæ дарддæр кæй бахъæудзæнис царды уылæнты сæхи тыхтæй архайын. Уым сæ фарсмæ нал уыдзысты сæ уарзон ахуыргæнджытæ, сæ иузæрдион æмкъласæгтæ. Æгæрыстæмæй, сæ ныййарджытæн дæр уыйбæрц æндæвдад нал уыдзæнис, – нырæй фæстæмæ сæ къахдзæфтæн дзуапп дæтдзысты æрмæстдæр сæхæдæг.

Фæстаг дзæнгæрæджы зæлтæ айзæлыдысты Цхинвалы дыууадæсæм астæуккаг скъолайы дæр. Ардæм æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодтой ацы скъолайы дæсæм къласы ахуыргæнинæгтæ Мæлдзыгаты Еленæ æмæ Мушиц Максим. Уыдон сценæмæ фæхуыдтой скъолайы æхсæрдæс рауагъдоны æмæ кæрæдзийы фæдыл сæххæст кодтой ирон æмæ уырыссаг гимнтæ. Уый фæстæ стыр бузныг загътой сæ ныййарджытæн, ахуыргæнджытæн, паддзахады разамындæн æмæ сæххæст кодтой цалдæр зарæджы. Уыцы нымæцы «Моя школа»  æмæ æндæртæ.

ФÆСТАГ ДЗÆНГÆРÆГ – ЦАРДЫ БÆРЗÆНДТÆМ СИДÆГ

Скъолайы директор Æрсойты Геннади йæ раныхасы рæстæджы банысан кодта, зæгъгæ, абон кæд махæй алчи дæр æнкъары цин æмæ сæрыстырдзинад, уæддæр се ‘хсæн ис æнкъард хъуыдытæ дæр. Уымæн æмæ къорд азты æрвылбон дæр кæй уыдтам, уыдон абон хæрзбон зæгъынц се скъолайæн, мах та уыдонæн æмæ мæ фæнды, цæмæй сын сæ дæргъвæтин царды Ирыстоны зæдтæ уой æххуысгæнæг.

Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан та банысан кодта: «Мæнæн дæр мæ хъысмæт баст у ацы скъолаимæ. Райдиан кълæсты ахуыр кодтон ам æмæ мæ уæды ахуыргæнджытæн абон се ‘ппæты дæр хъуыды кæнын, арæх сæ æрымысын æмæ сын фæзæгъын бузныг. Цыфæнды бæрзæндтæм ма схизат, уæддæр макуы ферох кæнут уæ ахуыргæнджыты. Мысут сæ æмæ сын аргъ кæнут. Цы æппæлæн дзуырдтæ сæ истат, уыдон гæнæн ис æмæ ма хъуыды кæнат, фæлæ æппынæдзух уæ хъуыдыйы уæд, цæуыл уæ цайдагъ кодтой, уыдон. Афтæ куы аразат, уæд мæ уырны, саразын уын бирæ кæй бантысдзæнис, уый».

Фæстаг дзæнгæрæджы ма раныхас кодтой æмæ сæ арфæйы ныхæстæ рауагъдонтæн дзырдтой Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Гасситы Натали, ныййарæг Бондарева Натали æмæ æндæртæ.

                                                                                                       ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.