2016 азы 7 апрелы Фæсконфликтон бæстонкæнынады фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Дунеон Сырх Дзуары Комитеты миссийы хъахъхъæныны хайады къухдариуæггæнæг Икуми Окиварийы. Уый ацы бæрнон бынаты йæ куыст фæци æмæ базонгæ кодта, йæ бынаты дарддæр чи кусдзæн, уый — Рафаэль Йосты.

Джиоты Мурат бузныджы ныхæстæ загъта Икуми Оки-варийæн йе ’мгуыстады тыххæй, æмæ сæрмагондæй банысан кодта Сырх Дзуары миссийы архайды ахадындзинад æбæрæгæй сæфтыты агурыны хъуыддаджы, æмæ баны-сан кодта, иумæйаг хъарутæй рæвдздæр архайд ахсджиаг кæй у ацы хъуыддаджы. Уый загъта Рафаэль Йостæн æнтыстыты фæндиæгтæ йæ дарддæры гуманитарон архайды.

Уынаффæ ма цыд æндæр гуманитарон фарстытыл дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.