20-21 ноябры Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы уагъд æрцыд Æппæтуæрæсейон фæсивæдон форум закъонфæлдыстады процессы фæсивæды хайадист фæактивондæр кæныны фарстыты фæдыл.  Мадзалы хайадисджыты æхсæн уыдысты регионалон æмæ муниципалон æвзонг парламентаритæ, æвзонг ахуыргæндтæ æмæ аспиранттæ, кæцыты сфæлдыстадон иртæстытæ баст уыдысты закъонфæлдыстады куыстимæ. Хайад ма дзы райстой политикон партиты фæсивæдон организациты уæнгтæ, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, экономисттæ æмæ уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты къухдариуæггæнджытæ. Æдæппæт дзы хайад райстой Уæрæсейы алы регионтæй цыппарсæдæ адæймагæй фылдæр.

Форумы Хуссар Ирыстонæй хайад райстой нæ республикæйы Президенты æххуысгæнæг Габатты Алан æмæ фæсивæдон организаци «Иугонд Алани»-йы сæргълæууæг Коцты Михаил. Уыдон форумы сæ хайадисты æмæ дзы цы фæлтæрддзинад райстой, уый фæдыл журналисттæн бæлвырддæрæй радзырдтой информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры.

Коцты Михаилы ныхæстæм гæсгæ, форумы фæлгæтты организацигонд æрцыдысты хайадисджыты тематикон къордтæ, цыран уагъд цыдысты дисскуситæ Паддзахадон Думæйы комитетты куысты здæхтыты фæдыл. «Форумы сæйраг нысан уыд Паддзахадон Думæйы куыст равдисын, закъæттыл куыд куыст цæуы, закъонфæлдыстадыл архайын æмæ сæ царды сæххæст кæнын. Форумы хайадисджытæ бынаты бакуыстой парламентон комитетты, рабадтыты, бакуыстой алыгъуызон закъæтты проекттыл, æмæ сæ уый фæстæ рахастой æруынаффæ сыл кæнынмæ.  Депутаттæ  дзырдтой, куысты рæстæджы цы проблемæтыл сæмбæлынц, уыдæтты фæдыл. Уый уыдис тынг цымыдисон æмæ актуалон фембæлд», – радзырдта Коцты Михаил.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, форумы хайадисджытæ дих æрцыдысты 18 къордыл, уыдонæй алкæимæ дæр куыстой бархионтæ. «Скъуыддзаг дзы æрцыдысты фæсивæдон политикæимæ баст фарстытæ, фæсивæдон хъæппæристыл бакусын æмæ Паддзахадон Думæмæ закъоны проекттæ бахæссыны фарстытæ. Алкæцы командæ дæр бавдыста йæ закъоны проект», – йæ ныхасмæ бафтыдта Коцты Михаил.

Габатты Аланы ныхæстæм гæсгæ мадзал уыд тынг нысаниуæгджын æмæ æмбарынгæнæн. Хуссар Ирыстоны хайадисджытæ иумиаг æвзаг ссардтой Уæрæсейы фæсивæдон организацитимæ. Иумæ æруынаффæ кодтой, фидæны иумиагæй сæххæстгæнæн кæмæн уыдзæн, ахæм проекттыл. Форумы куысты фыццаг бон йæ хайадисджытæ Паддзахадон Думæйы депутаттимæ æруынаффæ кодтой ахæм темæтыл, куыд, «Мир без наркотиков», «Бывает ли правда за иностранные деньги», «Как построить дом», «Криптовалюты: деньги или пирамида?», «Наука для молодых», «Цифровая молодежная экономика» æмæ æндæртыл.

«Нæ къорд куыста, æрæджы Паддзахадон Думæ «Дзыллон информацийы фæрæзты фæсарæйнаг агентты тыххæй» цы закъон райста,  ууыл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ фæсивæд хъуамæ арæхдæр цæуой ахæм мадзæлттæм. Уый у теоретикон æмæ егъау фæлтæрддзинады хорз амынд»,- загъта Президенты æххуысгæнæг Габатты Алан.

Уый ма радзырдта Хуссар Ирыстоны фæсивæдон парламент саразын æмæ йæ разылæууæг хæсты тыххæй. «Ацы фарстмæ ис алыгъуызон ахаст. Фæлæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, фæсивæдон парламент, фыццаджыдæр, хъæуы фидæны кадртæ бацæттæ кæныны тыххæй», – загъта Габатты Алан. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, фæсивæдон парламент саразыны тыххæй ныхас кодта Президент Бибылты Анатоли æмæ «Иугонд Ирыстон»-ы раздзог Тадтаты Аланимæ. «Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ фарс рахæцыдысты. Фæлæ йæ æнтыстджынæй сæххæст кæныны тыххæй æнæмæнгдæр хъæуы финансон фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ ацы фарст хаст æрцыд иннæ азмæ», – банысан кодта Габатты Алан.

Форумы хайадисджытæ æрдзырдтой бынæттон фæсивæды проблемæты тыххæй дæр. Уыдон, сæ хъуыдымæ гæсгæ, баст сты куыстæй сæ сифтонг кæнын æмæ сæ сæрибар рæстæг куыд æрвитынц, уыимæ.

«Сæрибар рæстæджы фарст æнцондæр аскъуыддзаггæнæн у. Зæгъæм, фæсивæдон организаци «Иугонд Алани» районты æмæ хъæуты фæсивæдæн æдзух уадзы алыгъуызон мадзæлттæ. Фæсивæды куыстæй сифтонг кæныны хъуыддаг чысыл зындæр у. Ацы аз арæзт æрцыд «Кадрон  фæсауæрц»-ы программæ. Паддзахадон структурæты цалдæргай бынæтты чи кусынц, ахæм адæймæгтæ сæрибар цæудзысты æмæ сын сæ бынæттæм райсдзысты, уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æнтыстджынæй каст чи фесты, уыцы фæсивæд. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы программæ æххæст куы æрцæуа, уæд фæсивæды куыстæй сифтонг кæныны проблемæ цасдæр-бæрцæй скъуыддзаг æрцæудзæн»,-загъта Габатты Алан.

Фæсивæдон организаци «Иугонд Алани»-йы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ фæсивæдон политикæйы къабазы хъæуы бирæ кусын. Уый банысан кодта, зæгъгæ, алкæцы куысты дæр вæййы цухдзинæдтæ, уымæ гæсгæ сæйрагдæр у проблемæтæ рæстæгыл скъуыддзаг кæнын.

Форумы хайадисджытæн Паддзахадон Думæйы организацигонд æрцыд экскурсси дæр, цыран фембæлдтытæ уагъд цыдысты Уæрæсейы парламентон фракциты минæвæрттимæ. Коцты Михаилы ныхæстæм гæсгæ дзы алкæмæй цымыдисондæр уыд фракци «Иугонд Уæрæсе»-йы депутат Раиса Карамзинаимæ фембæлд. Уый, зæгъгæ, тынг ирдæй æмæ цымыдисонæй дзырдта сæ парти куыд кусы, регионты цавæр проблемæтыл сæмбæлынц æмæ сæ куыд аскъуыддзаг кæнынц, уыдæттыл. Форумы æхгæнæн бон фæсивæдмæ æрбацыдысты Паддзахадон Думæйы фракциты раздзогтæ. Коцты Михаил радзырдта, зæгъгæ, йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты УФКП-йы раздзог Геннади Зюгановы ныхæстæ: «Мах куынæ уæм ахуыргонд, æнтыстджын, кæсын, фыссын куынæ зонæм, уæд ныл не знæгтæ фæтых уыдзысты». Афтæ ма йæ зæрдæмæ фæцыд ЛДПР-ы раздзог Владимир Жириновскийы хъуыды – уый фæсивæды разæнгард кодта, цæмæй мацæмæй тæрсой, ахуыр кæной истори, сæ зæрдæмæ цы дæсныйад цæуы, уый равзарой æмæ сæ курдиат æргом кæной.

Æвзонг политиктæ ма кæронбæттæны сæ ныхасмæ бафтыдтой, зæгъгæ, форумы организатортæ дарддæр дæр кæнынц ацы мадзал æрвылазон саразыны фæнд, цæмæй уыцы амалæй æвзонг закъондæтджытæ æмæ эксперттимæ кусой.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.