Хуссар Ирыстоны æддагполитикон ведомствойы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ацы бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр кусæгон балцы ис Италийы. Йæ балцы рæстæджы уый хайад райста къорд мадзалы æмæ фембæлд политикон æмæ культурон фадыджы минæвæрттимæ.

Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæг хайад райста горæт Пезаройы  Нырыккон аивæдты галерея Alexander Museum Palace-йы «Цвета Кавказа»-йы равдысты. Равдыст байгом 14 октябры.

Экспозицийы, сæрмагондæй, уыдысты зынгæ ирон нывгæнджытæ – Чилæхсаты Магрезы, Кæсойты Лавренты, Есенаты Æхсары, Гæбæраты Георгийы, Басаты Оледжы, Пухаты Вадимы, Къа-дзты Вадимы æмæ æндæрты конд нывтæ. Равдыст ах-хæсдзæн 21 октябрмæ.

Равдысты хайад райста зынгæ ирон скрипач Тадтаты Григори, уый ацагъта зынгæ европæйаг композиторты уацмысты. Равдысты организатор у Европæйы Ирон æхсæнады цæдис «Æндидзынад» æмæ Италийы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæварад æмæ арæзт æрцыд культурон проект «Ирыстоны бонтæ Европæйы» фæлгæтты.

Равдыст гом кæныны церемонийы раныхас кодта Медойты Димитр. Уый раарфæ кодта проекты организатортæн æмæ, равдысты кæй конд нывтæ ис, уыцы нывгæнджытæн.

Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр банысан кодта Хуссар Ирыстон æмæ Италийы культурон бастдзинæдты ахсджиагдзинад, кæцытæ дарддæр дæр фидар кæндзысты, уымæн æмæ уыцы бастдзинæдты фæрцы дыууæ бæстæйы адæмтæ кæрæдзи базондзысты хуыздæр.

Раздæр Медойты Димитр куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны æх-сæндунеон бастдзинæдтæ рауæрæх кæныныл куыстæуы нысанмæздæхтæй. Италийæ дарддæр хуссарирыстойнаг дпломаттæ аразынц алыварсон бастдзинæдтæ æндæр бæстæтимæ дæр.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.