Æмбаргæ адæм, чиныг фыццаг хатт рухс куы фены, уæд æй йæ авторæн сабийы райгуырдимæ æмсæр кæны. Уыцы чиныг хорз кæнæ тынг хорз куы баскъуыхы, уæд та цы уыдзæнис йе сфæлдисæгæн?!.

Æцæгдæр, хорз чиныг цæмæй нæу хъæбулы райгуырды æнгæс, адæймагæн йæ зонд æмæ зæрдæйæ куы рантыса, куыд акæнынц, йæ тугæй фыст куы æрцæуа, уæд? Гъемæ нæм фæстаг рæстæджы зæрдæ кæмæй барухс уа, цы ахæм чингуытæ æрцыд мыхуыр, уыдон æхсæн Хъазиты Мелитоны новеллæтæ æмæ уацауты æмбырдгонд «Чырыстийы фæдзæхст» лæууы сæрыстырæй. Йæ арæзтæй, йæ гуырахстæй, йæ нысаниуæгæй адæй-маджы хъусдард здахы йæхимæ.

Мелитоны чиныгмæ хаст æрцыдысты дыууадæс новеллæ æмæ æртæ уацауы. Уыимæ сæ алчи дæр дзурæг у æндæр æмæ æндæр фарстытыл. Чиныгкæсæджы разы æвæрынц æндæр æмæ æндæр проблемæтæ, идейæтæ. Ис сын стыр хъомыладон нысаниуæг.

Чиныг райдайы, автор, нæ Республикæ расидыныл æппæты фыццаг йæ къух чи æрфыста, йæ уыцы æмбал, æгас Ирыстоны зынгæ адæймаг Зассеты Феликсæн кæй хæлар кæны, уыцы историон новеллæ «Тæскъ»-æй æмæ темæйæ, йæ афыст æмæ арæзтæй дисы æфтауы чиныгкæсæджы.

Новеллæйы сæйраг хъайтар Арцтох бакастæй куыд хохæййас у, афтæ у бынтон тыхджын дæр. Йæ карды иу рацæфæн йе знæгтæй ничи лæууы. Фæлæ фæацæргæ. Цæмæй знаджы цæфæй ссара кады мæлæт, алы хæстыты йæхи феппары размæ. Цæфтæ, рынчынæй ма баззайа зæрыбонмæ. Сывæллæттæн ма суа хъазæнхъул, ома, уый хорз лæг æмæ хъæбатыр хæстон куы уыдаид, уæд знæгты ныхмæ хæсты ссардтаид йæ мæлæт. Фæлæ йыл знаджы кард нæ ныдзæвы. Æгæр бирæ кæй цæры, ууыл бахаудта мæты.

Нæ фыдæлтæм, æцæгдæр, нæлгоймаг зæры кармæ куы цард, уæд сæм уый стыр худинаг каст. Йæ сæрæн, дам-иу дзы аргъ кæнын чи зыдта, уый, дам-иу тæскъ сбийын кодта йæ кæстæртæн, цæмæй йæ къæдзæхæй аппæрстаиккой. Стæй-иу æй йæ сыджыты хайыл сæмбæлын кодтой кадимæ. Скодтой, дам-иу ын стыр хист. Арцтох дæр йæ фыртæн бийын кæны тæскъ, фæлæ йын знæгты æрвылбонон ныббырстытæй йæхи амарыны фадат нæй. Баззайы æнустæм тохгæнæгæй, йæ Фыдыбæстæн разагъта хæстонæй.

Новеллæ йæ арæзтæй, йæ афыстæй, хистæр æмæ алы карты æмахастытæй у тынг цымыдисон. Адæймаджы хъусдард уайтагъд аздахы йæхимæ. Разæнгард нæ кæны æмбырдгонды цымыдисон уацмыстæ кæсынмæ.

Чиныджы аккаг хъусдард здæхт цæуы, автор сæ йæхæдæг куыд хоны – «нæ фыдбоны сыхæгтæ» нæм æссæдз азы куыд бырстой, сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтыл дæр марынæй куыннæ ауæрстой, уыцы темæмæ. Зæрдæмæхъаргæ сты «Цæнгæт Æна», «Номхыгъдтæ», «Удуæлдай» æмæ æндæр новеллæтæ. Архайд цыма чиныгкæсæгæн йæхи цæстыты раз фæцæуы. Новеллæ «Удуæлдай»-ы сæйраг хъайтартæ Абай æмæ йæ чызг Цæринæ лæгхортæй лидзынмæ хъавыдысты, фæлæ бахаудтой сæ хъæлæсы: «Се ‘ппæты ‘взонгдæр – йæ рихитæ, фысгæ кæй нæ чындæуы, уый хъуынтау, бæрæг радардтой. Ныххауд йæ уæрджытыл æмæ йæ сæр хойы зæххыл. Уый йæ иу тъупп æркæны, сæр та дыууæ цæфы фæвæййы: фыццаг – худы тигъыл, стæй – сосæ фæндагыл. Тъизы, фæлæ цæуыл, уый ничи ‘мбары:

– Уый мын… раттут… уый. Уый мын… Нæ хуыскъ хъуг æргæвдын… Мæ фыды быркуытæ иууылдæр сисдзыстæм. Мæ мадæн уа… – фыд æмæ сын чызг се ‘взаг сæхицæй æвзæрдæр нæ зыдтой, фæлæ, цы куырдта, йæ мады йæхицæй афтæ фыддзыхæй цæмæн æлгъыста, – Цæринæ йæ цæсгом йæ ризгæ æнгуылдзтæй амбæхста, – уымæн æххæстæй ничи ницы æмбæрста. Æгæрыстæмæй, йæхиуæттæ дæр. – Æнæхъæн мæй цæл кæндзыстæм… Æнæхъæн аз дæр!..

– Цы дæ хъæуы? Æргом æй зæгъ! – хъæлæсыдзагæй ныррыхыд сæ хистæр æвзонг лæппуйыл.

– Уый… – лæппу фæлæууыд йæ кæуынæй. Схæцыд йæ сæрыл. Ацамыдта Цæринæмæ. – …мын раттут. – Æмæ та йæ сæр нытътъыста зæххы. Ныр – æнæкæугæйæ. Фæлæ уæддæр йе ‘гомыг фуртт-фуртт цыд. Æнхъæлмæ каст хистæры дзуапмæ.

Æмæ дзы чызджы зæрдæ хæццæ кодта.

– О, о! Цæй хорз зæрдæйы уаг ын ис, – йæхи нал баурæдта, Абай хъæмпы халау кæй къух аздыхта, уый. – Æмæ мах ам нæ мæдты фарсмæ дзæгъæлы бадæм, куыдзы фырт?!. Махмæ дзы ницы хауы?!. Мæнæн мæ гуыбын фæриссын кæндзæнис?!.» (91 ф.).

Абай, цæйнæфæлтау йæ рæсугъд, æнахъом чызг куыйдзыхтæн хынджылæггаг фæуыдаид, фæлтау, йæ хъæбул æй куынæ фæхаты, афтæ йæхæдæг йе ‘нусон дунемæ куыд барвиты, уый бакæсгæйæ йыл чидæр базыр-зыр кодта: «Сценæйыл ын цы стыр æнтыст уаид!..» Æцæгдæр, ноджы рафидауын кæ-нид ирон сценæ.

Афтæ Мелитоны алы уацмысы архайд дæр фæрæзы цауæй-цаумæ. «Номхыгъдтæ»-йы сæйраг хъайтар Пиран «æцæгæй дис кæуыл æмæ цæуыл кодта, уыдон – йæ фырты фырт гыццыл Бачачо æмæ йæ митæ». «Алы бон дæр гыццыл лæппу, чи-иу нæ фæмардис, цасæй уыдысты, уыдоны фыста, бæстон номхыгъдтæ сын арæзта йæ тетрады. Уыйфæстæ сæ, дисгæнгæ, бон ссæдз нымады кодта, ныр мæнæ цас систы, зæгъгæ.

– Ма сæ фысс! – схъæр-иу ыл кодта зæронд лæг. Ома, уæд амондсыгъдтæ фылдæр кæнынц. Стæй иу бон зæронд лæгæн йе ‘мкъай радзырдта: «Уæлæ уæлейæ фысдзæрмтты цы бирæгътæ бадынц, уыдонмæ иугæйттæ æмæ сæдæгай адæймæгты тæригъæд нæ хъары. Цалынмæ,  дам,  мæрдты  рæдзæгъдтыл не слæууой, туджы малы ма райдайой хуыдуг кæнын сæхæдæг дæр, уæдмæ, дам, нæм не ‘рдардзысты сæ хъус, зæгъынц. Сывæллоны, дам, нæ мæрдтæ минтæй кæд ахиздзысты, нæ кæрæдзи нын кæд нал цæгъдын кæндзысты, уый базонын фæнды» (45 ф.).

Æмæ уæд къæссавæлдæхт фæци зæронд лæг. Сабийæ уый тынгдæр райдыдта цымыдис кæнын мæрдты нымæцмæ. Куы базыдта, уыцы нымæцы зæрæдтæ дæр æвзæнгты хуызæн нымад сты, уæд бынтон фесæфт йе ‘нцойад. Куы-иу йæ хъама цыргъ кодта æмæ-иу æй йæ цырыхъхъы хъусы нытътъыста; куы-иу ныхъхъусуæвæг горæты уынгты фæаууон. Стæй иу бон æрбайсæфтис бынтондæр: «Цалдæр боны фæстæ æгас Чъребайыл айхъуыст – Пираны мард æхстытæй, хуынчъытæй ис куыйдзыхтæм. Уæй йæ кæнынц уыйбæрц æмæ уыйбæрцыл. Раст гъæйттмардзæ хæстон лæппуйы аргъыл!.. Стыр хæстоны мардыл æй банымадтой…» Афтæмæй йæ рагацау мæлæтæй, йæхимæ гæсгæ, фæхæстæгдæр кодта не ‘ппæты сæрибардзинад дæр, йæхи уд мæлæтæй нæ бахъахъхъæдта, афтæмæй.

Чиныджы ноджыдæр дзæвгар ис, адæймаджы уд бæрзонд чи æвæры, ахæм уацмыстæ – «Тæф», «Чырыстийы фæдзæхст», «Афтæтæ»; чи-ныгкæсæг æнæбахудгæ кæмæ нæ фæлæудзæнис, уыцы новеллæтæ – «Цин», «Давидович», «Ахуыр», «Диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ», «Усгуртæ».

Арф хъуыдытæ, зæрдæ чи бацагайынц, ахæм æнкъарæнтæ æмæ сагъæстæ не ‘рвылбонон цардæй бирæ ис Хъазиты Мелитоны уацауты, фæлæ чиныгкæсæджы иууыл тынгдæр ахсы «Æнæвдæлон». Уацау тынг цымыдисон у æрмæст йæ хъомыладон идейæмæ гæсгæ нæ, фæлæ йæ сыгъдæг æмæ хъæздыг æвзаг, стæй йæ алыхуызон æмæ цымыдисон фæлгонцтæй. Иу уацмысы уыйбæрц оригиналон æмæ зæрдæмæдзæугæ фæлгонцтæ саразын стæм фыссæгæн бауыдзæнис йæ бон. Фæлæ сæ Мелитоны бон баци.

Æниу, æрмæст уацау «Æнæвдæлон» цы, мæнмæ гæсгæ, Хъазиты Мелитоны чиныг «Чырыстийы фæдзæхст» йæ авторы æнтыстимæ у фæрнджын къахдзæф ирон литературæйы, уæлдайдæр, ирон прозæйы.

Дзебысаты Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.