Фæндæгтæ сты царды дадзинтæ, адæм æмæ транспорты змæлд ифтонггæнæг.

Нæ уацы цы автотранспортон фæндаджы кой ракæнынмæ хъавæм, уый у иуфарсон фæндаг — дыууæ автотранспортон иуæджы куы сæмбæлынц, уæд хатт фæтыхсынц шофыртæ. Цæмæй кæрæдзийæн фæндаг радтой, уый тыххæй хъæуы фæсвæд ахизын æмæ фæсвæд ахизын та фæзын вæййы, уымæн æмæ фæндаг у нарæг.

Нæ дзырды сæр абон у Джеры коммæ фæндаджы æдзæллаг уавæрыл. Фæндæгтæ дæр æдзух домынц бирæ хъусдард. Уыцы хъусдард хъуаг сты ацы коммæ сæйраг фæндаг æмæ стæй дарддæр хицæн хъæутæм фæндæгтæ. Джеры коммæ сæйраг фæндаг бирæ бынæтты у проблемон автотранспорты змæлдæн. Уæлдайдæр къæвда бонты — проблемон та уымæн ссис æмæ кæм цадбадæн ссис, кæм дзы сырæзт обаутæ, кæм та дзы цъыфы ныгъуылынц хæдтулгæты цæлхытæ (уый къæвда боны). Ахæм уавæры ис Сау Дзуармæ æввахс бынæтты (æххуысгæнæг уæт не ’ппæтæн дæр).

Иуныхасæй, ацы комы цæрджытæн ныртæккæ сæ хъасты фыццаг у фæндæгты уавæр. Уымæн æмæ хъæууон цæрæгæн фыццаградон у. Цæмæй хъæуы дæр уавæртæ æмæ цæрынæн хорз фадæттæ саразай, дæ зæрдæ райа — уыцы хъуыддæгты фæндæгты уавæрæн ис стыр нысаниуæг.

Зымæджы митуардтыты рæстæджы Цхинвалы районы администраци куыдфæндыйы цæстæй нæ каст ацы комы цæрджыты домæнтæм æмæ цалдæр хатты митæй сыгъдæг æрцыд фæндаг, цæмæй ма фæтыхстаиккой æнæ фæндагæй. Уымæ гæсгæ сæ ныфс ис æмæ ныр дæр æнæ-хъусдардæй нæ баззайдзæн сæ домæн, æмæ уавæр рараст кæныныл бацархайдзысты æмбæлон службæтæ.

Тотеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.