РХИ-йы Культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады республикон центр кусы ирон адæмон традицитæ æмæ æгъдæуттæ сæндидзын кæныныл. Ацы Центры кусджытæ, сæ директор Гуыцмæзты Элизаветæйы сæргълæудæй, æрвылаз дæр ауадзынц фестиваль-конкурстæ. Фæлæ 2020-2021 азты æнæхъæн дунейы, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны дæр коронавирусон инфекци кæй апарахат, уый бандæвта культурæйы къабазыл дæр æмæ сæ куыст фæкъуылымпы. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ Адæмон сфæлдыстады республикон центр архайдта пандемийы рæстæджы дæр сæ авналæнтæ сæ куыд амыдтой, афтæ æмæ сын ивгъуыд аз бантыст  6-æм республикон фотоконкурс «Южная Осетия – 2021» ауадзын.

Ныр дæр ауагътой 7-æм фотоконкурс «Хуссар Ирыстон – 2022», цыран уыд дыууæ номинацийы – «Пейзаж» æмæ «Хуссарирыстойнæгтæ». Фотоконкурсы хайад райстой 26 адæймаджы, кæцытæ уарзынц къам исын. Æдæппæт биб-лиотекæйы конференц-залы равæрд æрцыдысты 141 куысты. Уыдонæй 113 уыдысты «Пейзаж»-ы æмæ 28 та – «Хуссарирыстойнæгтæ»-йы номинацийæ. Æрбавдисгæ куыстыты иумиаг нымæц уыд 165 къамы.

Æвдæм республикон фотоконкурсы жюрийы уæнгтæ уыдысты: Цхуырбаты Тамерлан – РХИ-йы адæмон ныв-гæнæг, жюрийы сæрдар; Битеты Алан – РХИ-йы сгуыхт нывгæнæг, РХИ-йы Нывгæнджыты цæдисы сæрдар; Гуыцмæзты Елизаветæ – РХИ-йы культурæйы сгуыхт кусæг, Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор; Жуйкова Наталья – РХИ-йы Культурæйы министрады минæвар; Цхуырбаты Арианæ – Центры нывкæнынады аивады фæдыл методист.

Мадзал байгом кодта ацы Центры директор Гуыцмæзты Елизаветæ. «Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, ацы аз конкурсы хайадисджытæ сты бирæ фылдæр. Жюрийæн зын у куыстытæн саргъ кæнын, уымæн æмæ дзы ис бирæ цымыдисон куыстытæ. Призертæ хорзæхджын æрцæудзысты æхцайы премитæй. Конкурсы хайадисджытæ иууылдæр райсдзысты дипломтæ, Центры æмæ культурæйы министрады грамотæтæ», – загъта Гуыцмæзты чызг. Уый банысан кодта, зæгъгæ, конкурсы нысан æмæ хæстæ сты Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфæлдыстадон активондзинады рæзтæн ахъаз кæнын æмæ сын æххуыс кæнын. Конкурсы хайад райсын сæ бон уыд, къам исын чи уарзы, уыцы хæдархайгæ автортæн се ‘ппæтæн дæр кармæ æмæ кæм цæры, цы архайы, уымæ нæ кæсгæйæ. Профессионалон къамисджытæн нæ уыд конкурсы хайад райсыны бар. Хайадисджытæй алкæцыйы куыстæн дæр бацæттæ кодтой табличкæтæ, цыран фыст уыдысты нывы ном, кæд ист æрцыд, æмæ авторы бæрæггæнæнтæ – мыггаг æмæ ном.

Уагæвæрдмæ гæсгæ æрмæг бавдисæг хъуамæ уыдаид куысты автор йæхæдæг, стæй дæр авторæн бар нæ уыд компьютерæй спайда кæнынæн. Нывтæй алкæцыйы бын дæр цы табличкæтæ уыд, уыдоны жюрийы уæнгтæ сæвæрдтой баллтæ. Уый фæстæ куыстытæн саргъ кодта жюрийы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан. Профессионалон, фæлтæрдджын нывгæнæг иу бакастæй бæрæг кодта куыстыты гъæд æмæ сын уый дæр сæвæрдта баллтæ.

Цхуырбаты Тамерлан банысан кодта, зæгъгæ, ацы фотоконкурс ахсджиаг уымæй у æмæ адæмæй иутæ хуыздæр уынынц рæсугъддзинад æмæ йæ уынын кæнынц иннæтæн дæр, цæмæй йæ уыдон дæр хуыздæр банкъарой, уымæн æмæ нæ царды бирæ ис рæ-сугъддзинад, афтæ ма алыгъуызон цымыдисон моменттæ дæр. «Уый тыххæй æз нымайын афтæ, æмæ цас арæхдæр уагъд цæуой алыгъуызон мадзæлттæ, уыцы нымæцы фотоконкурстæ дæр, уыйбæрц хъæздыгдæр кæны царды мидис, адæмы удыхъæд,  сæ мид-дуне. Ацы аз уæлдæр æмвæзадыл ацыд ацы фотоконкурс. Бирæ хорз куыстытæ дзы ис æмæ зын равзарæн уыдысты уæлахиздзаутæ, уæлдайдæр та «Пейзаж»-ы номинацийы», – загъта Тамерлан.

Информацийы фæдыл Центры методист Жажиты Ацырухсы ныхæстæм гæсгæ, куыстытæй чи цал баллы райста, уыдоны банымайгæйæ, фæбæрæг сты фотоконкурсы уæлахиздзаутæ. «Хуссарирыс-тойнæгты»  номинацийы 1-аг бы-нæттæ бацахстой Жажиты Аланæ æмæ Гæззаты Тимур «Бабушка» æмæ «Детство»-йы къамты  тыххæй. 2-аг бынæттæ бацахстой Бестауты Ларисæ æмæ Исакян-Цхуырбаты Изабеллæ «Детское счастье» æмæ «Послушник»-ы къамты тыххæй. 3-аг бынæттæ бацахстой Василенко Анастасия æмæ Джиоты Аленæ «Прогулка по Цхинвалу» æмæ «Луч солнца моего»-йы къамты тыххæй.

«Пейзаж»-ы номинацийы 1-аг бынæттæ бацахстой Пæррæстаты Аланæ æмæ Полякова Дарья «Райский закат» æмæ «Озеро Эрцо»-йы къамты тыххæй. 2-аг бынæттæ бацахстой Пæррæстаты Артем æмæ Тедеты Кристинæ «Горы» æмæ «Горный пейзаж»-ы тыххæй. 3-аг бынæттыл ацыдысты Авагимова Эллæ æмæ Хетæгкаты Руслан «Билурта» æмæ «Водопад»-ы къамты тыххæй. Центры сæрмагонд призтæй хорзæхджын æрцæудзысты Гуыцмæзты Илонæ, Плиты Аннæ, Беляев Александр, Тъехты Аленæ æмæ Тасойты Ритæ. Центры сæрмагонд призæй ма хорзæхджын æрцыд Беляева Анастасия «Пейзаж»-ы номинацийы «Умиротворение»-йы къамы тыххæй.

Конкурсы хайадисджытæн призтæ лæвæрд æрцæудзысты 26-æм августы Пионерты парчы фоторавдыст «Остановись мгновение»-йы рæстæджы. Афтæ ма уыцы бон Центры хъæппæрисæй уагъд æрцæудзысты адæмон хъæзтытæ.

Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор Гуыцмæзты Елизаветæйы ныхæстæм гæсгæ, фотоконкурс уагъд цæудзæн æрвылаз дæр. Уый та хорз фадат у, нывтæ исын чи уарзы, уыдонæн сæ курдиат равдисынæн.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.