Ивгъуыд къуырийы РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады хъæппæрисæй уагъд æрцыд конкурс, цыран хъуамæ бæрæг æрцыдаид 2017 азы сывæллæтты рæвдауæндоны хуыздæр хъомылгæнæг. Конкурсы хайад райстой 5 хъомылгæнæджы. Жюрийы уæнгтæ сæ хъус дардтой хъомылгæнджыты интеллектуалон цæттæдзинад æмæ сабиты ахуырады раст методты фæрцы куыд ахуыр кæнынц, уыцы фарстатæм. Хъомылгæнджытæ цалынмæ конкурсмæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ Ахуырад æмæ зонады министрады бæрнон кусджытæ сæ хъус дардтой, хъомылгæнджытæ рæзгæ фæлтæримæ, куыд кусынц, куыд цайдагъ сты ахуырады раст амæлттыл, цæмæй сабитæн амоной бæстæйы истори, культурæ, традицитæ.

Конкурсы æртыккаг этап уыд кæронбæттæн æмæ йын аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ, кæцыйы сконды уыдысты Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса, сывæллæтты рæвдауæндæтты хайады сæргълæууæг Хæныкаты Аза, ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты методист Мамиты Лали, сывæллæтты 5-æм рæвдауæндоны сæргълæууæг Æлборты Иринæ æмæ сывæллæтты 4-æм рæвдауæндоны логопед Зангаладзе Тамара.

Мадзалы райдианы сывæллæтты 9-æм рæвдауæндоны методист Плиты Азæ загъта, зæгъгæ, нæ республикæйы ахуырады къабазы кусджытæ хæсджын сты, цæмæй уой æппæтфарсонæй дæр размæцыд. Уымæн æмæ хъомылгæнæгæй бирæ кæнгæ у, сабимæ æвæрццаг æнкъарæнтæм цымыдисдзинад сæвзæрын кæныны хъуыддаджы. Хъомылгæнæг йæ тыхтыл ма хъуамæ ауæрда, сабитæй та алкæмæ дæр хъуамæ цæуа индивидуалон хъусдард. Уæд, зæгъгæ, махæн нæ къухты бафтдзæнис фидæны патриоттæ, æхсардзинад æмæ хъайтардзинадæн æвдисæн чи уа, ахæм гоймæгтæ схъомыл кæнын. Мах хъуамæ сæрыстыр уæм, Райгуырæн бæстæйы фидæны хъахъхъæнджытæй, кæцыты хъомылады хъуыддагмæ мах дæр бахастам нæ хайбавæрд. Ахæм конкурстæ та разæнгард кæнынц сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнджыты ноджы хуыздæр кусынмæ, иннæ хъомылгæнджытæй фæлтæрддзинад райсынмæ.

Конкурсы хайадисджытæ сæ арæхстдзинад æвдыстой: куызыртæй Ногазон Наз бæлас сфæлындзын, змисæй авгыл  нывтæ кæнын, спортивон хъазтытæй, ныхасы амæлттæй пайда кæнын æмæ æндæр ахæмтæй .

Жюрийы уæнгты зæрдæмæ иууыл тынгдæр фæцыд сывæллæтты 8-æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг Тедеты Олесяйы уагъд урок, кæцы мастер-класс равдыста Васковайы хъазт, Геконды фæйнæгыл геометрион фигурæтæ аразынæй.

Дыккаг бынат лæвæрд æрцыд сывæллæтты 2-аг рæвдауæндоны ахуыргæнæг Догаткина Еленайæн. Уый та равдыста сывæллæттимæ куыд кусын хъæуы, цæмæй сæ ныхас уа раст. Æртыккаг бынат та лæвæрд æрцыд 15-æм рæвдауæндоны  ахуыргæнæг Зæгъойты Натиайæн, кæцы къуызыртæй сфæлыста Назбæлас.

Фыццаг бынат бацахсæг æмæ «Афæдзы хуыздæр хъомылгæнæг» Тедеты Олесяйæн лæвæрд æрцыд 70 мин сомы, æхцайы фæрæзтæ. Дыккаг бынат цы хъомылгæнæг бацахста, уымæн – 50 мин сомы æмæ æртыккаг бынатæ бацахсæгæн та лæвæрд æрцыд 30 мин сомы.

Конкурсы иннæ дыууæ хайадисæгæн лæвæрд æрцыдысты Ахуырад æмæ зонады министрады кады грамотатæ.

Кæронбæттæны конкурсанттæн арфæйы ныхæстæ загъта Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали: «Нæ хъомылгæнджытæ абон цы мастер-класстæ фенын кодтой, уыдонæн аргъгæнгæйæ мæн фæнды зæгъын, нæ сывæллæтты фидæн рæстмæ хъомылгæнджыты къухы кæй ис. Æз зæрдиагæй хъуыстон æмæ кастæн рæвдауæндæтты цы амæлттæм гæсгæ архайынц хъомылгæнджытæ, уымæ. Сабиты зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнынæн, размæцыдæн стыр ахъаз сты ацы амæлттæй куыстытæ æмæ уый ныфсы хос у нæ сабитæм рæсугъд фидæн кæй æнхъæлмæ кæсы.

Ныртæккæ сабиты рæвдауæндæттæм здæхт цæуы стыр хъусдард. Бирæ ног гæнæнтæ, авналæнтæ фæзынд, уыдон бирæ рæстæг æмæ зонындзинæдтæ домынц хъомылгæнæгæй. Абон, конкурсмæ мастер-класстæ уадзынмæ æрмæстдæр 5 хайадисæг кæй æрбацыд, уый мын зын уыд. Мæн фæндид, цæмæй фидæны хайадисджытæ уой фылдæр, уой курдиатджынтæ æмæ жюрийы уæнгтæ быцæу кæной, уыдонæй хуыздæр чи у, уыцы фарстыл», – дзырдта министр.

Уый фæстæ министры хæдивæг Гаглойты Элиса схорзæхджын кодта финалистты грамотæтæ æмæ æхцайы фæрæзтæй.

Уазæгты марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.