6 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фарстыты фæдыл РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Муратæн уыд фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры уынаффæгæнæг Михаил Кулахметовимæ.

Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты А., РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дмитри, РХИ-йы УФ-йы Уынаффæгæнæг-минæвар В. Сошнин, РХИ-йы УФ-йы Минæварады уынаффæгæнæг Олег Боровик.

Фембæлды æркастæуыд Фæскавказы æдасдзинады фарстыты фæдыл Женевæйаг дискусситы 38-æм раунды боны фæткы фарстытæм. Уый нысангонд у ацы аз 13-14 декабрмæ.

Сæрмагондæй уынаффæ цыд Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн тыхæй ма спайда кæныны документыл куыст фæрæвдздæр кæныны фæдыл, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æмарæнты цы районтæ ис, уыдон уавæрыл æмæ гуманитарон хуызы фарс-тытыл.

Афтæ ма æркастæуыд дыууæ фарсæн дæр цымыдисаг темæтæм.

Фембæлд ацыд хъарм æмæ хæларадон уавæрты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.