Ереды трагедийы æнæаххос амæттæгты ном арыны нысанæн Згъудеры уæлмæрды сæ иумæйаг ингæны уæлхъус 18 марты уагъд æрцыд мысæн мадзал. Уыцы бон, 1991 азы, æртын дыууæ азы размæ 12 ирон афтидарм лæппуты æрцахстой, сырдон æгъдауæй сæ фыдудæй марыны фæстæ удæгасæй басыгътой æмæ баныгæдтой. Фæдсафынæн та сын сæ сæрты сарæзтой фæндаг.

Трагедийы амæттæгты иумиаг ингæны размæ æрбацыдысты бæстæйы къухдариуæгады минæвæрттæ, Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæвар Марат Кулахметов, министрадтæ, уагдæтты æмæ æхсæнады минæвæрттæ, трагедийы амæттæгты хиуæттæ.

Мадзаламонæг – Хуссар Ирыстоны Националон музейы директор Зассеты Мераб банысан кодта, бæстæйы ног историмæ 1991 азы 18 март кæй бацыд гуырдзиаг неофашистты къухæй арæзт тугæрхæм хъæдгомæй. Кæд, зæгъгæ, 32 азы рацыд, уæддæр ацы бон нæ зæрдæты сæвзæры арф, æнæферохкæнинаг маст.

«Нæ 12 æмбæстагæн уыцы бон ссис царды фæстаг бон. Мæлæт алыгъуызон у, фæлæ знæгтæ цы сарæзтой, уый адæймаджы архæйдтыты нымæцмæ нæ хауы.

Трагедийы æнæаххос амæттæгты хъуыды кæндзæн алы ирон дæр. Йæ къæхтыл цы хæдбар Ирыстон слæууыд, уый тыххæй йæхи нывондæн чи æрхаста, уыдонæн уый уыдзæн хуыздæр мысынадæн».

Бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй æмырæй алæугæйæ ссарой трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ.

Зæлыд æнкъард мелоди… Мадзаламонæг каст трагедийы амæттæгты нæмттæ…

Хуссар Ирыстоны Президент ӕмӕ Хицауады номӕй номарæн митинджы раныхас кодта Хицауады Сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Джиоты Алан. Банысан кодта, Хуссар Ирыстоны ног истори йемыдзаг кӕй у трагикон цаутӕй. Мингай ӕмӕ мингай адӕймӕгтӕ фесты цӕфтӕ, фӕмард сты, кæнæ фесты ӕбӕрӕг сӕфт, сӕдӕгай хъӕутӕ баисты арты ӕвзӕгты амӕттаг, ахӕм, зӕгъгӕ, у нӕ историон мысынад.

«1991 азы 18 марты ӕрцӕугӕ ӕвирхъау цау дӕр у нӕ историон уæззау мысинаг. Уыцы бон гуырдзиаг неофашизмы 12 ӕнӕаххос амӕттӕгтӕ чи баисты, уыдон махӕй рох никуы уыдзысты. Уыдон сты адӕймагады ныхмӕ фыдракӕнддзинады амӕттӕгтӕ. Мах хӕсджын стӕм, цӕмӕй дзурӕм ацы цаутыл, уымӕн ӕмӕ сын нӕй рæстæджы æмгъуыд. Ахӕм у нӕ позици ӕмӕ йӕ кӕдфӕндыдӕр рӕгъмӕ хӕсдзыстӕм», – банысан кодта уый.

РХИ-йы Парламенты национ политикӕ, культурӕ, дин ӕмӕ информацион фӕрӕзты фӕдыл комитеты сӕрдар Диакъонты Амиран банысан кодта, ацы бон Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнад кӕй нысан кӕны хъыгаг зæрдылдарæн бон. Уый ирон адӕмы уд ӕмӕ зӕрдӕйы ныууагъта арф хъӕдгом.

«Гуырдзиаг фашизмы идеологи арӕзта ӕппӕтдӕр, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны адӕмы сӕ историон зӕххӕй фӕсура. Мах сӕмбӕлдыстӕм гуырдзиаг фашизмы идеологийыл, кӕцыйы ницы уромы, йӕ нысан йӕ къухты бафтыны нысанӕн ницыхуызон сырдон миты раз нӕ лӕууы», – банысан кодта уый.

Ереды трагедийы фæстæ æрцыд Зары трагеди, уый амæттаг та баисты зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон йæ историйы дæргъы тох кæны фашизм æмæ национализмы идеологиимæ, кæцы здæхт у нæ адæмы скуынæг кæнынмæ.

Мах, зæгъгæ, хъуамæ хъуыды кæнæм уыцы трагедитæ æмæ историон цауты рæстæджы гуырдзиаг фашизмы идеологийы амæттæгтæ чи баисты, уыцы адæмы.

Рæстæг рацæудзæн, æмæ æппæтдæр баст уыдзæн нæхиуыл, куыд хъуыды кæндзысты ныры фæлтæртæ уыцы историон цаутæ.

«Куыд уынæм, уымæ гæсгæ фашизмы идеологи йæ сæр сдардта Украинæйы зæххыл. Уый ныхмæ тох цæуы, уый ныхмæ тох кодтой нæ фыдтæ æмæ уыдон фыдтæ дæр. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны адæм сæ удыхъæдмæ гæсгæ тохгæнджытæ сты адæймаджы æнæуынондзинады идеологиты ныхмæ – гуырдзиаг, науæд украинаг национал-фашизмы ныхмæ», – банысан кодта уый.

Мах ныртæккæ стæм Кавказы æфсымæрон адæмты фарсмæ æмæ сæрыстырæй хъусын кæнæм, кæй слæудзыстæм æмæ нæ риуы æмбæрц кæй бахъахъхъæндзыстæм нæ сæрибардзинад, нæ идеалтæ æмæ нæ адæмы.

«Бузныг, æрвылаз ацы бынатмæ чи æрбацæуы æмæ чи хъуыды кæны ацы трагеди», – дзырдта йæ раныхасы Фæмардуæвæг æмæ æбæрæгæй сæфт бинонты фæдыл æхсæнадон организаци «Память»-ы  сæрдар æмæ уыцы трагедийы амæттæгтæй сæ иу, Дыгъуызты Важайы цардæмбал Тедеты Заринæ.

Ныр, зæгъгæ, 32 азы нæ рыст нæ нымæг кæны, никуы дæр ферох уыдзæн. Нæ адæм та нырыонг куыд тох кодтой фашизмы ных-мæ, афтæ дарддæр дæр тох кæндзысты йе скуынæг кæныныл.

Уый ноджыдæр бузныг загъта æмбæстæгтæн, трагедийы æнæаххос амæттæгты ном арынмæ чи æрбацыд, уыдонæн.

Ереды трагедийы амæттæгты иумиаг уæлмæрдмæ мадзалы хайадисджытæ хастой дидинджытæ æмæ веноктæ. Трагедийы амæттæгты цардæмбæлттæ, ныййарджытæ, æфсымæртæ æмæ æввахс хиуæттæ сæ риумæ бацыдысты иууыл фæстаг. Уыдонæн ныр 32 азы, къæвда бонау, нæ сур кæны сæ цæстысыг.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.