9-æм январы æхсæвы та æнæнхъæлæджы рухс куы ахуыссыд, уæд адæм ногæй фæкатайыл сты. Кæд та, зæгъгæ, аваритæ æрцыд электроадæттæн хаххыл æмæ рæстæгыл иуварс куынæ æрцæуой, уæд та бирæ рæстæджы æнæрухсæй куы аззайой. Фæлæ ацы хатт сæ тас дзæгъæлы уыд цæрджытæн. «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы директор Гæбæраты Анатоли куыд зæгъы, афтæмæй аварийы аххоссаг уыд, Цæгат Ирыстоны æрдыгæй фарс тыхдымгæтæ кæй уыд, уый. Ахæм дымгæ уыд хуссар хайы æрдыгæй дæр æмæ ам дæр бахъыгдард сты электрохæххытæ, фæлæ Гæбæраты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй кусджы-тæ уайтагъд ацыдысты электрохæххыты фæдыл æмæ дзы ахæм стыр аваритæй ницы ссардтой. Ныртæккæ нæ республикæ ифтонг у рухсæй.

«Уымæй размæ цы стыр аваритæ æрцыдысты, уый аххосæй рухс нæма ссыгъдис Дзауы районы Ерцъойы, Суацъала, Кæсаджджыны æмæ Элхъанты хъæуты. Уымæн æмæ уыцы хъæуты куыд зонæм, афтæмæй мит уæлдай фылдæр æруары æмæ бирæ рæтты ныскъуыдтæ сты электротелтæ.  Фæлæ сыл куыст цæуы æмæ уыдон дæр рæхджы арæзт æрцæудзысты», – загъта Гæбæрайы фырт.

Нæ адæм хорз æмбарынц, æнæ электроэнерги куыд зын у цæрын ныры дуджы. О, уый махæй алчидæр зоны, æмбары æмæ йæ нæхиуыл дæр бавзарæм. Фæлæ, хъыгагæн, алчи не ‘мбары, кæнæ та йæ нæ фæнды бамбарын, бахардзгонд электроэнергийы тыххæй фидын кæй хъæуы. Ахæм бæстæ нæй æмæ йæ кæм нæ фидынц. Уый тыххæй дæр йæ катайдзинад равдыста Гæбæраты Анатоли. Электроэнергийæ куы пайда кæнай, уæд хъæуы йæ фиддонтæ йын рæстæгыл фидын дæр. Хъыгагæн, фиддонтæ фидыны уавæр, нæ республикæйы мæгуырау у, уæлдайдæр та районты. Уый та æвзæрæрдæм æндавы нæ республикæйы экономикæйыл. Уавæр рараст кæныны тыххæй мах аразæм рейдтæ, хыгъдтæ. Бæрæг кæнæм нымайæнты куыст. Дзырдæн, Къостайыхъæуы ауагътам рейдтæ æмæ акттæ арæзт æрцыдысты 10 адæймагыл. Дарддæр дæр сæ араздзыстæм æмæ ивар кæндзыстæм, йæ фиддонтæ чи нæ фиды, уыдоны. Хицæн цæудзысты сæ электрохæххытæ дæр», – загъта Гæбæраты Анатоли.

Афтæ, уæдæ нæ адæм хъуамæ æмбарой, æнæ рухсæй нын цæрæн кæй нæй æмæ цæмæй уый уа, уый тыххæй та йын хъуамæ фидæм йæ фиддонтæ дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.