Ирон мыггæгты равзæрд æмæ ивгъуыд цардвæндæгтæ ахуыр кæнын æнæмæнгхъæуæг хъуыддаг у. Фыссынады ратæдзæнтæй уадиссаг æрмæджытæ нæ баззад хицæн мыггæгты равзæрды фæдыл æмæ уымæ гæсгæ дзыхæйдзургæ сфæлдыстадæн стыр нысаниуæг ис. Уыцы зонæнтæй та хъæуы спайда кæнын, цалынмæ нæ байрæджы, уæдмæ. Рæстæг цæуы, хистæр кары фæлтæр цадæггай ихсыйынц æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, азæй-азмæ рох цæуынц фыдæлтыккон таурæгътæ, уыцы нымæцы мыггæгтимæ баст историон цаутæ дæр.

Хъыгагæн, ныры дуджы кæстæр фæлтæр арæх нæ фæзонынц сæ мыггаджы ивгъуыдæй хуымæтæджы зонæнтæ, зæгъæм: мыггаг кæцæй рацыд, стæй се ‘рвадæлтæ чи сты, фыдæлты царды бæлас æмæ афтæ дарддæр. Æмæ уыдон нæ зонгæйæ адæймаг сафы мыггагон бастдзи-нады уидæгтæ, хи æнкъарынад æмæ хиондзинады ахастытæ. Уæлдайдæр та æвзæнгтæ сæ цард аразгæйæ нæ фæзонынц, æрваддзинад сын кæцы мыггæгтимæ ис, стæй ма сæ мады мыггаджы æрвадæлтæ дæр чи сты. Уымæ гæсгæ абоны дуджы арæх æруадзынц, ирон адæммæ худинаг цы уыд, ахæм хъуыддæгтæ. Ома бинонтæ скæнынц æрвадæлтæй, кæнæ та сæ мады æрвадæлтæй, æмæ уымæй та сæфы ирон фæтк æмæ æгъдау, сæфы хиондзинад æмæ мыггагон хи æнкъарынад. Уыдон та сты, ирондзинад цæуыл æнцой кæны, уыцы бындуртæй. Алы адæмæн дæр ис сæ национ хæдхуыз хицæндзинæдтæ (æвзаг, хиæмбарынад, культурæ, æгъдæуттæ æмæ.а.д.), кæцыты бындурыл уæвынад кæны сæ дунеæнкъарынад æмæ сæ сомбоны фæндæгтæ. Уыдон та хъахъхъæд куынæ цæуой, уæд наци кæны сæфгæ.

Ацы уацы мæ фæнды æрдзурын Елбачиты мыггаджы ивгъуыд царды фæндæгтыл.

Мзиугом æмæ Стыр Леуахийы цæугæдæттæ кæм баиу вæййынц, уым 100 м уæлдæр къуылдымыл цардысты Елбачиты мыггаг. Сæ хъæу дæр Елбачиты хъæу хуынд. Хатт-ма йæ хуыдтой Тъиботы хъæу дæр. Елбачитæ ардыгæй куы фæлыгъдысты, уæд дзы сæ фæстæ æрбынат кодтой Тыбылтæ, Тъиботы фыды-фырт цалдæр хæдзарæй æмæ хъæуыл дæр сæ ном сбадтис. Куыд цæуы бæрæг, афтæмæй Елбачиты мыггаг ам цæргæйæ нымæцæй бирæ нæ уыдысты, фæлæ гуырдзыйы ‘хсæн дардыл къабæзтæ ауагътой. Мыггаджы ном баст у сæрмагонд ирон ном Елбачиимæ.

Мыггаджы равзæрды фæдыл баззадис цалдæр таурæгъ:

Фыццаг таурæгъ. Мæ информант Елбачиты А.М ныхæстæм гæсгæ, Елбачиты рагфыдæл Æгъуызатæй уыд, цæргæ та Къусджыты хъæуы кодта йе ‘фсымæртимæ. Зæххъуаджы тыххæй ралыгъд уырдыгæй æмæ æрцард Мзиугомы бахизæны, Леуахийы рахиз был, иу къуылдымыл. Ныртæккæ дæр ма йæ хæдзары бындур бæрæгæй зыны. Ам та æдасдæры тыххæй равзæрста цæрынæн. Уымæн æмæ донæрдыгæй бырц уыдис, фæстæты дæр æм æнцон схизæн нæ уыд, стæй йæм æрбацæуæнтæ иууылдæр армы тъæпæнау зындысты.

Елбачийæн æртæ усы уыдис, райгуырд ын авд фырты æмæ куы байрæзтысты, уæд тынг хъаруджынтæ рацыдысты.  Сегасæй хъæддыхдæр та сæ хистæр æфсымæр уыд.

Елбачийы фырттæ мыггагæн райстой сæ фыды ном, Елбачитæ, зæгъгæ. Бынæй, фыццаг кæм цардысты, уым азмæлæн уадиссаг нæ уыд æмæ сæхицæн цæрæнбынатæн равзæрстой уæлдæр, ныры Елбачиты хъæу кæм ис, уым æмæ дзы хъæу сарæзтой.  Уыдис дзы хæрзад уазал суадон дæр. Сарæзтой дзæппаз дæр, ныр дæр ма бæрæгæй зыны хъæуы скæсæнварсæрдыгæй, уæлвæндаг, уæлмæрдты сæрмæ.

Уæды рæстæджы мæсыг кæмæн уыд, уый хъаруджын мыггагыл цыд нымад, стæй ма йын æхсæнады дæр стыр нысаниуæг уыд. Елбачийы фырттæ дæр сфæнд кодтой сæхицæн мæсыг самайын, бынат та йын равзæрстой тæккæ къуылдымыл, Мзиугомы бахизæны.

Иумæйагæй Елбачи æмæ йæ байзæттаг кæм цардысты, уый тынг стратегион бынат уыд, фæндæгтæ иууылдæр уыдоныл цыдысты. Уымæ гæсгæ фæрсаг мыггæгтæ тарстысты, зæгъгæ Елбачийы къабаз куы сбирæ уой, уæд нæ ауылтыл цæуын нал уадздзысты.

Æфсымæртæ мæсыг куы амадтой, уæд хистæр æфсымæр стыр дур æрбацæйхаста, афтæмæй йæ сусæгæй хъæдæй æрбахстой. Уый мæлæтдзаг цæф фæцис, йæ дур аппæрста, фæлæ ма йæ бон бацис балидзын æрдæгарæзт мæсыгмæ. Йе ‘фсымæртæ дæр уым мæсыгы хуылфы куыстой, сæ хæцæнгæрзтæ семæ афтæмæй æмæ æфсымæры афтæмæй куы ауыдтой, уæд лæбурджытимæ схæцыдысты. Лæбурджытæ дарддæр сæ ныфс нал бахастой æрбабырсын æмæ фæстæмæ сæхи айстой. Хистæр æфсымæр куы мард, уæд мæсыгы ногсæрст къулыл йæ къух авæрдта æмæ йæ къухвæд мæсыджы къулыл æрæджыйы онг дæр бæрæгæй зындис. Егъау лæг уыд æмæ йæ къух дæр арсы дзæмбыйау стыр уыд. Фæстагæттæ-иу ыл сæ къухтæ æвæрдтой, фæлæ сæ уыйас къух никæмæн уыд.

Уыцы цауы фæстæ æфсымæртæ хъуыды кæнын райдыдтой, ам нын цæргæйæ нал у, хæст куы самайæм нæ туджджынтимæ, уæд та зæгъгæ, нымæцæй цъус стæм æмæ цагъды фæуыдзыстæм.

Уæд æфсымæртæ сфæнд кодтой, цæ-мæй æндæр ранмæ фæцæуой цардагур. Сæ мæсыг дæр æрдæг арæзтæй баззад, нал æм фæцагайдтой.  Уыцы рæстæджы быдырмæ, гуырдзымæ, бирæ адæм лыгъдис, хуыздæр цардагур.  Бæстæ бæрæг кæнынмæ арвыстой Карелмæ. Ам иу бынат сæ зæрдæмæ фæцыд æмæ дзы бынат равзæрстой.

Æфсымæртæй иуæн Карелмæ фæндагыл йæ сывæллон æнæнхъæлæджы амард æмæ сын дæсны бацамыдта, зæгъгæ, сымахæн ам цæргæйæ нæу, фæлæ аздæхут фæстæмæ. Фæстæмæ чи раздæхт быдырбæстæй, уый мæ фыдæн йæ фыды фыды фыд Дауит уыд. Елбачиты хъæуы иунæгæй æрцæрын йæ ныфс нал бахаста æмæ æрцард Сазелейы хъæуы, Дзæгъиаты æмæ Икъаты фарсмæ. Ам зæххытæ бирæ æмæ хъæздыг цард самадта. Дардта ставдкъах æмæ лыстæгкъах фос, кодта зæххы куыст, стæй ма мыддарды куыст дæр. (информант Елбачиты А.М.)

Дыккаг таурæгъ. Галуанты мыггагон таурæгъмæ гæсгæ, Уырызмæг æмæ Кортиа уыдысты æфсымæртæ æмæ цардысты Къусджыты хъæуы. Кортиайæн уыд цыппар фырты – Елбачи, Гæбæра, Албег æмæ Сатæг. Елбачийæ равзæрдысты Елбачиты мыггаг, Гæбæрайæ – Гæбæратæ, Албегы байзæттаджы хуыдтой фыдæлты номæй – Æгъуызатæ æмæ Сатæгы байзæттаг та рахастой сæ фыды фыд Кортиайы номæй мыггагон ном – Кортиатæ. Ацы æфсымæртæн сæ байзæттаг куы ныббирæ сты, уæд сын зæхх нал фаг кодта æмæ фæйнæрдæм цæуын райдыдтой. Елбачи йæ байзæттагимæ æрбынат кодта Къусджыты хъæуы бын æмæ сæ хъæу рахуыдтой Елбачи.

Ацы таурæгъы æцæгдзинадыл, куыд Гаглойтæ, афтæ Елбачитæ æмæ иннæ æрвадæлтæ дæр разы не сты, фæлæ йæ æнæфæнысангæнгæ дæр нæ уыд.

Æртыккаг таурæгъ. Раздæр Елбачиты мыггаг Елбачиты хъæуы цардысты æртæ хицæнæй. Сæ иутæ цардысты Леуахийы рахис былыл Горийы цъуппыл, дыккæгтæ цъалайы хуымтæ кæм уыдысты, уым æмæ æртыккæгтæ та Сышджыйы хуымты сæрмæ. Алкæцы къабазæн дæр уыд йæхи уæлмæрд. Туджджын кæй фесты, уый тыххæй фæстæдæр фæлыгъдысты Гуры районмæ æмæ Куртайы хъæу-мæ, фыссынц Елбакидзетæ. Фæстæдæр Елбачиты хъæуы æрцардысты Стырфæзы хъæуæй балидзæг Тыбылты мыггагæй Тъиботы фыдыфырт. 1943 азы Тыбылтæ фæстæмæ Стырфæзмæ фæлыгъдысты æмæ сæ бынаты æрцардысты Сагкатæ æмæ Гæззатæ. Гæззатæ ардæм Хъобы хъæуæй æрцыдысты.

Цыппæрæм таурæгъ. Елбачитæ цардысты Стыр Леуахийы комы, Гаглойты хъæуы, Къусджытæм æввахс. Елбачитæй иу лæг, йæ ном Заза, йæ мыггаг раивта Гаглойты мыггагæй. Фæстæдæр алыгъд Карелы районмæ æмæ йæ цæуæты дæр ныффыста Гаглойты мыггагыл.  Æцæгæй та Елбачитæй уыдысты. Карелы районы цы Елбачитæ цæры, уыдон æрвадиуæг кæнынц Гаглойтимæ, кæд тугæй хæстæг не сты, уæддæр.

Ам фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ Елбачитæ æмæ Гаглойтæ æрвадæлтыл кæй нæ цæуынц нымад, уый, æвæццæгæн, раст нæу, уымæн æмæ Елбачиты мыггаджы равзæрд баст у Гаглойтимæ, æгæрыстæмæй ма абон дæр се ‘хсæн чызг-куырд нæй.

Тыбылтæ æмæ Гæззатæ ардæм куы æрлыгъдысты, уæд Елбачиты мæсыгы къултæ сыхæлдтой æмæ сæ хæдзæртты бындуртæ амадтой. Æниу сын хистæртæй чидæртæ дзырдтой, зæгъгæ уын хорзмæ нæ рацæудзæнис мæсыг райхалын, уымæн æмæ ам туг ныккалд, агайын æм нæ фæтджы. Нæ сæм байхъуыстой æмæ йæ сыхæлдтой уæддæр. Хорзмæ сын нæ рацыд, бирæ уæззау хъуыддæгтæ æрцыд сæ фæстагæттыл.

Ахуыргонд Гаглойты Зинæйы æрмæджытæм гæсгæ Карелы районы Елбачиты æмæ Ортобаны хъæуы (уыцы нымæцы Уæллаг æмæ Дæллагхъæуы дæр) Елбачитæ уыдысты 200 хæдзары бæрц. Уыдон ардæм иннæ мыггæгтæй раздæр æрцыдысты, уыдысты æртæ ‘фсымæры: Дзадза, Марч, Абел. Се ‘рвадæлтыл нымайынц Гаглойты, Гæбæраты æмæ Санахъоты.

Елбачиты Зурабы фырт Мираны ныхæс-тæм гæсгæ, йæ фыды фыд ардæм æрцыд Хуыцъейы цур Мираны хъæуæй, уыдысты 6 хæдзарæй. Æндæрты ныхæстæм гæсгæ та ардæм æрцыдысты æфсымæртæ: Марч, Абел æмæ Гуса. Ам сæ байзæттæгтæ ныббирæ сты. Æртæ ‘фсымæры нæмттæй рацыд хицæн фыдыфыртты къабæзтæ: Марчтæ, Абелтæ æмæ Гусатæ. Марчы байзæттæгтæй бирæ уыд хъаруджын нæлгоймæгтæ, иннæ дыууæ фыдыфырттæ та уыдысты нымæцæй фылдæр. Елбачитæй иуæй-иутæ ныффыстой Турмантæ (Турманидзетæ) æмæ дзурынц æрмæстдæр гуырдзиагау.

Елбачиты Аланы ныхæстæм гæсгæ, йæ фыд уыд Мухарбег, уый фыд Иликъо, Иликъойы фыд Никъала, Никъалайы фыд Дауит, Дауиты фыд Соло, Солойы фыд Хъази, Хъазийы фыд Джина æмæ Джина та уыд Елбачийы фырттæй сæ иу.

Елбачитæй æрцард Куртайы дæр æмæ фыст æрцыдысты Елбакидзетæ, фæстагмæ бынтондæр сгуырдзиæгтæ сты. Афтæ ма мыггаджы иу хай та æрцард Тъбеты хъæуы.

Елбачиты Олегы ныхæстæм гæсгæ йæ фыд хуынд Хъазбег, уый фыд Суликъо, Суликъойы фыд Никъо, Никъойы фыд та – Сесе. Хистæртæй, дам, куыд хъуыстон, афтæмæй Сесе ралыгъд Елбачиты хъæуæй Тъбетмæ, зæххъуаг кæй уыдысты, уый аххосагæй.

Елбачиты мыггагæй гуырдзыйы ‘хсæн цæргæйæ, иутæ фыст æрцыдысты Елбакидзетæй. Ис ма Елбакидзетæ, кæцытæ рацæугæ сты гуырдзыйы хæххон бæстæ Рачъайæ, фæлæ уыдон Елбачитæм исты бар дарынц, уый зын зæгъæн у.

Цхуырбаты Замирайы куыстытæй куыд цæуы бæрæг, афтæмæй уæлдæр ранымад хъæутæй дарддæр ма Елбачиты мыггаг гуырдзыйы æхсæн æрцардысты Карелы районы –  Карелы, фыссынц Елбакитæ æмæ Елбачитæ, Агара, Аулеу, Бебнис, Брет, Удреба, Згъудер, Земо Хуедурет, Карел, Куемо Хуедурет, Куенаанткъоца, Къехидзуар, Суканаантубан æмæ Хъинцъуисы иу-уылдæр фыссынц гуырдзиагау Елбакидзетæ, кæд иронау зонынц, уæддæр. Хашуры районы – Агареби, Вахъа, Гом, Земо Осиаури, Цхрамухайы. Цæрджытæ фыссынц Елбачитæ æмæ Елбакитæ, Гуры районы æрцардысты Атъен, Дидатъен, Земо Скъра – сæхи гуырдзы хонынц, Тъинисхид, Тхъвиау сæ иутæ фыссынц Елбакидзе иннæтæ та Елбачитæ.

Калоты Барисы æрмæджытæм гæсгæ Карелы районы аивгъуыйгæ æнусы 60-70-æм азты Уæллагхъæуы Елбачитæй цард 40 хæдзары, Дæллагхъæуы та – 30 хæдзары.

Историон ратæдзæнтæй куыд цæуы бæрæг, афтæмæй Дзауы комы цæрджыты номхыгъды 1797 азы уыдысты Елбачиты Гуса, Хъази æмæ Басил. 1830 азы Чеселтгомы растады активон хайадисджытимæ ахст чи æрцыд, уыдонæй сæ иу уыд Елбачиты Пипа.

Елбачиты хъæуы хистæр 1841-æм азы уыд Елбачиты Заза (Дзадза).

Уæрæсейы паддзахы æфсады дæлхæйтты æмæ æттагон хæстыты архайджытæ XIX-æм æнусы дыккаг æмбисы уыдысты Елбачиты Кечо, Парса æмæ Пирас.

Тамаресы хъæуы 1865-æм  азы цардысты Елбачиты Захар, Соскъо, Георги  æмæ Соскъа. Афтæ ма 1891 азы Цхинвалы цард Елбачиты Беко.

Гуры уезды 1873-æм азы бæрæг цæуы Елбачиты хъæу æмæ ратæдзæны дзырдæуы, зæгъгæ ацы хъæуы цæрджытæ сты ног æрцæрджытæ.

Гуырдзыстоны Карелы зылды Ортубаны хъæуы 1886-æм азы цард Елбачиты Парса, Хъелеты хъæуы та – Елбачиты Гарсо.

Историон зонæнтæй куыд бæрæг кæны, афтæмæй 1852 азы Елбачиты хъæуы цард 11 хæдзары, уыдонæй 54 уыдысты нæлгоймæгтæ, 43 – сылгоймæгтæ, æдæппæтæй – 97 адæймаджы. 1860-æм азы Елбачиты хъæуы цард 8 хæдзары. 1917 азы та Елбачийы цард 5 хæдзары, уыдоны уыд 14 нæлгоймаг æмæ 9 сылгоймаджы, æдæппæтæй дзы цард 23 адæймаджы.

Елбачитæ ма Елбачийы хъæуы куы цардысты, уæд Мыкалгабыры бæрæгбон цыппæрæм боны нысан кодтой, фæлæ сын се ‘рвадæлимæ ахæм хъуыддаг  куы рауад, уæд æй нысан кæнын райдыдтой къуырисæр боны, цæмæй, зæгъгæ, кувæндоны кæрæдзийыл ма æмбæлдаиккой, уымæн æмæ нуæзтдзæф адæм кæрæдзимæ куы сдзырдтаиккой, уæд та дыккаг фыдбылыз æрцыдаид.

20-æм æнусты райдайæнты Елбачийы хъæуы цæрджытæ Елбачиты хæлд мæсыгæй скодтой кувæндон æмæ-иу æм цыдысты Мичрили æмæ Мыкалгабырты бæрæгбоны рæстæджы.

Елбачиты А.М. ныхæстæм гæсгæ йæ фыдæн йæ фыды фыд Никъала хуынд. Уый уыд фыццаг дунеон хæсты хайадисæг.  Кæстæртæ йын бирæ уыд, фæлæ сæ 1920-æм азы гуырдзы куы фæсырдтой, уæд 18 адæймагæй 13-æй уыцы лыгъды рæстæджы амардысты. Тиф æмæ сыл æндæр низтæ сыстадысты æмæ адæмы æрдæг фæкодта. Йæ фыды фыдыл уæд 7-8 азæй фылдæр нæ цыдаид æмæ дзы фæрынчын. Фалæ кæм цардысты, уым сæ фарсмæ иу хуыцауысконд лæг цард. Уый сын цавæрдæр сой бахаста, сывæллоны дзы байсæрстой æмæ сывæллон сдзæбæх. Уыди сын æфсымæртæ æмæ хотæ дæр, фæлæ сæ иууылдæр уыцы низ байсæфта.

Елбачиты æрвадæлтæм хауынц Гаглойтæ, Гæбæратæ, Уанетæ, Санахъотæ æмæ Галуантæ. Æндæр зонæнтæм гæсгæ ма сæм хауынц Кортиатæ æмæ Тъотъотæ дæр.

Елбачиты мыггагæй дзæвгар ис, Ирыстонæн лæггаг чи кодта æмæ ном чи кæны, ахæм адæймæгтæ, уыцы нымæцы: Дауиты фырт Никъала – 1918-1920 азты революцийы активон архайæг æмæ æхсæнадон кусæг, Махарбеджы фырт Алан – Абхазы æххæстбарджын минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны, Мухтъары фырт Игорь – инженер-гидротехник, Сосланы чызг Заирæ – дохтыр-педиатр, Таймуразы чызг Мадинæ – дохтыр-стоматолог,  Энверы чызг Иринæ – дохтыр-терапевт, Звиады фырт Георги – Дунейы чемпион дзюдойæ…

Мæргъиты Ирбег,

ХИЗИИ этнологийы хайады

зонадон кусæг

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.