Нигеры  райгуырдыл   сæххæст   120  азы

Поэзи рагон бердзенаг пахуымпартæ зæдтæ, дауджыты æвзаг хуыдтой. Зæдты æвзаг хуымæтæджы ныхасæй бирæ цæмæйдæрты хицæн кæны. Цы бирæ сусæг æмæ аив фæзилæнтæ дзы ис, уыдон æвзонгæй иу фæкастæй æрмæстдæр цæхæр зонд æмæ цырд цæстæнгас рахатдзæн. Уымæй дæр – сæ кæцыдæр хай.

Нигер (Дзанайты Иван), нæ куырыхон хистæр æмæ стыр поэт, уыцы аххосаг раджы рафæлгъуыдта, рахаста йæ рæгъмæ, уæддæр æм абоны онг нæ хъус, куыд æмбæлы, афтæ нæма æрдардтам. Не ‘ппæт дæр зонæм, нæ литературæйы классиктæм бæрзонд идейон æмæ аивадæй æххæст уацмыстæ кæй ис, фæлæ цы сты сæ сæйраг миниуджытæ, сæ къухты цæй руаджы æфтыдис ахæм æнтыст, уыдон кæронмæ бæстон æвдыст никуы фæцæуынц.

Цыфæнды курдиатджын фыссæг дæр литературон аивады фæзилæнтæ куынæ зонид, уæд уымæй цæй аивады кусæг уаид! Уымæ гæсгæ, фыссæджы сфæлдыстадыл дзургæйæ, æнæмæнг хъуыддаг у йæ аивадыл дзурын. Поэтæн уый у йæ поэтикæ.

Æмæ ирон поэттæй кæд искæй поэтикæйæ раппæлæн ис, уæд сæ фыццæгтæм хауы Нигер. Ирон поэзийы афтæ бирæ уымæн сарæзта. Поэт хъуамæ улæфа поэзийæ: кæсагæн – дон, поэтæн – поэзи. Æмæ поэзийы поэтикæйы бирæ фæзилæнтæй пайда кæнгæйæ, йæ армы дзыхъхъы æвæрдау, кæса йæ адæмы зæрдæмæ, ахса дуджы уæззау цалхы зылд.

Нигер æппынæдзух архайдта ууыл, цæмæй йæ уацмыстæ йæ адæмы зæрдæмæ арой фæндаг æмæ уой аивтыл арæзт.

Йæ бирæ уацмысты, уыдонимæ – «Ахæст», «Æз хъусын мæ Иры сагъæстæ», «Дзылы» æмæ æндæрты ирдæй зыны, поэт куыд арæзта алыхуызон варианттæ йæ хъуыды хуыздæр, аивдæр дзырдтæй сныв кæнынæн. Стæй æппынæдзух йæхæдæг арæзта ног дзырдтæ, йæ хъуыды йын ирд æмæ бæстондæрæй чи равдыстаид. Уыцы хъуыддаг йæ къухы æфтыдис тынг арæхстджынæй æмæ йын бантыст ирон литературон æвзагмæ бирæ ног дзырдтæ бахæссын.

Хъæддзауæн йæ кусæнгарз фæрæт куыд у, хосдзауæн – цæвæг, цуанонæн – хъримаг, афтæ фыссæгæн та йæ хæцæнгарз у дзырд. Уый та у алыварсон, къабазджын. Зоны сагъæс кæнын, худын, зарын æмæ кæуын. Æмæ сæйраг у, фыссæг дзы куыд спайда кæна, цы армæй йæм бавнала. Йæ ад ын чи куыд æнкъары, афтæ йын дæтты æнтыст. Уымæн æмæ дзырдтæ сты алыхуызон: аив æмæ дæрзæг, фæлмæн æмæ карз, иу уидагон æмæ бирæ къабазджын. Уыдонæй алы хатт дæр æвзарын фæхъæуы, хъуыды равдисынæн æмбæлон дзырд кæцы уыдзæнис, ахæмтæ. Дыууæ адæймагæн иугъуызон дзырдуат куы вæййы, уæддæр сæ æмхуызон нæ фæпайда кæнынц, алчи йæхирдыгонау фæхъуыды кæны, æмæ сæ уый алкæмæн дæр вæййы йæ удыхъæдыл дзурæг. Фыссæджы та, цæмæй йæ персонажтæ фаззæттæ ма рауайой, уый тыххæй фæхъæуы алы хъайтары æвзагыл дæр лæмбынæг ныхъхъуыды кæнын. Уыимæ æнæмæнг зонын æмбæлы, цы дугыл фæфыссы, уыцы дуджы дзырдуаты сконд сахуыр кæнын, уымæй пайда кæнын.

Нигер уыд ирон мæгуыр, гæвзыкк хæххон адæмы зарæггæнæг, йæ уацмыстæ уыдоныл нывæста, уыдон цинтæ, уыдон фыдохы маст æмæ æнæбауромгæ сагъæс, уыдон удхайраг цард æмæ кæуинаггаг уавæр хаста адæмы размæ. Æмткæй сисгæйæ, Нигер зæронд цардыл цы уацмысты дзырдта, уыдон аивадæй сты тыхджын æмæ бæрзонд. Уымæн ирд æвдисæн у йæ кадæг «Гыцци». Фыццаг хай, – фыст у зæронд цардыл, – дыккаг хайæ, ома ног цардыл фыст чи у, уымæй лæууы бирæ уæлдæр. Цæмæн афтæ рауад, уый йæхæдæг у хицæн фарст, лæмбынæг æрныхасы аккаг чи у, ахæм, фæлæ нæм афтæ кæсы, цымæ, Нигер, зæронд цардыл фысгæйæ йæхи куыд сæрибарæй хатыд, цы йæ фæндыд зæгъын, уый куыд ныв кодта, ног цардыл фысгæйæ афтæ нæ уыд, йæхи æнкъардта цахæмдæр фæлгæтты æмæ йæ аххосаг сæйраджы у уый. Зæронд царды темæ йæ йæхимæ уый тыххæй ласта тынгдæр.

Нигеры уацмыстæй иудзæвгар чи зоны, уый, цы æмдзæвгæтæ йын никуы бакаст, уыдон дæр æндæр уацмыстæй рахицæн кæндзæнис æнцонæй. Æмæ уый у Нигеры стилы «аххос». Фæлæ уымæн стыр тых, стыр хъару, диссаджы æрдзон курдиат хъæуы, цæмæй дæ уацмыстæн схæццæгæнæн макæй уацмыстимæ уа. Адæймагæн ахæм миниуджытæ радтыныл æрдз æлгъин вæййы: стæм хатт дзы рантысынц æмæ сæ нæ бахæлæг кодта Нигерæн, нæ йын бацауæрста дæсны поэты æвзаг радтын æмæ, булæмæгъы зарæгæн цъиуты цъыбар-цъыбуримæ куыннæ ис схæццæ кæнæн, афтæ Нигеры зарæгæн дæр нæй æриугæнæн æндæр поэтты зардимæ. Уый афтæ æмбарын нæ хъæуы æмæ Нигер ирон поэтты бодз у, фæлæ Нигеры хъæлæс никæй хъæлæсимæ иу кæны, уымæн ис йæхи оригиналон миниу-джытæ, йæ хъуыдыйæдты синтаксис у бынтон æндæргъуызон арæзт. Уый раргом кæнын, йæ сусæг миниуджытæ йын рафæлгъауын зын, фæлæ ахсджиаг хæс у.

Нигеры синтаксисы фыццæгтæй хъус æрдарыны аккаг у, дзырдты инверси, ома дзырдтæ хъуыдыйæдты сæ бынæттæ куы ивой, уый йæм арæх кæй ис. Ирон адæмон сфæлдыстады, стæй иуæй-иу фысджытæм (зæгъæм, Къубалты Алыксандр-мæ) хаттæй-хатт фембæлæн ис бæрæггæнæныл бæрæггæнинаг дзырды фæстæ. Зæгъæм: рæсугъд чызг – чызг рæсугъд, хъæбатыр лæппу – лæппу хъæбатыр, сау карк – карк сау, – уæддæр афтæ зæгъæн нæй æмæ уый ныртæккæйы ирон æвзаджы миниуæг у. Хъус дзы кæд нæ фæллайы, уæддæр ыл нæ фæцахуыр æмæ йæ уайтагъд фæхаты. Афтæмæй уыцы миниуæг кæд нæ поэттæй искæй сфæлдыстады скойы аккаг у, уæд – Нигеры. Йæхæдæг зæгъы: «Бæрæггæнæн дзырд бæрæггæнæнинаджы фæстæ æвæрд куы ‘рцæуы, уæд рауайы æнахуыр синтаксисон конструкци. Ныртæккæ ирон поэзийы ахæм конструкци æрцахста уæрæх бынат, æмæ хорз у, æвзæр у, – уый тыххæй ницы зæгъинаг дæн».

Ацы хъуыдыйæ зæгъæн ис, Нигеры уыцы хъуыддагмæ нæдæр æмдзæвгæйы фæлгæттæ, нæдæр æмдзæвгæйы ритм æмæ рифмæ кæй нæ кодтой, фæлæ йæм афтæ хуыздæр кæй кастис, уый тыххæй йæ кæй арæзта, æууæндыдис ын йæ финдæныл. Кæд нырма дæр ирон æвзаджы тынг нæ рауæрæх ахæм формæ, уæддæр зæгъын хъæуы, ныртæккæ цасдæр бæрцæй гæнæн кæй ис ахæм инверсийæн, уæлдайдæр, поэтикон æвзаджы: «Уым бæрз бæлас, – урсзæнг, дондзæст, зади»; «Кæрц – йæ кæрид – уыд æмпъызт тæбынæй» («Æмæ зарыд булæмæргъ…»); «Кæс, куыд сыстади Адæм  тугисæг!…» («Багъæц, ба!»); «Силæм къуыбырхъус» («Уæхæтæджы фырт чысыл Гуыйман».

Ацы миниуæг ирон поэтикон æвзаг лакон нæ кæны. У йын эмоци дæттæг. Поэт кæддæриддæр йæ уацмыстæн агуры ахæм амæлттæ æмæ куыддæр сабыр интонацийæ ахизы (уый та вæййы арæх), афтæ цаутæм гæсгæ райдайы ивын йæ хъæлæсы уаг, йæ фарстытæ, йæ дзуаппытæ æмæ йе ‘взаг свæййынц, хъуытазау зæлланггæнаг. Уымæн ын æххуыс кæнынц йæ аивадон амæлттæ. Коммæгæс свæййынц рæсугъд риторикон фарстытæ æмæ здæхтытæ. Æлвæст, цыбыр хъуыдыйæдтæ æрдæг скъуыдтæй дæр вæййынц æнцон æмбарæн.

Нигер, цæмæй чиныгкæсæг ма сфæлмæца æнæхъуаджы даргъ хъуыдытæй, уацмысы æвзаг уа æлвæст, фæлæ æнцонæмбарæн, уый тыххæй хъуыдыйæдтæ саразы иугай дзырдтæй кæнæ сæ фескъуыны æрдæгыл æмæ уымæй уацмысы хъуыды нæ сæфы, свæййы рæсугъддæр:

  1. «Асæст… Ихæн… Уад… Тымыгътæ

Сомбон, чи зоны, хæссы…

Сау гæдыйау дæ йæ ныхтæ

Цард куы ныссадза, тæрсын…»

(«Азæмæ»)

 

  1. «Мæ риуы арт, æндон мыртæ – мæ хъуыры.

Мæ сæры та… Цæй ма мæ фæрс фæлтау».

(«Æнкъард дæн æз»)

 

  1. «Ысдзырдтам нæ мыздыл, æрцыдис нæм тох,

Æмæ… нæ, нæ уыдзæн уый никæддæр рох?»

(«Кончитæ Мало»)

Нигеры поэзийы ис ахæм миниуæг, фæрсæг дæр æмæ дзуаппдæттæг дæр лирикон хъайтар йæхæдæг куы вæййы: «Марды хъæр», «Цымæ цы дзуры уый ныхасы зæронд лæг?»

«Хъул-иу мын чи радта? – Адæм – мæ фыд.

Скуы-иу мын чи радта? – Адæм – мæ фыд.

Аргъау мын чи кодта? – Адæм – мæ мад.

Гага мын чи хаста? – Адæм – мæ мад».

(«Мæхицæй мæхимæ»)

Фыссæгæн æнæмæнг хъуыддаг у йæ хъус ныхасы рæсугъд-дзинадмæ дарын, ууыл æппынæдзух кусын, уымæн æмæ йæ хæцæнгарз у дзырд æмæ йæ куыд аивдæр æмæ хуыздæр зæгъа, афтæ арфдæр бахъардзæнис чиныгкæсæджы зæрдæмæ. Нигерæн уыцы хъуыды йæ сæрæй кæй нæ хицæн кодта, ууыл дзурæг нын сты йæ уацмыстæ сæхæдæг. Куыста, хъуыды кодта æвзаджы рæсугъддзинадыл æмæ-иу æй арæх бахъуыдис хъуыдыйады искæцы уæнг ауадзын. Фылдæр хатт бæттæгтæ æмæ зæгъинæгты: «Уæнгтæ ризынц, къæхтæ – гом» («Дæу цы домы»; «Чъиутæ – уадултыл»; «Хуыз – фыдохзæрдæ»; «Адæм – комвæдис» («Хур – фæдисон»)…

Ацы миниуæг аивадон уацмысы змæлд кæны рæвдздæр, æлвасы йæ, йæ хъуыды кæны цыргъдæр. Цасдæр бæрцæй свæййы эмоциалондæр, фæфылдæр вæййы йæ мидтых. Ацы аивадон амалæй йæ уацмысты тынг пайда кодта Къоста. Уымæ æнæхъæн цалдæргай строфæты иунæг мивдисæг дæр нæ вæййы. Афтæ фыст у æмдзæвгæ «Кæмæн цы» æнæхъæнæй. Фæлæ йын уый йæ ахадындзинад дæлдæр нæ кæны. Уыцы конструкцийы фæрцы Нигер йе ‘мдзæвгæты, уæлдайдæр, лирикон æмдзæвгæты кодта зæрдæмæ-дзæугæдæр.

Нигер  йæ  хъус тынг дардта Къостайы сфæлдыстадмæ, ахуыр æй кодта, иста дзы бирæ хорздзинæдтæ æмæ сæ амыдта кæстæртæн. Уый бæрæг у, йе сфæлдыстадыл ын цы уацтæ ныффыста, уыдонæй, фæлæ уый куынæ уа, уæддæр йæ поэзи райдайæны уыд Къостайы æндæвдады бын. Афтæмæй ныффыста æмдзæвгæтæ «Мæ ном», «Гъей-джиди…», «Додой», «Цæр!» æмæ æнд. Йæ поэмæ «Æндæр Хъуыбады» та фыст у комкоммæ Къостайы поэмæ «Хъуыбады»-мæ гæсгæ. Стæй ма йæм цы ис фæхатæн: фæзмыдта йæ æргомæй, кæнæ та-иу ын йæ уацмыс цыма иннæрдæм рафæлдæхта.

Нигер уыдон зонгæ-зонын арæзта рæстæгмæ гæсгæ. Уыцы æндæвдад ыл æвзæрæрдæм уымæн нæ фæзындис. Куырд куырдыл ахуыр кæны, æмæ йын, чи зоны, Къостайы хуызæн Стыр Хохы Стыр æмдзæвгæтæ куынæ бацамыдтаиккой сæуæхсидмæ фæндаг, уыдон ын куынæ радтаиккой хъару æмæ ныфс, зонд æмæ фæлтæрддзинад, уæд нын не сфæлдыстаид бирæ диссаджы уацмыстæ. Чи зоны… Фæлæ мæ ныртæккæ уый зæгъын фæнды, Нигер Къостайы фæзмгæйæ, тынг кæй тырныдта йæ уацмысы æвзаджы æлвæстмæ æмæ йыл уый бирæ бæрцæй фæзындис хорзæрдæм. Стæй æрмæст уыцы хъуыддагæй нæ фæзмыдта Нигер Къостайы, фæлæ æмдзæвгæйы арæзтæй дæр, параллелизмтæй, мидæггагон рифмæйæ æмæ æндæр ахæм аивадон амæлттæй. Афтæ зæгъæн дæр ис, ома, уыдонæй Къостайы фæзмгæ нæ кодта, уыдон сты аивадон амæлттæ, стæй алкæмæн дæр – æмхуызон, æрмæст ирон поэттæн нæ, фæлæ кæцон фæнды ма уа – сомихаг, гъе, уырыссаг, тæтæйраг, гъе, бæрдзенаг… Фæлæ «фæзмын» уый тыххæй дзурын, æмæ сæ Нигеры размæ ирон поэзийы фыццаг, куыд аивадон амæлттæ, афтæ Къоста кæй пайда кодта барджын æмæ арæхстджынæй.

Æцæг, дам, дзуары цырагъ дæр дыууæ лæджы къухы æндæр æмæ æндæргъуызон фæсудзы, поэзи та поэзи у. Алы зæрдæйæн йæхи поэзи ис æмæ ацы аивадон амæлттæй алчи йæхирдыгонау пайда кодта, алчи сæ йæхи джиппы ауагъта. Арæх Къостайау, уый хъæздыджыты æмæ мæгуырты цард æмæ уавæр кæрæдзийы ныхмæ куыд æвæрдта, афтæ Нигер æвæры кæрæдзийы ныхмæ зæронд цард æмæ ног цард, хъæздыджыты æмæ мæгуырты («Дæу цы домы?..», «Хидыл», «Фæстаг хъæбыс», «Æндæр Хъуыбады», «Гыцци» æмæ æнд.). Фæлæ сæ дыууæ поэт дæр пайда кæнынц æндæр æмæ æндæр хуызы, ома, Къостамæ фæцæуынц кæрæдзи ивгæ: хъæздыджы цард, мæгуыры уавæр, хъæздыджы цард, мæгуыры уавæр… фæлæ Нигермæ, иу стæм хаттæй фæстæмæ афтæ никуы вæййы. Уый схай кæны уацмысы иу хай зæронд цардæн (кæнæ мæгуырты цардæн), иннæ хайы та февдисы ног цард (гъе, хъæздыджыты цард), æмæ сæ ахæм хуызы æвæры кæрæдзийы ныхмæ. Йæхи тынг хизы диалогтæй дæр. Чизоны, æмдзæвгæйы уыцы хъуыддаг хорзыл нæ нымадта.

Ирон поэзийæн мидæггагон рифмæ дæр радта йæ бындурæвæрæг æмæ кæд уый дæр рифмæйæн уыйбæрц стыр аргъ нæ кодта (Пушкин, æмæ бирæ æндæр стыр поэттау), фыста, ома «æмдзæвгæ хъуамæ арæзт уа уагмæ гæсгæ… Рифмæйы кой нæ кæнын, – уый иттæг ахсджиаг нæу», – уæддæр зыдта, рифмæ æмдзæвгæйы кæй кæны зæлланггæнаг æмæ æнцон бахъуыдыгæнæн. Уымæ гæсгæ йæ сабитæн фыст æмæ пейзажон æмдзæвгæты арæх фембæлæн ис бирæ аив мидæггагон рифмæтыл. Абайты Васо уымæн загъта: «…лишь недавно обратил внимание на виртуозность его рифмы… А с каким искрометным блеском и мастерством написана поэма «Хъуыбады!» Какая легкость, свобода и богатство рифмы!»

Нигер дæр рифмæдзуан нæ кодта, уый йыл уæлæхохдæр уыдис Къостайæ. Ирон поэзийы урс стих æмæ сæрибар стих фыццаг уый сфæлдыстады хуызæн никуы разынд, фæлæ йæм арæх фембæлæн ис мидæггагон рифмæйыл. Æрмæст уый не ‘взары, сабитæн фыст æмдзæвгæ уа, пейзажон æви æмбæстагон, гъе, интимон темæйыл. Фидарæй зыдта, рифмæ зæлланггæнæны хос кæй у æмæ-иу ын хуыздæр рæстæг куыд фæцис, афтæ дзы пайда кодта. Зæгъæм: «Уæддæр уыдзæнис цард, хæстæг уа, дард» («Нæ тæрсын æз»); «Рæдывтой, æхсыдтой мæцкъуыйы хъæдтæ» («Фын»); «Зæрдæ, фæливæг дæ, зæрдæ, бийæг дæ» («Зæрдæ, фæливæг дæ, зæрдæ, бийæг дæ»)…

Нигермæ бирæ ис анафорæтæ, ома, æмхуызон райдайæнтæ цы рæнхъытæй, цы строфатæй вæййы, ахæмтæ æмæ сæ пайда кæны тынг аивæй. Уыимæ йæм уыцы иурæстæджы сты лексикон анафорæтæ, строфæйон анафорæтæ, зæлон анафорæтæ.

Поэзиимæ хъуыддаг кæй ис, уыдонæй алчидæр зоны, æмрифмæгонд дзырдтæ поэтикон рæнхъыты кæрæтты æмзæлланг кæй фæкæнынц. Зонæм мидрифмæ дæр. Фæлæ ам æнæбафиппайгæ нæй, зæлон анафорæйæ пайда кæнгæйæ, Нигер нæ поэзимæ кæй бахаста ноджыдæр иу ног аивадон амал – аразы разрифмæтæ, ома, рифмæ кæны поэтикон рæхъыты раззаг дзырдтæ: «Фæлтæр та» – «цæмæй та»; «Дарддæр» – «тагъддæр»; «Кæд» – «уæд»…

Нигеры размæ иунæг ирон поэт дæр нæ пайда кодта Нигеры хуызæн анафазияйæ, ома автор, кæнæ хъайтар йæ хъуыды цæхгæр куы фæивы уацмысы. Стæй дзы Нигер арæхдæр пайда кæнын райдыдта фæстаг рæстæджы, уæлдайдæр, сæрибар æмдзæвгæтæ фысгæйæ, æмæ-иу рифмæ кæм нæ уыдис, уыцы рæнхъыты дæр зæлланг кæнын кодта уымæй, ома анафазияйæ. Уый фæрцы йе ‘мдзæвгæтæн лæвæрдта эмоционалон тых:

Зæгъын æй æз хъæрæй…

Хъæрæй… Кæй сайын ныр?

Цæмæн?

Хъæрæй…

Сæнттæ цæгъдын сæрæй».

(«У фадат-аразæг»)

Нигер дæр, бирæ стыр фысджытау, – Пушкин, Лермонтов, Къоста æмæ æндæртау,  йæ хъус лæмбынæг дардта адæмон сфæлдыстадмæ, æмæ Нарты кадджытæй æмдзæвгæты формæмæ цас раивта, уыдон куынæ нымайæм, уæддæр йе сфæлдыстадыл тынг фæзынд адæмон сфæлдыстады комы тæф. Æрмæст дзургæ сфæлдыстады бындурыл кæй ныффыста «Æфсати», «Лæппуйы зарæг», «Чызджыты зарæг», «Æмзораты чысыл Æмзор æмæ Дзылæты рæсугъд», «Дыууæ зæрватыкк æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» æмæ æндæрты дæр бæрæгæй зыны, Нигер-иу сæ кæй ауагъта йæхи хæдхуыз джиппы. Адæмон сфæлдыстад ын фадат лæвæрдта йæ уацмысты идейæ æмæ хъайтарты зæрдæйы уаг, удыхъæд æргом кæнынæн, æвзаг хъæздыг æмæ рæсугъд кæнынæн. Зæгъæм, хицæн дзырдтæ æмæ фразæтæ фæлхатт кæнын, синонимтæ фæд-фæдыл дзурын, æртæхаттондзинад, хъайтарты реалон – романтикондзинадæн (Мулдар, Гуыйман, Фацбай, Æмзор)… Стæй ма йæ хъайтартæ, аргъæутты куыд вæййы, фылдæр хатт афтæ вæййынц æвзонг (чысыл Гуыйман, æвзонг Науыр, чысыл Æмзор, кæстæр æфсымæр Мулдар)…

Уый хуымæтæджы нæ уыд. Æртынæм азты кæрон йæ арвистоны фыста: «Мæнæн амæй фæстæмæ æрмæстдæр иу фæндаг ис: «Адæмон сфæлдыстадмæ!»

Æз цæуын, æвзаджы æппæт дæснытæ цы ‘рттивгæ галуантæ сарæзтой, уыдонæй æмæ мæхицæн аразын халагъуд поэзийы æвидигæ суадоны цур. Уыцы суадонæн йæ ном у: «Адæмон сфæлдыстад».

Поэзийæ дойны кæмæн у, уый мæн бафæзмæд. Фыдæнхъæл нæ фæуыдзæн, чизоны. Мæнмæ та æрæгæй ардæм афтæ кæсы, æмæ лæгæн йæ дойны суадзæн æрмæст уыцы донгуырæн, уыцы суадонæй ис».

Нигер æххæст кодта йæ ныхас – поэзийæ йæ дойны уагъта адæмон сфæлдыстадæй, цы хуызы, уый хъæуы ноджыдæр фæлгъауын.

Нигер фæстаг азты сæрибар æмдзæвгæйы формæйыл цы уацмыстæ фыста, уыдон сты идейон æмæ аивадон æгъдауæй бæрзонд. Стæй ма банысан кæнын æмбæлы, Нигеры уацмысты бынæттон колорит æвдыст кæй цæуы бæлвырд æмæ растæй. Уый дæр у хицæнæй æрдзурыны аккаг. Фæлæ уал ууыл балхынцъ кæнæм нæ ныхас. Нигер цы стыр аивады фурды ленк кодта, уый сусæгдзинæдтæй йедзаг у, сæ рафæлгъауынæн бирæ рæстæг æмæ бирæ куырыхон лæгты зонд хъæуы.

Хъазиты Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.