Хуссар Ирыстон ис хорз æрдзон уавæры. Цæгатæрдыгæй хæхтæ нæ уадзынц тыхдым-гæты, уазæлтты, уымæ гæсгæ йæ климатон уавæр у хорз, нæдæр тынг уазал, нæдæр – тынг тæвд, ис дзы алыгъуызон хæхтæ, алпинон угæрдæнтæ, кæцыты ис бирæ алыгъуызон кæрдæджытæ, кæцытæй пайда кæнынц медицинæйы, ис нæм алыгъуызон хъæды къохтæ цæрæгойтимæ. Нæ хæхтæ сты тынг хъæздыг алыгъуызон згъæртæй, арæзтадон æрмæджытæй, алыгъуызон суæрттæй. Хуссар Ирыстонмæ æндæр бæстæй цы туристтæ æрцæуынц, уыдон нын нæ бæстæйы схонынц дыккаг Швейцари. Мæн æрхæссын фæнды иу цæвиттон уый тыххæй. Цхинвалы районы Дæллаг гореттаг чызг Хацырты Фатимæ цæры Цæгат Ирыстон-Аланийы, кусы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй æмæ уый уым сæмбæлд швецайраг туристыл æмæ йæ æркодта ардæм, Хуссар Ирыстонмæ, уый уыд сентябры мæйы 2017 азы. Уый йын фенын кодта Медзыдагомы цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдон: мæсгуытæ, дзуæрттæ, æгæрыстæмæй йæ скодта дæл-лаг Бихъары сæрмæ, хохыл, хъæды æхсæн цы Усанеты дзуар ис, уырдæм, сæ хъæуы сæрмæ цы дзуæрттæ ис, уыдон дæр ын фенын кодта. Хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны алы къуымты нæ азылд, рæстæг ын цъус кæй уыд , уый тыххæй. Уый нын нæ бæстæ схуыдта дыккаг Швейцари æмæ бадис, кодта, турбазатæ кæй нæй махмæ ууыл.  Загъта, зæгъгæ, Швейцарийы иууыл фылдæр пайда у туризм. Мæ размæ дæр Дзимырыл  йæ рæсугъд кæмттыл, йæ æрдзон уавæрыл, йæ уазæгуарзаг адæмыл бирæтæ фæфыстой. Плиты Илья уым куыста ахуыргæнæгæй, æмæ-иу афтæ дзырдта: «Диссаг у сæ уæздан ахаст се ‘гъдау, се ‘фсармдзинадæн та æмбал нæ уыд. Дзимыры сахуыр дæн иронау дзурын. Афтæ сыгъдæг дзырдтой бынæттон адæм». Дзи-мыргом цы зæхх ахсы, уымæн йæ дæргъ у 25 километрæй фылдæр, йæ уæрх – 10 километры. Цардысты дзы ахæм мыггæгтæ, куыд: Бедойтӕ, Беритӕ, Бытъӕртӕ, То-гойтӕ, Гуырцъытӕ, Хетъетӕ, Цгъойтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Дзимыры ис суар, кӕцы хаст у сырх чиныгмӕ. Йӕ хорзы кой чындӕуы 1830 азты  уырыссагау фыст уацы, куыд мын загътой, уымӕ гӕсгӕ йӕ суткӕйы æфтиаг у 180 000 литры. Дзимырмӕ суар нуазынмӕ цыдысты Гуырдзыстонӕй бирӕ рӕттӕй, Тбилисӕй ранымайгӕйӕ. Дзимыры адӕм уазӕгуарзаг уыдысты, сӕхи никуы никӕуыл атигъ кодтой. Дзимыргом дӕр  Чеселтгомы адӕмау, 1830 азы Мачабелийы ӕлдӕртты ӕвзагӕй Уырысы паддзахы ӕфсадӕй тынг ӕфхӕрд баййӕфтой. Мӕн фӕнды радзурын мӕ дыууӕ балцы тыххӕй Дзимырмӕ, суар нуазынмӕ. Иу хатт мӕ ахсӕн срыст ӕмӕ мӕ мӕ фыды фыд Дудайты Гри акодта Дзимырмӕ, уый уыд сӕрды мӕйты, вæццæгæн 1960 азы. Ацыдыстӕм бӕхтыл Ардисы хӕхтыл. Æхсӕвиуат кӕнынмӕ бацыдыстӕм Сабаргълеты хъӕумӕ, Дудайты Генойы хӕрӕфырт Гуылӕрты Сикъотӕм. Уый  нӕ хорз суазӕг кодта, ӕгӕрстӕмӕй ма нын ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ йӕ чызг нӕ къӕхтӕ дӕр ныхсадта. Дыккаг бон, сӕумӕ-райсомӕй араст стӕм Дзимырмӕ, Дӕллаг Баджимӕ суар нуазынмӕ. Мӕ фыды фыд Гри хорз зыдта Дзимыры адӕмы уазӕг уарзондзинад ӕмӕ бацыдыстӕм махӕн ӕнӕзонгӕ хӕдзармӕ Дзебысаты Садултӕм. Уыдон нын йӕ цардӕмбалимӕ ӕнӕхъӕн къуыри стыр лӕггад фӕкодтой. Зӕгъын хъӕуы уый дӕр ӕмӕ сӕм мах нӕхӕдӕг ницы бахастам, нӕдӕр сын ӕхца радтам. Мах сӕ лӕггады тыххӕй стыр райгондӕй баззадыстӕм, бирӕ сын фӕарфӕтӕ кодтам уый тыххӕй. Уыцы суары фæстæ мӕ ахсӕн фӕхуыздӕр, фӕлӕ та дыккаг цыд дӕр акодтон Дудайты Ефим ӕмӕ Дудайты Романимӕ. Уыдон фыццаг хатт цыдысты ардӕм. Уый дӕр уыд сӕрды мӕйтӕй иуы 1961 азы. Ахызтыстӕм Ардисы ӕфцӕгыл, фæлæ ӕз нал базыдтон Дзимырмæ ныххизӕн, иу ран дзы уыд ныххизӕн, къахыр ӕмӕ уым мигъ ныббадт. Аивӕрзтыстӕм  Хъелы цады  ‘рдӕм ӕмӕ нӕ фыййӕуттӕ, кӕцытӕ фос хызтой уым, рахизын  кодтой суар цы ран уыд, уыцырдæм, Баджинмæ. Бынæттон цæрджытæй дзы ничиуал уыд æмæ уымæ гæсгæ нæхи палаткæйы цардыстæм, хæлц дæр нæхимæ уыд. Фыццаг хатт куы уыдтæн, уæд федтон ахæм цау: бынæттон цæрджыты фос-иу суадæттыл рахызтысты æмæ-иу суар фæнуæзтой, фæривæд-иу кодтой æмæ-иу стæй хизæндæттæм ацыдысты. Дыккаг цыдæн ахæм ныв нал федтон. Дзимыргомæй бирæ хорз адæм рацыд, куыд  Тогошвили-Тогойты Георги. Уый уыд историон зонæдты доктор, профессор, ирон историйыл зæрдиагæй чи бакуыста, уый. Советон Цæдисы паддзахадон премийы лауреат, Уæрæсейы паддзахадон премийы лауреат, техникон зонæдты кандидат Хетъеты Миша. Физикон-математикæйы зонæдты кандидат Дзебысаты Хаджумар æмæ æндæртæ. Дзимыры адæмæй бирæ фæцыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ, равдыстой стыр хъæбатырдзинад, бирæтæ дзы хæстæй нал æрцыдысты сæ уæзæгмæ. Куыд мын радзырдтой ацæргæ адæм, уымæ гæсгæ Дзимыры адæмы алыгъды хъуыддаг уыд афтæ: Н.С. Хрущев Советон Цæдисы сæргъ куы слæууыд, уæд хъæууон адæмæн бирæ фос дарыны бар нæ лæвæрдтой. Дзимыры раздæр сæрдæрæй куыста Цгъойты Иликъо æмæ уый бар лæвæрдта бирæ фос  дарынæн. Гуырдзыйы хицауиуæггæнджытæ бавдæлдысты, æмæ Н. С. Хрущевы бардзырдæй  спайда кодтой æмæ  Цгъойты Иликъойы систой йæ бынатæй. Сæрдарæй барвыстой гуырдзиаг лæджы сæрмагонд хæсимæ, цæмæй Дзимыры адæмæн фосдарыны бар  мауал радта, фæлидзой сæ бынæттæй æмæ федзæрæг уа Дзимыргом. Практикон æгъдауæй афтæ дæр рауад, фæлыгъдысты Дзимыры адæм сæ цæрæн бынæттæй, фылдæр хай – Цæгат Ирыстонмæ, иннæтæ – Гуырдзыстоны алы къуымтæм, бирæтæ дзы  сгуырдзы сты.

Дзимыргом у хъæздыг бынат, ис дзы санаторитæ, турбазæтæ аразæн. Бирæ дзы ис историон цыртдзæвæнтæ: мæсгуытæ, дзуæрттæ æмæ æндæр цыртдзæвæнтæ. Зæгъæн ис уый дæр, æмæ йæ хæхты кæй уыдзæн алыгъуызон згъæртæ, уый тыххæй сæ иртасыны тыххæй хъæуы геологон сгарæн куыстытæ бакæнын.

Дудайты Виктор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.