Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Президент Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта Хуссар Ирыстоны ветеринарон службæйы фарстаты фæдыл, афтæ ма Уæрæсейы Федерацимæ æрвыстцæуæг  дзидзайы продукцийы гъæдыл куыд контроль цæуы, уый фæдыл.

Æмбырды куысты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев, йæ хæдивæг Гуыцмæзты Маирбег, Санитарон æмæ фитосанитарон хъусдарды паддзахадон службæ «Югоссельхознадзор»-ы къухдариуæггæнæг Мæргъиты Алан æмæ Хуссар Ирыстонмæ официалон балцы æрцæуæг «Россельхознадзор»-ы специалисттæ: ФГБУ «Гъæды стандартизацийы паддзахадон центр æмæ цæрæгойтæн хосгæнæн фæрæзты æмæ холлæгтыл стандартизацийы центры» директоры уынаффæгæнæг Александр Ступанченко æмæ «Россельхозна-дзор»-ы управленийы хистæры хæдивæг Мерген Излеутов.

Банысангонд проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл уæрæсейаг коллегæтæ фехъусын кодтой сæ фадæттæ æмæ варианттæ. Сæрмагондæй, Александр Ступанченко банысан кодта организацион-барадон мидис кæмæн ис, цалдæр ахæм фарсты аскъуыддзаг кæныны æнæмæнгхъæуындзинад, сæрмагондæй та æрмæст ветеринарон хъусдарды нæ, фæлæ ма фитосанитарон, карантинон хъусдарды фарстатæ.

Специалисттæ-ветеринартæ лæмбынæгдæрæй æрдзырдтой «Растдон»-ы куыстуаты куысты фарстатыл. Мерген Излеутов куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы æмæ Евразиаг экономикон цæдисы цы нормативон базтæй пайда кæнынц ветеринарийы, уыдон æххæст кæнынц заводы.

«Мах ныффыстам цалдæр рекомендацийы ацы заводы сифтонг кæныны фæдыл. Фарстатæ ис, ацы куыстуатмæ цы хомыс ласт цæуы, уый фæдыл дæр», – загъта уый.

Бибылты Анатоли хæслæвæрдтæ радта æмбæлон ведомствоты къухдариуæггæнджытæн уыцы фарстатæ цас гæнæн ис, афтæ цыбыр æмгъуыдмæ аскъуыдзаг кæныны тыххæй, цæмæй уæрæсейаг коллегæты ныфс уа хæрзгъæд продукцийы рауагъдæй.

«Куыстуат арæзт æрцыд фермерон æмæ хисæрмагонд хæдзарадтæн æххуысæн, цæмæй уыдонæн сæ бон уа сæ фос ауæй кæнын. Мах æппæт дæр саразын хъæуы, цæмæй сом нæ коллегæтæн сæ бон зæгъын уа, мах бæрзонд æмвæзадыл кæй стæм æмæ «Растдон»-ы продукци дызæрдыггаг кæй нæу, уый æппæт стандарттæн дæр дзуапп кæй дæтты æмæ йæ бон у уæрæсейаг базармæ йæ æрвитой», – загъта Президент.

Уый ма сын бахæс кодта, цæмæй «Россельхознаддзор»-ы къухдариуæгады номыл фыстæг бацæттæ кæной, хуссарирыстойнаг ветеринартæ-специалисттæн сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынæн баххуыс кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.