Æртæ мæйы бæрц Украинæйы зæххыл уагъд цæуы сæрмагонд æфсæддон операци, цæмæй бынæттон, хуымæтæг цæрджыты ссæрибар кæной фашистон режимæй. Сæрмагонд операцийы райдианæй нырмæ хайад исынц хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ дæр, куыд æфсæддонтæ, афтæ барвæндонæй чи фæцыдис, ахæм лæппутæ дæр. Хæст хæст у æмæ кæддæриддæр фæдомы æххуыс. Нæ республикæйы дæр тынг тыхсынц ацы уавæры тыххæй.

Ахæм хæдзар, ахæм бинонтæ нæй нæ бæстæйы, уæлæнгай ахаст чи дары сæрмагонд операцимæ, уымæн æмæ фашистты ныхмæ тохы хайад исынц се ‘ввахс адæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæллынц уæлахизмæ, йæ кæронмæ. Уымæ гæсгæ ацы цалдæр мæйы æрбамбырд сты активисттæ æмæ архайынц барвæндонæй, цæмæй Украинæмæ нæ хæстон лæппутæн арвитой гуманитарон æххуыс Хуссар Ирыстонæй дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, амалиуæггæнджытæ дæр, æмæ хуымæтæг адæм дæр куыд сæ бон у, афтæ се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынц æмæ сæ радтынц æххуыс æмбырдгæнæн пунктмæ.

Гуманитарон æххуыс æрæджы арвыстой Дзауы районæй дæр. Ацы хæрзиуæгон хъуыддагыл бацархайдтой Дзауы администрацийы Джиоты Андрейы сæргълæудæй. Кусджытæ æнæзивæгæй атымбыл кодтой æхцайы фæрæзтæ, фыццаг рады чи хъæуы, ахæм хæлцадон продукттæ æмæ медикаменттæ балхæдтой æмæ сæ радтой æрвитæн пунктмæ æмæ рæхджы фæхæццæ уыдзысты бынатмæ. Гуманитарон æххуыс уал бакодтой Дзауы районы администрацийы, афтæ ма хъæуты админис-трациты кусджытæ æмæ районы æппæт скъолаты ахуыргæнджытæ дæр.

Дзауы районы администрацийы пресс-службæ нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй гуманитарон æххуыс æртымбыл кæныны хъуыддаг дарддæр дæр цæудзæнис. Уый тыххæй сидынц районы æппæт цæрджытæм дæр, цæмæй балæууой сæ фарсмæ æмæ йæ бон кæмæн куыд у, афтæ баххуыс кæнæм не  ‘фсæддонтæн.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.